2 Chronicles 18
1Иосафат уыди бонджын ӕмӕ номдзыд паддзах. Ахавимӕ хӕстӕгдзинад бакодта 2ӕмӕ йӕм цалдӕр азы фӕстӕ Самаримӕ уазӕгуаты ацыди. Ахав ӕй хорз федта йӕ адӕмимӕ, бирӕ фыстӕ ӕмӕ стуртӕ сын аргӕвста; Иосафаты ардауын райдыдта, цӕмӕй йемӕ Галаадаг Рамоты ныхмӕ схӕца. 3Израилы паддзах Ахав бафарста Иудейы паддзах Иосафаты: «Ацӕудзынӕ мемӕ Галаадаг Рамоты ныхмӕ хӕцынмӕ?» Уый йын дзуапп радта: «Ды кӕдӕм цӕуай, ӕз дӕр — уырдӕм. Мӕ адӕм дӕ адӕмы фӕдыл ацӕудзысты, цӕуын демӕ хӕстмӕ». 4Иосафат ма Израилы паддзахӕн ноджы загъта: «Раздӕр уал Дунедарӕджы бафӕрс». 5Израилы паддзах фӕсидти цыппарсӕдӕ пехуымпармӕ ӕмӕ сӕ бафарста: «Галаадаг Рамоты ныхмӕ хӕцынмӕ ацӕуӕм ӕви нӕ?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Ацу. Дунедарӕг дын ӕй дӕ къухмӕ ратдзӕн». 6Фӕлӕ Иосафат бафарста: «Дунедарӕджы пехуымпартӕй ма ам исчи ис, кӕй бафӕрсӕм, ахӕм?» 7Израилы паддзах Иосафатӕн дзуапп радта: «Ис ма иу лӕг, Дунедарӕджы нын чи бафӕрсид, ахӕм, фӕлӕ дзы ме сӕфт уынын, уымӕн ӕмӕ мын хӕрзмӕ пехуымпариуӕг никуы фӕкӕны, ӕрмӕстдӕр мӕ фыдбылызмӕ. Уый Имлайы фырт Миха у». Иосафат ын загъта: «Паддзахыл ахӕм ныхӕстӕ нӕ фидауынц». 8Уӕд Израилы паддзах йӕ галуаны кусджытӕй иумӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Тагъддӕр мын Имлайы фырт Михайы ардӕм ӕрбакӕн!» 9Израилы паддзах ӕмӕ Иудейы паддзах Иосафат сӕ къӕлӕтджынты, сӕ паддзахы дарӕсты, бадтысты Самарийы кулдуары раз, мусы цур, ӕмӕ пехуымпартӕ иууылдӕр пехуымпариуӕг кодтой сӕ разы. 10Сӕ иу, Кенаанайы фырт Цедекиа, йӕ сӕрыл ӕрсагъта ӕфсӕн сыкъатӕ ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: ацы сыкъатӕй сириӕгты цӕвдзынӕ, цалынмӕ бындзагъд фӕуой, уӕдмӕ». 11Иннӕ пехуымпартӕ дӕр се’ппӕт дӕр фӕзмыдтой Цедекиайы, пехуымпариуӕг кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Ацу Галаадаг Рамоты ныхмӕ хӕцынмӕ, фӕуӕлахиз уыдзынӕ! Дунедарӕг ӕй паддзахы къухтӕм ратдзӕн». 12Уыцы заман, паддзах кӕй арвыста, уый дӕр Михамӕ бахӕццӕ ӕмӕ йын загъта: «Пехуымпартӕ се’ппӕт дӕр ӕмдзыхӕй хӕрзмӕ пехуымпариуӕг кӕнынц паддзахӕн. Хорз уаид, ды дӕр сӕ куы бафӕзмис ӕмӕ хорзӕй исты куы зӕгъис». 13Миха загъта: «Дунедарӕгӕй ард хӕрын, ӕрмӕстдӕр мын мӕ Хуыцау цы зӕгъа, уый дзурдзынӕн». 14Паддзахмӕ куы бацыди, уӕд ӕй уый бафарста: «Миха! Галаадаг Рамоты ныхмӕ хӕцынмӕ ацӕуӕм ӕви нӕ?» Уый йын дзуапп ын радта: «Ацӕут, ӕнтыстджын уыдзыстут, уӕ къухтӕм ӕрцӕудзысты лӕвӕрд». 15Паддзах ын загъта: «Цал хатты дӕм хъуамӕ хатон: Дунедарӕджы номы сӕраппонд мын рӕстдзинад йеддӕмӕ мацы дзур!» 16Миха йын дзуапп радта: «Ӕз федтон: Израилы ӕфсад ӕнӕфыййау фысты дзугау ныххӕлиу сты хӕхтыл. Ӕмӕ Дунедарӕг загъта: „Хицау сын нӕй, ӕмӕ ма цалынмӕ сӕрӕгас сты, уӕдмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм аздӕхӕнт фарнимӕ“». 17Израилы паддзах загъта Иосафатӕн: «Нӕ дын дзырдтон, хӕрзмӕ мын пехуымпариуӕг никуы фӕкӕны, ӕрмӕстдӕр мӕ фыдбылызмӕ, зӕгъгӕ?» 