2 Chronicles 11
1Роховам Йерусалиммӕ куы’рбахӕццӕ ис, уӕд Иудӕ ӕмӕ Бениамины хӕдзарвӕндӕгтӕй ӕрӕмбырд кодта сӕдӕ ӕстай мин ӕвзаргӕ хӕстоны, цӕмӕй Израилы ныхмӕ схӕцой ӕмӕ Роховамӕн йӕ паддзахад фӕстӕмӕ йӕ къухы бакӕной. 2Дунедарӕг Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Шемайайӕн загъта: 3«Соломоны фырт Роховамӕн, Иудейы паддзахӕн, стӕй, Иудӕ ӕмӕ Бениамины зӕххытыл чи цӕры, уыцы израилӕгтӕн се’ппӕтӕн дӕр зӕгъ: 4„Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: уе’фсымӕрты ныхмӕ ма схӕцут! Алчидӕр уӕ йӕ хӕдзармӕ аздӕхӕд, уымӕн ӕмӕ алцыдӕр ӕрцыд Мӕ фӕндонӕй!“» Адӕм Дунедарӕджы ныхасмӕ байхъуыстой ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхтысты, Йоровамы ныхмӕ нал схӕцыдысты. 5Паддзах Роховам царди Йерусалимы. Иудейы сахарты алыварс сарӕзта бырутӕ. 6Уый рацарӕзта Вифлеем, Етам, Текоа, 7Бет-Цур, Сохо, Адуллам, 8Гат, Мареша, Зиф, 9Адораим, Лахиш, Азека, 10Цора, Айалон ӕмӕ Хеврон. Ацы сахартӕ уыдысты Иудӕ ӕмӕ Бениамины зӕххытыл. 11Сахартӕ бырутӕй куы сӕхгӕдта, уӕд сын хицӕуттӕ сӕвӕрдта. Алы сахары дӕр сарӕзта ӕфтауцуӕттӕ: хойраг, сой ӕмӕ сӕнӕн. 12Алы сахар дӕр сифтонг кодта уартытӕ ӕмӕ ӕрцытӕй, хорз сӕ сфидар кодта. Афтӕмӕй Иудӕ ӕмӕ Бениамины зӕххытӕ баззадысты йӕ дӕлбар. 13Израилы зӕххыл сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕй чидӕриддӕр уыди, уыдон алы рӕттӕй Роховаммӕ ӕрӕмбырд сты. 14Левиттӕ ныууагътой сӕ фосы хизӕнуӕттӕ, сӕ исбон ӕмӕ ӕрцыдысты Иудеймӕ, Йерусалиммӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ Йоровам ӕмӕ йӕ фырттӕ Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнын нал уагътой. 15Роховам йӕхицӕн саужынтӕ равзӕрста, цӕмӕй кувӕн къуыбыртыл лӕггад кӕной, табу кӕной цӕутӕ ӕмӕ уӕнгуыты гуымирытӕн — йӕхӕдӕг кӕй саразын кодта, уыдонӕн. 16Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕй уӕлдай Израилы хӕдзарвӕндӕгты’хсӕн Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн, зӕрдиагӕй лӕггад кӕнын чи сфӕнд кодта, уыдон дӕр Йерусалиммӕ цыдысты ӕмӕ уым Дунедарӕгӕн, сӕ фыдӕлты Хуыцауӕн, хастой нывӕндтӕ. 17Уыдон стыр ахъаз фесты Иудейы паддзахад сфидар кӕнынӕн. Сӕ фӕрцы Соломоны фырт Роховам ӕртӕ азы паддзахиуӕг кодта, уымӕн ӕмӕ уыцы ӕртӕ азы дӕргъы адӕм цыдысты Давид ӕмӕ Соломоны фӕндагыл. 18Роховам ракуырдта Махалаты. Йӕ фыд — Давиды фырт Йеримот, йӕ мад та — Йессейы фырт Елиавы чызг Авихаил. 19Ӕмӕ йын уый ныййардта фырттӕ: Йеуш, Шемариа ӕмӕ Загамы. 20Уый фӕстӕ Роховам ракуырдта Авессаломы чызг Маахайы, ӕмӕ йын уый ныййардта Авийа, Аттай, Зиза ӕмӕ Шеломиты. 21Роховамӕн ӕдӕппӕтӕй уыдис ӕстдӕс усы ӕмӕ ӕхсай номылусы, ӕмӕ йын уыдонӕй райгуырди дыууын аст фырты ӕмӕ ӕхсай чызджы. Фӕлӕ йӕ устытӕй Авессаломы чызг Маахайы бӕрц никӕй уарзта. 22Ӕмӕ Роховам Маахайы лӕппу Авийайы йӕ иннӕ фырттӕн скодта хицау, йӕ фӕстӕ йӕ паддзахы бынат уымӕн куыд баззайа, афтӕ. 23Паддзах Роховам зондджын ми бакодта: йӕ фыртты се’ппӕты дӕр арвыста Иудӕ ӕмӕ Бениамины зӕххыты алы рӕттӕм, бырутӕй ӕхгӕд сахартӕм. Алкӕмӕн дӕр дзы парахатӕй радта фӕсауӕрц ӕмӕ сын бирӕ устытӕ ӕрхаста.
Copyright information for
OssIBT2022