‏ 2 Chronicles 19

1Ныр иудейаг паддзах Иосафат та сӕрӕгасӕй раздӕхти Йерусалиммӕ, йӕ галуанмӕ. 2Зонынджын Йегу, Хананийы фырт, фӕндагыл йӕ размӕ рацыд ӕмӕ йын бауайдзӕф кодта: «Ау, дӕуӕн ӕмбӕлдис ӕнӕхуыцауӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ, Дунедарӕг ӕнӕуынон кӕмӕн у, уыдонимӕ лымӕн кӕнын? Уый тыххӕй дӕ Дунедарӕджы азар баййафдзӕн. 3Ӕниу, хорзӕй дӕр цыдӕртӕ сарӕзтай, уымӕн ӕмӕ Иудейы зӕххыл Ашерӕйы цӕджындзтӕ акалдтай, Дунедарӕджы агуырдтай зӕрдиагӕй».

4Иосафат царди Йерусалимы, фӕлӕ та иуахӕмы ӕрзылди бӕстӕйыл, Беер-Шевӕйӕ Ефремы хӕхбӕсты онг. Адӕмы се’ппӕты дӕр Дунедарӕгмӕ, сӕ фыдӕлты Хуыцаумӕ, здӕхта. 5Иудейы алы фидаргонд сахары дӕр сӕвӕрдта тӕрхоны лӕгтӕ. 6Бафӕдзӕхста сын: «Тӕрхон куы кӕнат, уӕд-иу, цы кусут, ууыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнут, уымӕн ӕмӕ сымах тӕрхон кӕнут адӕймаджы номӕй нӕ, фӕлӕ Дунедарӕджы номӕй. Тӕрхон куы хӕссат, уӕд Дунедарӕг кӕддӕриддӕр уыдзӕни уемӕ. 7Дунедарӕгӕн аргъуыц кӕнут, хъавгӕйӕ архайут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, раст тӕрхон никуы халы, никӕй хъулон кӕны ӕмӕ гӕртӕмттӕ нӕ исы».

8Иосафат Йерусалиммӕ куы’рбаздӕхти, уӕд уым дӕр левиттӕ, сауджынтӕ ӕмӕ Израилы мыггӕгты хистӕртӕй баурӕдта тӕрхоны лӕгтӕ, цӕмӕй Дунедарӕджы номӕй адӕмӕн тӕрхон кӕной ӕмӕ-иу сын сӕ хъаст ӕвзарой. 9Бафӕдзӕхста сын: «Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнут, аргъуыцгӕнгӕйӕ, цӕсгомджынӕй ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ. 10Уе’фсымӕртӕй, иннӕ сахарты чи цӕры, уыдонӕй уӕм исчи йӕ хъаст куы’рбахӕсса, уӕд-иу сӕ рагацау бахизут тӕригъӕдӕй — сӕ хъаст тугныккалд кӕнӕ Ӕгъдауы фӕрстытимӕ баст уа, йӕ фӕдзӕхстытӕ, йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕви йӕ амындтытимӕ, — цӕмӕй уын уӕхи дӕр ӕмӕ уе’фсымӕрты дӕр Дунедарӕг Йӕ азары хай ма бакӕна. Афтӕ куы кӕнат, уӕд тӕригъӕды нӕ бацӕудзыстут. 11Дунедарӕгимӕ цы хъуыддаг баст уа, уыдонӕй алкӕцыйы дӕр уӕ сӕргъы уыдзӕни хистӕр сауджын Амариа, паддзахы алы хъуыддаджы та — Измаелы фырт Зевадиа, Иудӕйы хӕдзарвӕндаджы хистӕр. Левиттӕ та уын ӕххуыс кӕндзысты. Ныфсхаст ут, ӕмӕ уын Дунедарӕг уӕ алы хорз хъуыддаджы дӕр ахъазгӕнӕг уӕд».
Copyright information for OssIBT2022