18Миха йӕ ныхас дарддӕр кодта: «Ӕрбайхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ! Ӕз федтон Дунедарӕджы, Йӕ паддзахы бадӕны бадгӕ. Йӕ уӕларвон ӕфсад иууылдӕр Йӕ рахизфарс ӕмӕ Йӕ галиуфарс лӕууыдысты. 19Дунедарӕг сӕ бафарста: „Чи уӕ самидин кӕндзӕн Израилы паддзах Ахавы, цӕмӕй Галаадаг Рамотмӕ бабырса ӕмӕ уым йӕ мӕлӕт ссара?“Ӕмӕ дзы иу кодта иу ныхас, иннӕ та ӕндӕр. 20Уӕд Дунедарӕджы раз иу мон ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта: „Ӕз ӕй самидин кӕндзынӕн“. Дунедарӕг ӕй бафарста: „Куыд?“ 21Уый Йын дзуапп радта: „Ӕз йе’ппӕт пехуымпарты дзыхы фӕливӕг мон фестдзынӕн“. Ӕмӕ йын уӕд Дунедарӕг загъта: „О, бантысдзӕн дын, самидин ӕй кӕндзынӕ. Ацу ӕмӕ афтӕ бакӕн“. 22Афтӕмӕй ныр пехуымпарты дзыхӕй уыцы фӕливӕг мон дзуры Дунедарӕджы фӕндонӕй, уымӕн ӕмӕ дӕуӕн фыдбылыз саразын у Дунедарӕджы фӕнд». 23Уӕд Кенаанайы фырт Цедекиа Михайы цурмӕ бацыди, йе’хсӕрфарс ын ныдздзӕхст ласта ӕмӕ загъта: «Уый та куыд? Ома Дунедарӕджы Уд мӕныл Йӕхи атигъ кодта ӕмӕ дӕ дзыхӕй дзурын райдыдта?» 24Миха йын дзуапп радта: «Ахӕм бон ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ’ппӕты рӕбинагдӕр уаты къуымы ӕмбӕхсдзынӕ, цӕмӕй дӕ мачи ссара». 25Израилы паддзах бардзырд радта: «Райсут Михайы ӕмӕ йӕ акӕнут сахары хицау Амонмӕ, стӕй мӕ фырт Йоасмӕ. 26Зӕгъут-иу сын: „Афтӕ зӕгъы паддзах: ахӕстоны йӕ сбадын кӕнут, мамӕлайы къӕбӕр ӕмӕ йын дон йеддӕмӕ мацы дӕттут, цалынмӕ сӕрӕгасӕй фӕстӕмӕ не’рбаздӕхон, уӕдмӕ“». 27Миха йын загъта: «Дзӕбӕхӕй куы’рбаздӕхай, уӕд Дунедарӕг нӕ дзырдта мӕ дзыхӕй». Ӕмӕ ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Уый алчидӕр фехъусӕд!» 28Израилы паддзах ӕмӕ Иудейы паддзах Иосафат иумӕ ацыдысты галаадаг сахар Рамоты ныхмӕ хӕцынмӕ. 29– 30Фӕндагыл Израилы паддзах Иосафатӕн загъта: «Ӕз мӕ паддзахы дарӕс раивдзынӕн, ӕмӕ хӕцын райдайдзынӕн, ды та-иу дӕ паддзахы дарӕс уадз дӕ уӕлӕ». Афтӕмӕй Израилы паддзах раивта йӕ дарӕс ӕмӕ тохы бацыди. Ныр Сирийы паддзах та йӕ тохуӕрдӕтты хицӕуттӕн бафӕдзӕхста: «Израилы паддзахӕн йе’фсады хицӕуттӕй дӕр ӕмӕ хуымӕтӕг хӕстонтӕй дӕр макӕимӕ хӕцут, ӕрмӕстдӕр — йӕхи ныхмӕ!» 31Тохуӕрдӕтты хицӕуттӕ Иосафаты куы ауыдтой, уӕд ӕй Израилы паддзах фӕхуыдтой ӕмӕ йӕ алыварс ӕртыхстысты, цӕмӕй йемӕ схӕцой. Иосафат ныхъхъӕр кодта, ӕмӕ йӕ Дунедарӕг фервӕзын кодта, Хуыцау ын сӕ йӕ цурӕй иуварс аздӕхта. 32Тохуӕрдӕтты хицӕуттӕ йӕ ныууагътой, уымӕн ӕмӕ федтой, Израилы паддзах кӕй нӕу, уый. 33Сирийы’фсадӕй иу хӕстон ӕнӕнхъӕлӕджы йӕ фат суагъта ӕмӕ йын Израилы паддзахыл суади, згъӕрхӕдонӕн йе згъӕрсыфты’хсӕнты бахызти. Ӕмӕ паддзах йӕ бӕхтӕрӕгӕн загъта: «Алас мӕ ардыгӕй! Фӕцӕф дӕн». 34Хӕст уыцы бон йӕ тӕккӕ тӕмӕны бацыд. Ӕмӕ Израилы паддзах, сириӕгтӕ йӕ куыд уыной, афтӕ йӕ уӕрдоны уырдыг фӕлӕууыди изӕрмӕ. Хурныгуылды фӕстӕ амарди.
Copyright information for
OssIBT2022