‏ 2 Chronicles 1

Соломон Хуыцауӕй куры куырыхон зонд

1Давиды фырт Соломон ӕрфидар ис йӕ паддзахады. Дунедарӕг ыл аудыдта, бирӕ хъомыс ын радта.

2Соломон ӕгас Израилмӕ фӕсидти: миныхицӕуттӕ ӕмӕ сӕдӕйыхицӕуттӕм, тӕрхонгӕнджытӕ ӕмӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕм. 3Ӕмӕ ӕппӕт ӕмбырдимӕ ацыди Гивонмӕ, кувӕн къуыбырмӕ. Уым уыди Хуыцауы Уаз Цӕрӕн, Дунедарӕджы цагъар Моисей ӕдзӕрӕг быдыры кӕй саразын кодта, уый. 4Хуыцауы Фидыды Чырын йӕ заманы Давид Кирйат-Иаримӕй ӕрбахаста, Йерусалимы йын цы бынат скодта, уырдӕм. 5Фӕлӕ ӕрхуы нывондхӕссӕн, Урийы фырт, Хуры фырты фырт Бецалел кӕй сарӕзта, уый, лӕууыди Дунедарӕджы Цатыры раз. Соломон ӕмӕ, цы адӕм ӕрӕмбырд ис, уыдон иууылдӕр Дунедарӕгӕн бакуывтой. 6Соломон, Фембӕлды Цатыры раз цы ӕрхуы нывондхӕссӕн лӕууыд, уымӕ ссыди ӕмӕ уым, Дунедарӕджы раз, ӕрхаста мин иууылсудзинаг нывонды.

7Уыцы ӕхсӕв Хуыцау Соломонмӕ раргом ис ӕмӕ йын загъта: «Дӕ зӕрдӕ цыдӕриддӕр зӕгъы, уый Мӕ ракур».

8Соломон загъта: «Ды Де стыр хорзӕхты аккаг скодтай мӕ фыд Давиды ӕмӕ йын йӕ паддзахы бадӕны йӕ фӕстӕ мӕн ӕрбадын кодтай. 9Гъемӕ уӕдӕ, о Дунедарӕг Хуыцау, мӕ фыд Давидӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдтай, уый сӕххӕст уӕд. Зӕххы рыгау банымайӕн дӕр кӕмӕн нӕй, уыцы адӕмы сӕргъы мӕ сӕвӕрдтай паддзахӕй, 10ӕмӕ Дӕ курын, куырыхон зонд ӕмӕ мын зонындзинӕдтӕ ратт, цӕмӕй ацы адӕмӕн разамынд дӕттынмӕ сарӕхсон. Науӕд кӕй бон суыдзӕн Дӕ бирӕ адӕмӕн хицауиуӕг кӕнын?»

11Хуыцау Соломонӕн загъта: «Дӕ зӕрдӕйы фӕндон ахӕм кӕй уыди, дӕхицӕн Мӕ хъӕздыгдзинад, алы хӕзнатӕ, дӕ фыдгулты мӕлӕт ӕмӕ бирӕ цӕрӕнбон кӕй нӕ ракуырдтай, ӕрмӕстдӕр Мӕ куырыхон зонд ӕмӕ зонындзинӕдтӕ кӕй куырдтай, цӕмӕй, паддзахӕй дӕ кӕмӕн сӕвӕрдтон, Мӕ уыцы адӕмӕн уаг ӕвӕрын фӕразай, 12уый тыххӕй дын куырыхон зонд ӕмӕ зонындзинӕдтӕ лӕвӕрд уыдзысты. Мулк, хӕзнатӕ ӕмӕ кад та дын ахӕмтӕ ратдзынӕн, ӕмӕ дӕ размӕ дӕр, стӕй дӕ фӕстӕ дӕр иу паддзахмӕ дӕр уый бӕрц никуы уыди».

13Соломон Гивоны куывддонӕй, Фембӕлды Цатыры цурӕй, Йерусалиммӕ ӕрыздӕхт ӕмӕ Израилӕн паддзахиуӕг кӕнын райдыдта. 14Уыдис ӕм бирӕ хӕцӕн уӕрдӕттӕ ӕмӕ бӕхтӕ. Иу мин цыппар сӕдӕ йӕм уыди хӕцӕн уӕрдӕттӕ, дыууадӕс мины та — бӕхтӕ. Дардта сӕ, хӕцӕн уӕрдӕтты ӕфтауцуатӕн кӕй сарӕзта, уыцы сахарты, сӕ иу хай та сын ныууагъта Йерусалимы. 15Йӕ заманы ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин Йерусалимы сарӕх сты хуымӕтӕг дуртау, кедртӕ та — хохрӕбын цы сикомортӕ зайы, уыдонау.

16Соломонӕн бӕхтӕ ластой Мысырӕй, стӕй Кувӕйӕ дӕр. Уым сӕ асламдӕрӕй ӕлхӕдтой паддзахы сӕудӕджертӕ. 17Тохуӕрдӕттӕ дӕр ластой Мысырӕй. Иу уӕрдонӕн йӕ аргъ уыди ӕвзисты ӕхсӕзсӕдӕ шекелы, иу бӕхӕн та — сӕдӕ фӕндзай шекелы. Соломоны сӕудӕджертӕ-иу дзы уый фӕстӕ хеттаг ӕмӕ сириаг паддзӕхтӕн дӕр ауӕй кодтой.
Copyright information for OssIBT2022