2 Chronicles 12
Мысыры паддзах Шишак ӕрбабырста Иудеймӕ
1Роховам хъомысджын паддзах куы сси ӕмӕ йӕ паддзахы бадӕны куы’рфидар ис, уӕд Дунедарӕджы Ӕгъдауыл йӕ зӕрдӕ сивта, ӕмӕ йемӕ ӕппӕт Израил дӕр. 2Роховамӕн йӕ паддзахдзинады фӕндзӕм аз Мысыры паддзах Шишак ӕрбабырста Йерусалиммӕ, уымӕн ӕмӕ израилӕгтӕ Дунедарӕгыл иузӕрдион нал уыдысты. 3Шишакы ӕфсады уыдис иу мин ӕмӕ дыууӕсӕдӕ хӕцӕн уӕрдоны ӕмӕ ӕртиссӕдз мин бӕхджыны, ноджы ма ӕнӕнымӕц адӕм Мысырӕй, Ливи, Сукки ӕмӕ Кушӕй. 4Уый бацахста Иудейы фидӕрттӕ ӕмӕ ӕрбахӕццӕ ис Йерусалиммӕ. 5Уӕд пехуымпар Шемайа бацыди Роховаммӕ ӕмӕ Иудейы уӕздӕттӕм, Шишакы тӕссӕй Йерусалимы чи ӕрӕмбырд ис, уыдонмӕ, ӕмӕ сын загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: „Сымах Мӕ ныууагътат, ӕмӕ уӕ Ӕз дӕр ныууадздзынӕн, Шишакы къухтӕм уӕ ратдзынӕн“». 6Уӕд Израилы уӕздӕттӕ ӕмӕ паддзах сӕрныллӕгӕй загътой: «Раст у Дунедарӕг!» 7Дунедарӕг, фӕсмон сӕм ӕрцыди, уый куы федта, уӕд пехуымпар Шемайайӕн загъта: «Кӕд сӕ азымыл басастысты, уӕд сӕ нал ныццӕгъддзынӕн, рӕхджы сӕ фервӕзын кӕндзынӕн. Йерусалимыл Мӕ маст нӕ ныккалдзынӕн, Шишакы амӕттаг ӕй нӕ бакӕндзынӕн. 8Фӕлӕ йӕ дӕлбар уыдзысты, цӕмӕй зоной: Мӕнӕн ӕви ӕндӕр адӕмты паддзӕхтӕн лӕггад кӕнын хуыздӕр у». 9Мысыры паддзах Шишак Йерусалиммӕ ӕрбацыд ӕмӕ, Дунедарӕджы Кувӕндон ӕмӕ паддзахы галуаны хӕзнадӕтты цыдӕриддӕр уыди, уыдон рахаста. Соломон цы сыгъзӕрин уартытӕ скодта, уыдон дӕр райста. 10Паддзах Роховам сын сӕ бӕсты сарӕзта ӕрхуы уартытӕ ӕмӕ сӕ, паддзахы галуанмӕ бацӕуӕны цы хъахъхъӕнджытӕ лӕууыд, уыдонмӕ радта. 11Ӕмӕ-иу паддзах Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ куы фӕцӕйцыди, уӕд-иу йӕ хъахъхъӕнджытӕ уыцы уартытимӕ йемӕ рацыдысты, стӕй-иу сӕ фӕстӕмӕ хъахъхъӕнджыты уатмӕ бахастой. 12Роховам йӕ азымыл куы басаст, уӕд дзы Дунедарӕг аздӕхта Йӕ маст ӕмӕ йӕ нал бабын кодта. Стӕй Иудейы хорзӕй дӕр исты уыди. 13Роховам йӕ паддзахы бадӕны ӕрфидар ис ӕмӕ дарддӕр паддзахиуӕг кодта Йерусалимы. Паддзах куы сси, уӕд ыл цыдис иу ӕмӕ дыууиссӕдз азы. Дунедарӕг Израилы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгты’хсӕн Йӕ номыл кӕй равзӕрста, уыцы сахар Йерусалимы Роховам паддзахиуӕг фӕкодта ӕвддӕс азы. Йӕ мад Наама уыдис аммонаг чызг. 14Паддзах Роховам ӕвзӕр митӕ кодта, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы фӕндон ӕххӕст кӕныныл нӕ архайдта. 15Роховамы хъуыддӕгтӕ райдианӕй кӕронмӕ фыст ӕрцыдысты пехуымпар Шемайа ӕмӕ зонынджын Иддойы азфыстыты, йӕ хӕдзарвӕндаджы хабӕртты чиныджы. Цӕрӕнбонты Роховам хӕцыди Йоровамимӕ. 16Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕл Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Авийа.
Copyright information for
OssIBT2022