‏ 2 Chronicles 17

Паддзах Иосафат

1Асайы амӕлӕты фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Иосафат ӕмӕ Израилы ныхмӕ йӕ тыхтӕ ӕрӕмбырд кодта. 2Иудейы фидаргонд сахартӕм йе’фсӕдтӕ барвыста, стӕй ӕгас Иудейы зӕххыл ӕмӕ, йӕ фыд Аса Ефремы зӕххыл цы сахартӕ бацахста, уыдоны дӕр йе’фсӕдтон къордтӕ равӕрдта.

3Дунедарӕг аудыдта Иосафатыл, уымӕн ӕмӕ уый алцӕмӕй дӕр фӕзмыдта, йӕ фыдӕл Давид йӕ паддзахиуӕджы райдиан цы хъуыддӕгтӕ кодта, уыдон: Баалтӕн нӕ куывта, 4фӕлӕ ӕрцагуырдта йӕ фыдӕлты Хуыцауы ӕмӕ Йын ӕххӕст кодта Йӕ фӕдзӕхстытӕ. Израилӕгты хъуыддӕгтӕ нӕ фӕзмыдта. 5Ӕмӕ йын Дунедарӕг йӕ паддзахдзинад ӕрфидар кодта. Иудейӕгтӕ йын иууылдӕр хастой лӕвӕрттӕ, ӕмӕ Иосафат сси тынг хъӕздыг ӕмӕ номдзыд паддзах. 6Ӕппӕт зӕрдӕйӕ архайдта Дунедарӕджы фӕндон ӕххӕст кӕныныл. Иудейы зӕххыл мӕнгхуыцӕуттӕн арӕзт кувӕн къуыбыртӕ фехӕлдта ӕмӕ акалдта Ашерӕйы цӕджындзтӕ.

7Йӕ паддзахиуӕджы ӕртыккӕгӕм аз Иосафат йӕ барджынтӕ Бен-Хаил, Овади, Захариа, Нетанел ӕмӕ Михайы арвыста Иудейы алы сахартӕм, адӕмы ахуыр кӕнынмӕ. 8Семӕ сын левиттӕй арвыста Шемайа, Нетаниа, Зевадиа, Асаел, Шемирамот, Йонатан, Адониа, Товийа ӕмӕ Тов-Адониайы, ноджы ма сауджынты, Елишама ӕмӕ Йорамы. 9Уыдон семӕ ахастой Дунедарӕджы Ӕгъдауы чиныг, ӕппӕт иудейаг сахартыл ӕрзылдысты ӕмӕ адӕмы ахуыр кодтой.

10Иудейы алыварс цы паддзахӕдтӕ уыди, уыдоныл Дунедарӕджы раз тас бахӕцыд, ӕмӕ сӕ ныфс нӕ хастой Иосафаты ныхмӕ схӕцынмӕ. 11Филистимӕгтӕй чидӕртӕ Иосафатӕн хастой лӕвӕрттӕ, хъалоны охыл — ӕвзист. Араббӕгтӕ йын ӕрбатардтой лыстӕг фосы дзугтӕ: авд мин ӕмӕ авдсӕдӕ фыры, стӕй авд мин ӕмӕ авдсӕдӕ цӕуы.

12Иосафатӕн йӕ хъомыс фылдӕрӕй-фылдӕр кодта. Иудейы зӕххыл сарӕзта фидӕрттӕ, стӕй сахартӕ ӕфтауцуатӕн. 13Иудейы сахарты йын бирӕ мулк уыди, Йерусалимы та ӕрбынат кодтой йӕ хуыздӕр хӕстонтӕ. 14Мӕнӕ сӕ номхыгъд сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ. Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй — миныхицӕуттӕ: ӕфсады хицау Адна ӕмӕ йемӕ ӕртӕсӕдӕ мин ӕхсарджын хӕстоны; 15уый дӕлбар — ӕфсады хицау Йоханан ӕмӕ йемӕ дыууӕсӕдӕ ӕстай мин лӕджы; 16уый дӕлбар — ӕфсады хицау Амасиа, Зихрийы фырт, Дунедарӕгӕн бархийӕ лӕггадгӕнӕг, йемӕ — дыууӕсӕдӕ мин ӕхсарджын хӕстоны.

17Миныхицӕуттӕ Бениамины хӕдзарвӕндагӕй: ӕхсарджын хӕстон Елйада ӕмӕ йемӕ дыууӕсӕдӕ мин лӕджы — ӕрдынтӕ ӕмӕ уартытӕй ифтонг; 18уый дӕлбар — ӕфсады хицау Йозавад ӕмӕ йемӕ сӕдӕ ӕстай мин гӕрзифтонг хӕстоны.

19Адон иууылдӕр лӕггад кодтой паддзахӕн, ӕгас Иудейы фидаргонд сахарты цы’фсӕдтӕ ӕрӕвӕрдта, уыдонӕй уӕлдай.
Copyright information for OssIBT2022