2 Chronicles 20
1Уымӕй цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ моавӕгтӕ ӕмӕ аммонӕгтӕ, меунӕгтӕй дӕр семӕ чидӕртӕ баиу ис, афтӕмӕй Иосафаты ныхмӕ хӕстмӕ рацыдысты. 2Иосафатмӕ фӕхабар чындӕуыд: «Денджызы фалейӕ, Сирийы’рдыгӕй дӕм ӕрбабырсынц ӕнӕнымӕц ӕфсӕдтӕ. Ныридӕгӕн бахӕццӕ сты Хацецон-Тамармӕ» (ома Ен-Гедимӕ). 3Иосафат фӕтарсти ӕмӕ сфӕнд кодта Дунедарӕджы бафӕрсын. Ӕгас Иудейы адӕмӕн дӕр ком дарын бафӕдзӕхста. 4Иудейӕгтӕ алы сахартӕй ӕрӕмбырд сты Дунедарӕгӕй ӕххуыс курынмӕ, Дунедарӕджы бафӕрсынмӕ. 5Иосафат Дунедарӕджы хӕдзары ног кӕрты Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджыты раз ӕрлӕууыд 6ӕмӕ скуывта: «О Дунедарӕг, нӕ фыдӕлты Хуыцау! Уӕлӕрвтӕн дӕр ӕмӕ алы паддзахадӕн дӕр сӕ Хуыцау Ды куы дӕ! Хъару ӕмӕ хъомыс Дӕумӕ куы сты! Дӕ ныхмӕ ӕрлӕууын куы никӕй бон у! 7О нӕ Хуыцау, Дӕ адӕм Израилы цурӕй Ды ацы зӕххӕн йӕ раздӕры цӕрджыты дӕр куы фӕсырдтай ӕмӕ уыцы зӕхх Дӕ лымӕн Авраамы байзӕддӕгтӕн куы саккаг кодтай! 8Ӕрцардысты дзы ӕмӕ дзы Дӕ номыл Кувӕндон сарӕзтой. Уыдон загътой: 9„Исты бӕллӕх ныл куы’рцӕуа — хӕст, рын кӕнӕ стонг заман, — уӕд ӕрлӕудзыстӕм ацы Кувӕндоны раз, Дӕ разы, уымӕн ӕмӕ ацы Кувӕндоны Дӕ ном цӕры. Ӕмӕ Дӕм уынгӕг заманы куы скувӕм, уӕд нӕ Ды фехъусдзынӕ ӕмӕ нӕ фервӕзын кӕндзынӕ“. 10Ӕмӕ ныр фӕзындысты аммонӕгтӕ, моавӕгтӕ ӕмӕ Сеиры хӕхбӕсты цӕрджытӕ, кӕддӕр израилӕгтӕ Мысыры зӕххӕй куы рацыдысты, уӕд сӕ Ды кӕй зӕххытӕм бацӕуын нӕ бауагътай, ӕмӕ сӕ иувӕрсты кӕмӕн ацыдысты, стӕй кӕй нӕ ныццагътой, уыдон. 11Кӕс-ма, нӕ хорздзинад нын цӕмӕй фидынц, уымӕ. Фӕзындысты нӕм, цӕмӕй нӕ, Ды нын исбонӕн цы зӕхх радтай, уырдыгӕй фӕсурой. 12О нӕ Хуыцау! Дӕхӕдӕг сын тӕрхонгӕнӕг фӕу! Уымӕн ӕмӕ махмӕ хъару нӕй уыцы ӕнӕнымӕц ӕфсӕдты ныхмӕ ӕрлӕууынӕн. Ницыуал зонӕм нӕ сӕрӕн, Дӕумӕ у нӕ каст!» 13Иудейӕгтӕ иууылдӕр лӕууыдысты Дунедарӕджы раз, ӕд сабитӕ, ӕд устытӕ ӕмӕ ӕд фырттӕ. 14Се’хсӕн левиттӕй, Асафы хӕдзарвӕндагӕй, лӕууыдис иу лӕг, йӕ ном — Йахазиел. Йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Захариа, Бенайа, Йеиел, Маттаниа. Хуыцауы Уд Йахазиелыл ӕртыхсти, 15ӕмӕ уый загъта: «Ӕрбайхъусут мӕм иууылдӕр, иудейӕгтӕ, Йерусалимы цӕрджытӕ ӕмӕ паддзах Иосафат! Дунедарӕг уын афтӕ зӕгъы: уыцы ӕнӕнымӕц ӕфсӕдтӕй ма тӕрсут ӕмӕ тасы ма бацӕут. Уымӕн ӕмӕ уый сымах нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хӕст у. 16Райсом рацӕудзыстут сӕ ныхмӕ. Уыдон ныр Цицы’фцӕгыл ссӕуынц, ӕмӕ сӕ дӕлвӕзы кӕрон, Йеруелы ӕдзӕрӕг быдыр кӕм райдайы, уым ссардзыстут. 17Фӕлӕ ацы хатт сымах нӕ хӕцдзыстут семӕ. Ӕнцад-иу лӕуут ӕмӕ кӕсут, Дунедарӕг уӕ куыд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ. Иудейӕгтӕ ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ! Ма тӕрсут ӕмӕ тасы ма бацӕут. Райсом-иу сӕ ныхмӕ хӕцынмӕ рацӕут. Дунедарӕг уыдзӕни уемӕ». 18Иосафат ныддӕлгом ис Дунедарӕджы раз, иудейӕгтӕ ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ дӕр иууылдӕр зӕххыл ныддӕлгом сты ӕмӕ Йын бакуывтой. 