‏ 2 Chronicles 15

1Хуыцауы Уд ӕртыхсти Одеды фырт Азариайыл, 2ӕмӕ уый Асайы размӕ рацыд ӕмӕ йын загъта: «Аса, стӕй Иудӕ ӕмӕ Бениамины адӕм, ӕрбайхъусут-ма уе’ппӕт дӕр! Дунедарӕг уыдзӕни уемӕ, цалынмӕ уӕхӕдӕг Йемӕ уат, уӕдмӕ. Куы Йӕ агурат, уӕд уӕм раргом уыдзӕн. Фӕлӕ Йӕ куы ныууадзат, уӕд уыл Уый дӕр Йӕхи атигъ кӕндзӕн. 3Израилы адӕмӕн бирӕ рӕстӕджы дӕргъы нӕдӕр ӕцӕг Хуыцау уыди, нӕдӕр сауджын-зондамонӕг, нӕдӕр Ӕгъдау. 4Фӕлӕ уынгӕджы сахат Дунедарӕгмӕ, Израилы Хуыцаумӕ, се’ргом куы раздӕхтой ӕмӕ Йӕ куы бацагуырдтой, уӕд сӕм Йӕхи раргом кодта. 5Уыцы заманты балцы цӕуын тӕссаг уыд, ӕппӕт бӕстӕты адӕмтӕ стыр тасы бацыдысты. 6Адӕмтӕ цагътой кӕрӕдзи, иу сахар иннӕйы ныхмӕ сыстади, сызнӕт сты, уымӕн ӕмӕ сыл Хуыцау алы фыдбылызтӕ ӕрцӕуын кодта. 7Фӕлӕ сымах фидар лӕуут ӕмӕ уӕ ныфс ма асӕттӕд, уымӕн ӕмӕ уӕ хъуыддӕгты ныхмӕ хӕрзиуӕг райсдзыстут».

8Аса ацы рагуац куы фехъуыста Азариайӕ, пехуымпар Одеды фыртӕй, уӕд фӕныфсджын ис ӕмӕ, Иудӕ ӕмӕ Бениамины байзӕддӕгты зӕххытыл, стӕй, Ефремы хӕхбӕсты цы сахартӕ бацахста, уыдоны мидӕг цыдӕриддӕр ӕлгъагӕй уыди, уыдон аппарын кодта. Дунедарӕджы Кувӕндоны тыргъы раз цы нывондхӕссӕн уыди, уый дӕр ногӕй рацарӕзта.

9Уый фӕстӕ ӕрӕмбырд кодта Иудӕ ӕмӕ Бениамины адӕмы, стӕй ма, сӕ зӕххытӕм сын Ефрем, Менассиа ӕмӕ Симеоны адӕмӕй чи ӕрбалыгъди, уыдоны. Израилы адӕмӕй йӕм бирӕтӕ ӕрбалыгъдысты, уымӕн ӕмӕ федтой, Дунедарӕг, йӕ Хуыцау, йемӕ кӕй ис, уый. 10Асайӕн йӕ паддзахиуӕджы фынддӕсӕм аз, ӕртыккаг мӕйы, иууылдӕр ӕрӕмбырд сты Йерусалимы. 11Уымӕй размӕ цы ӕфтиаг райстой, уымӕй семӕ ӕрбаластой авдсӕдӕ стуры ӕмӕ авд мин фысы ӕмӕ сӕ Дунедарӕгӕн нывондӕн ӕрхастой. 12Афтӕмӕй Дунедарӕгимӕ, сӕ фыдӕлты Хуыцауимӕ, фидыд сарӕзтой ӕмӕ дзырд радтой, сӕ уд, сӕ зӕрдӕ кӕй хъардзысты кад Ын кӕныныл, 13Дунедарӕгыл, Израилы Хуыцауыл, йӕхи чи атигъ кӕна, уый та-иу мӕлӕтмӕ кӕй ратдзысты, ӕрыгон уа ӕви зӕронд, нӕлгоймаг ӕви сылгоймаг, уый та уӕлдай нӕ уыдзӕн. 14Ӕмӕ хъӕрӕй расомы кодтой Дунедарӕджы раз, цинхъӕр самадтой, хӕтӕлтӕй Йын цагътой ӕмӕ сыкъауадындзтӕй уасыдысты. 15Иудейӕгтӕ иууылдӕр цин кодтой сӕ ардбахӕрдыл, уымӕн ӕмӕ сомы ракодтой зӕрдиагӕй. Ӕппӕт зӕрдӕйӕ Дунедарӕджы ӕрцагуырдтой, ӕмӕ сӕм Уый раргом ис. Дунедарӕг сӕ алырдыгӕй сӕдас кодта.

16Аса йӕ фыды мад Маахайӕн йӕ паддзахы кад айста, Ашерӕйы кадӕн цы ӕлгъаг цӕджындз саразын кодта, уый тыххӕй. Цӕджындз акъуырдта, ныззыгуым ӕй кодта ӕмӕ йӕ Кедроны дӕлвӕзы басыгъта. 17Кӕд Израилы зӕххыл кувӕн къуыбыртӕ нӕ аивта, уӕддӕр цӕрӕнбонты тынг ӕнувыд уыди Дунедарӕгыл. 18Уый бахаста Дунедарӕджы хӕдзармӕ, йӕ фыд ӕмӕ йӕхӕдӕг Дунедарӕгӕн кӕй снывонд кодтой, уыцы лӕвӕрттӕ: ӕвзист, сыгъзӕрин ӕмӕ алы дзауматӕ.

19Асайӕн йӕ паддзахиуӕджы ӕртын фӕндзӕм азмӕ бӕстӕйы хӕст нӕ уыди.
Copyright information for OssIBT2022