‏ 1 Timothy 6

Цагъартӕ ӕмӕ хицӕуттӕ

1Цагъайрады ӕфсондзы бын чи ис, уыцы цагъартӕ хъуамӕ алы ӕгъдауӕй дӕр нымайой сӕ хицӕутты, Хуыцауы номмӕ ӕмӕ нӕ ахуырадмӕ фау ӕрхӕссӕн куыд нӕ уа, афтӕ. a 2Уырнӕг хицӕуттӕ кӕмӕн ис, уыдон сӕм ницыйы цӕстӕй ма кӕсӕнт, се’фсымӕртӕ кӕй сты, уый тыххӕй. Уый нӕ, фӕлӕ сын хъуамӕ кусой ноджы ӕнувыддӕрӕй, уымӕн ӕмӕ, кӕмӕн лӕггад кӕнынц, уыдон уырнджытӕ ӕмӕ уарзон ӕфсымӕртӕ сты.

Мӕнгахуырад

Ууыл ахуыр кӕнын ӕмӕ уыцы зондыл аразын ӕмбӕлы уырнджыты, гъе!
3Ӕндӕр ахуырад чи амоны, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы раст ныхӕстыл ӕмӕ ӕцӕг уырнындзинадӕй рацӕугӕ ахуырадыл чи нӕ хӕцы, b 4уый йӕхицӕй хъал у, афтӕмӕй та ницы зоны, ӕнӕхъуаджы дзӕнгӕда ӕмӕ быцӕу ныхас кӕныны низ ыл бахӕцыд. Ахӕм быцӕутӕ расайынц хӕлӕг, хъаугъатӕ, фыдгой, гуырысхойы ӕфтауӕг хъуыдытӕ, 5ӕнӕбанцайгӕ хъӕлӕбатӕ. Ӕмхиц сӕм чи у, уыдонӕн сӕ зонд ныззыгъуыммӕ ис, ныууагътой ӕцӕгад, сты ахӕм хъуыдыйыл хӕст, цыма уырнындзинад ӕфтиаг райсынӕн у. [Ахӕмтӕм ӕмгӕрон ма цу.]

Ӕцӕг хӕзна

6Уырнындзинад хъӕздыг кӕны, цы йӕм ис, уый фагыл чи нымайы, уыцы адӕймаджы. 7Уымӕн ӕмӕ мах дунемӕ ницы ӕрхастам, ӕмӕ дзы нӕ бон ницы ахӕссын бауыдзӕн. 8Фӕлӕ нын хойраг ӕмӕ дарӕс куы уа, уӕд уый фагыл хъуамӕ нымайӕм.

9Бирӕ мулкмӕ чи бӕллы, уыдон та бахауынц къӕппӕджы, фӕлварӕнты, ӕмӕ фӕвӕййынц, бӕллӕх ӕмӕ бынсӕфтмӕ чи ӕркӕны, бирӕ ахӕм ӕнӕзонд ӕмӕ фыдбылызы мондӕгты амӕттаг. c 10Уымӕн ӕмӕ ӕппӕт фыдбылызтӕн сӕ уидаг у ӕхцамӕ бӕллын. Ӕхцамӕ бӕлгӕйӕ, иуӕй-иутӕ фӕхауӕггаг сты уырнындзинады фӕндагӕй ӕмӕ сӕхиуыл хъизӕмӕрттӕ бафтыдтой.

Монон хӕст фыддзинады тыхтимӕ

11Ды та, Хуыцауы сконд адӕймаг, дӕхи бахиз ӕппӕт уыдӕттӕй. Тырн рӕстадмӕ, Хуыцауӕн фӕндиаг цардмӕ, уырнынадмӕ, уарзтмӕ, фӕразон ӕмӕ сӕрныллӕг уӕвынмӕ. 12Ӕнувыдӕй тох кӕн уырнындзинадыл, фидар хӕц мыггагмӕйы цардыл. Уыцы цардмӕ дӕ ӕрхуындӕуыд, ӕмӕ йӕ сӕраппонд дӕ уырнындзинады тыххӕй ӕргомӕй загътай бирӕ ӕвдисӕнты раз. 13Алкӕмӕн дӕр цард Чи дӕтты, уыцы Хуыцауы раз, стӕй Понтий Пилатӕн ӕцӕгады тыххӕй ӕргомӕй Чи загъта, уыцы Йесо Чырыстийы раз дын фӕдзӕхсын: d 14ӕппӕт амындтытӕ ӕнувыдӕй ӕмӕ ӕнӕфауӕй ӕххӕст кӕн суанг нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы ӕрцыдмӕ. 15Уыцы ӕрцыд уыдзӕн йӕ рӕстӕджы, тӕхудиаг ӕмӕ иунӕг Дунедарӕджы, паддзӕхты Паддзахы ӕмӕ бардарджыты Бардарӕджы фӕндонмӕ гӕсгӕ. e 16Уый у, бацӕуӕн кӕдӕм нӕй, ахӕм рухсы Чи цӕры, адӕмӕй Кӕй ничи федта ӕмӕ фенӕн Кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцау. Ӕнӕмӕлгӕ ӕрмӕст Уый у. Йӕ кад ӕмӕ Йӕ паддзахад — ӕнустӕм! Аммен. f

17Ацы царды бонджын чи у, уыдонӕн бацамон, цӕмӕй сӕхиуыл ма фервӕссой ӕмӕ ныфсджын уой, зӕрдӕ дарӕн цы мулкыл нӕй, уымӕй нӕ, фӕлӕ нын зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн алцыдӕр парахатӕй Чи дӕтты, уыцы Хуыцауӕй. g 18Уыдон аразӕнт хорз хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ уыцы хорз хъуыддӕгтӕ уӕнт сӕ хъӕздыгдзинад; уадз ӕмӕ уой рӕдау ӕмӕ зӕрдӕхӕлар; 19ӕмбырд кӕной, фидӕнӕн ӕнӕфӕцудгӕ бындур чи у, уыцы хӕзна, цӕмӕй райсой ӕцӕг цард. h

20О Тимофей, цы дын бабар чындӕуыд, уый бахъахъхъӕн. Ӕнӕгъдау дзӕгъӕлдзырдӕй ӕмӕ ӕнӕзонд быцӕутӕй дӕхи хиз. i

21Иуӕй-иутӕ дзурынц, цыма сӕм ис уыцы «зонынад», афтӕмӕй та уырнындзинады фӕндагӕй адзӕгъӕл сты.

Хуыцауы хорзӕх уӕ уӕд! Аммен.
Copyright information for OssIBT2022