19Уый фӕстӕ левиттӕ, Кехат ӕмӕ Корахы хӕдзарвӕндӕгтӕй, сыстадысты ӕмӕ бӕрзонд хъӕлӕсӕй стауын райдыдтой Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы. 20Сӕумӕцъӕхӕй Текоайы ӕдзӕрӕг быдыры’рдӕм сӕ фӕндаг адардтой. Куы рацӕйцыдысты, уӕд Иосафат сыстади ӕмӕ загъта: «Ӕрбайхъусут мӕм, Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ! Ӕууӕндут Дунедарӕгыл, уӕ Хуыцауыл, ӕмӕ нӕ фӕцуддзыстут! Ӕууӕндут Ын Йӕ пехуымпартыл ӕмӕ ӕнтыстджын уыдзыстут!» 21Иосафат адӕмимӕ бауынаффӕ кодта ӕмӕ зарӕггӕнджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй ӕфсады разӕй цӕуой ӕмӕ Дунедарӕджы кадӕн зарой, стауой Йын Йӕ уаз стырад: «Кад кӕнут Дунедарӕгӕн, уымӕн ӕмӕ Йӕ хорзӕх мыггагмӕ нӕ сӕфы!» 22Стауын ӕмӕ зарын куы райдыдтой, уӕд Дунедарӕг аммонӕгтӕ, моавӕгтӕ ӕмӕ Сеиры хӕхбӕсты цӕрджыты кӕрӕдзийы ныхмӕ скодта, ӕмӕ цагъды фесты. 23Аммонӕгтӕ ӕмӕ моавӕгтӕ Сеиры хӕхбӕсты цӕрджытӕм бабырстой ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кодтой, уый фӕстӕ та сӕ кӕрӕдзийы ныццагътой. 24Иудейӕгтӕ уӕлкъуыбырмӕ куы схӕццӕ сты, ӕдзӕрӕг быдырыл афӕлгӕсӕн кӕцӕй уыдис, уырдӕм, уӕд дзы, сӕ фыдгулты мӕрдты йеддӕмӕ, ницыуал федтой. Иунӕг дӕр дзы нал аирвӕзт. 25Иосафат ӕмӕ сӕм йӕ адӕм ныццыдысты ӕфтиаг ӕрӕмбырд кӕнынмӕ, ӕмӕ сӕм бирӕ мулк разынди, уӕлӕдарӕсӕй, зынаргъ дзаумайӕ. Уый бӕрц ӕфтиаг сӕм ӕрӕмбырд ис, ӕмӕ йӕ сӕ бон ахӕссын дӕр нӕ уыд, ӕртӕ боны йӕ фӕхастой. 26Цыппӕрӕм бон иууылдӕр ӕрӕмбырд сты Арфӕйы дӕлвӕзы, уымӕн ӕмӕ уым Дунедарӕгӕн арфӕ ракодтой. Уымӕ гӕсгӕ уыцы дӕлвӕз ныронг дӕр хонынц «Арфӕйы дӕлвӕз». 27Уый фӕстӕ Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ, Иосафат сӕ сӕргъы, афтӕмӕй, цингӕнгӕйӕ, ӕрбаздӕхтысты Йерусалиммӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы фӕрцы се знӕгтыл фӕуӕлахиз сты. 28Дыууадӕстӕнонтӕ, хъисфӕндыртӕ ӕмӕ хӕтӕлтӕй цагътой, афтӕмӕй ӕрбаздӕхтысты Йерусалиммӕ ӕмӕ сӕ ных Дунедарӕджы Кувӕндоны’рдӕм сарӕзтой. 29Бӕстӕйы алыварс цы паддзахӕдтӕ уыди, уыдоны цӕрджыты стыр тас бацыди, Дунедарӕг Израилы фыдгулты ныхмӕ Йӕхӕдӕг хӕцыд, уый куы фехъуыстой, уӕд. 30Ӕмӕ Иосафаты паддзахады ралӕууыди сабыр заман, Дунедарӕг ӕй алырдыгӕй дӕр сӕдас кодта. 31Иосафат Иудейы паддзах куы сси, уӕд ыл цыди фынддӕс ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта фондз ӕмӕ ссӕдз азы. Йӕ мад уыди Шилхийы чызг Азувӕ. 32Иосафат цыди йӕ фыд Асайы фӕндагыл, иуӕрдӕм дзы никуы фӕзылди, Дунедарӕгӕн фӕндон хъуыддӕгтӕ кодта. 33Ӕрмӕст кувӕн къуыбыртӕ нӕ аивта, ӕмӕ адӕм сӕ фыдӕлты Хуыцауӕн бынтон зӕрдиагӕй кад нӕма кодтой. 34Иосафаты хъуыддӕгтӕ райдианӕй кӕронмӕ фыст сты Хананийы фырт Йегуйы азфыстыты ӕмӕ хаст ӕрцыдысты «Израилаг паддзӕхты азфыстыты чиныгмӕ». 35Иу заман Иосафат ӕмдзӕхдон сси Израилы паддзах Ахазиаимӕ, ӕнаккаг митӕ чи кодта, уыимӕ. 36Иумӕ наутӕ аразыныл баныхас кодтой, цӕмӕй сӕ Таршишмӕ ӕрвитой. Ӕмӕ Ецион-Геверы наутӕ сарӕзтой. 37Уый тыххӕй марешайаг Елиезер, Додавайы фырт, Иосафаты ныхмӕ рагуацы хуызы загъта: «Ахазиаимӕ ӕмдзӕхдон кӕй сдӕ, уый тыххӕй дын Дунедарӕг дӕ хъуыддаг фехалдзӕн». Ӕмӕ Иосафаты наутӕ Таршишмӕ нал ацыдысты — ныппырх сты.
Copyright information for
OssIBT2022