‏ 2 Chronicles 16

1Асайы паддзахиуӕджы ӕртын ӕхсӕзӕм аз Израилы паддзах Бааса Иудейы ныхмӕ хӕстмӕ рацыди. Рамайы сахарӕй фидар аразын райдыдта, цӕмӕй Иудейы паддзах Асайы зӕхмӕ бацӕуӕн дӕр мауал уа, уырдыгӕй та — ӕддӕмӕ рацӕуӕн. 2Уӕд Аса Дунедарӕджы Кувӕндон ӕмӕ йӕ галуаны хӕзнадӕттӕй райста ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин ӕмӕ сӕ Сирийы паддзах Бен-Хададӕн Дамаскмӕ арвыста. Бафӕдзӕхста йын афтӕ зӕгъын: 3«Мӕн фӕнды демӕ цӕдис скӕнын, нӕ фыдӕлты’хсӕн куыд уыдис, афтӕ. Лӕварӕн дын ӕрвитын ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин. Израилы паддзах Баасаимӕ дӕ цӕдис фехал, цӕмӕй мӕ арӕнтӕй йӕхи айса». 4Бен-Хадад сразы ис паддзах Асайы фӕндоныл, ӕмӕ Израилы сахарты ныхмӕ йе’фсады хицӕутты арвыста. Уыдон бацахстой Ийон, Дан ӕмӕ Авел-Маим, стӕй, Неффалимы хӕдзарвӕндаджы ӕфтауцуӕттӕ цы сахарты уыдысты, уыдон. 5Бааса уыцы хабар куы фехъуыста, уӕд Рамайы фидар аразыны куыст ныууагъта. 6Паддзах Аса ӕрӕмбырд кодта ӕппӕт иудейӕгты ӕмӕ, дурӕй, хъӕдӕй, Бааса фидар аразынӕн цыдӕриддӕр ӕрмӕг ӕрцӕттӕ кодта, уыдон Рамайы сахарӕй рахӕссын кодта, Гевӕ ӕмӕ Мицпайы фидӕрттӕ дзы сарӕзта.

7Уыцы заман зонынджын Ханани иудейаг паддзах Асамӕ ӕрбацыд ӕмӕ йын бауайдзӕф кодта: «Ды ныфсджын уыдтӕ Сирийы паддзахӕй. Дунедарӕгыл, дӕ Хуыцауыл, дӕ зӕрдӕ нӕ дардтай, ӕмӕ уый тыххӕй Сирийы паддзахы ӕфсад аирвӕзти дӕ къухӕй. 8Эфиопӕгтӕ ӕмӕ ливиӕгтӕ сӕ тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ сӕ бӕхӕфсадимӕ адонӕй бирӕ фылдӕр нӕ уыдысты, ӕви? Фӕлӕ дын сӕ Дунедарӕг дӕ къухмӕ радта, уымӕн ӕмӕ дӕ зӕрдӕ дардтай Ууыл.

9Дунедарӕджы цӕстытӕ ӕгас зӕххыл дӕр ӕххӕссынц, иузӕрдион Ыл чи у, уыдонӕн ӕххуыс кӕны. Фӕлӕ ды ацы хатт тынг ӕнӕрхъуыды ми бакодтай, ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕ зӕххыл ӕдзухдӕр уыдзӕни хӕст».

10Аса зонынджынмӕ смӕсты ис, фыр мӕстӕй ма йӕ ахӕстоны дӕр сбадын кодта. Уыцы заман адӕмӕй иуӕй-иуты дӕр ӕнӕхъуаджы карз бафхӕрдта.

11Асайы хъуыддӕгтӕ иууылдӕр, райдианӕй кӕронмӕ, фыст ӕрцыдысты «Иудей ӕмӕ Израилы паддзӕхты чиныджы». 12Йӕ паддзахиуӕджы ӕртын фарӕстӕм аз йӕ къӕхтӕ риссын байдыдтой, ӕмӕ фӕстагмӕ низ йе’ппӕт буарыл дӕр ахӕлиу. Ӕмӕ рынчынӕй дӕр ӕрцагуырдта Дунедарӕджы нӕ, фӕлӕ хосгӕнджыты.

13Аса амарди йӕ паддзахиуӕджы цыппор фыццӕгӕм аз ӕмӕ йӕ фыдӕлтимӕ баиу ис. 14Йӕхицӕн Давиды сахары цы зӕппадз ӕрцӕттӕ кодта, уым ӕй бавӕрдтой. Йӕ хуыссӕнуат ын алыхуызон хӕрздӕфгӕнӕнтӕй байдзаг кодтой. Йӕ ныгӕнӕн бон ын йӕ номыл басыгътой тынг бирӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ.
Copyright information for OssIBT2022