‏ 2 Chronicles 21

Паддзах Иорам

1Иосафат амарди, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой йӕ фыдӕлты фарсмӕ, Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Иорам. 2Уымӕн уыдис ӕхсӕз ӕфсымӕры: Азариа, Йехиел, Захариа, Азари, Михаел ӕмӕ Шефати. Уыдон се’ппӕт дӕр уыдысты Иудейы паддзах Иосафаты фырттӕ. 3Сӕ фыд сын бирӕ лӕвӕрттӕ ракодта: ӕвзистӕй зӕгъай, сыгъзӕринӕй, алы зынаргъ дзаумайӕ. Рауӕлдай сын кодта Иудейы фидаргонд сахартӕй дӕр, фӕлӕ йӕ паддзахы бадӕн радта Иорамӕн, уымӕн ӕмӕ уый уыди йӕ фыццаг зӕнӕг.

4Иорам йӕ фыды бӕсты паддзах куы сси ӕмӕ йӕ бынаты куы’рфидар ис, уӕд йе’фсымӕрты се’ппӕты дӕр амарын кодта, ноджы ма Израилы барджынтӕй кӕйдӕрты.

5Паддзах куы сси, уӕд Иорамыл цыди ӕртын дыууӕ азы, ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта аст азы. 6Йе’наккаг митӕй фӕзмыдта Израилы паддзӕхты, Ахавы бинонты, уымӕн ӕмӕ йӕ бинойнаг уыдис Ахавы чызг. Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы уыди, уыдӕттӕ кодта. 7Фӕлӕ Дунедарӕджы Давиды мыггаг фесафын нӕ фӕндыд, кӕддӕр Давидимӕ кӕй сарӕзта, уыцы фидыды сӕраппонд. Уый Давидӕн зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ байзӕддӕгтӕн сӕ зынг мыггагмӕ кӕй нӕ ахуысдзӕн, уымӕй.

8Иорамы заман Едомы цӕрджытӕ Иудейы ныхмӕ сыстадысты ӕмӕ сӕхӕдӕг сӕхицӕн паддзах равзӕрстой. 9Иуахӕмы Иорам йе’ппӕт ӕфсады хицӕуттӕ ӕмӕ йӕ тохуӕрдӕттимӕ сӕ ныхмӕ хӕцынмӕ рацыд. Едомӕгтӕ сыл ӕрхъула кодтой, фӕлӕ адон ӕхсӕвы семӕ схӕцыдысты ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кодтой. 10Ӕмӕ уӕдӕй нырмӕ Едомы цӕрджытӕ Иудейы дӕлбар нал сты.

Уыцы заман Ливнӕйы сахар дӕр Иорамы хицаудзинады ныхмӕ сыстади, уымӕн ӕмӕ Иорам ферох кодта Дунедарӕджы, йӕ фыдӕлты Хуыцауы.
11Суанг ма Иудейы хӕхтыл кувӕн къуыбыртӕ дӕр сарӕзта, Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджыты ӕнӕуаг митыл бафтыдта, раст фӕндагӕй сӕ аздӕхта. 12Уыцы заман ӕм пехуымпар Илийа ӕрбарвыста ахӕм фыстӕг: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, дӕ фыдӕл Давиды Хуыцау: ды нӕ бафӕзмыдтай дӕ хъуыддӕгтӕй дӕ фыд Иосафаты, стӕй дӕ фыды фыд Асайы, Иудейы паддзахы. 13Уый нӕ, фӕлӕ ацыдтӕ израилаг паддзӕхты фӕндӕгтыл, Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджыты ӕнӕуаг митыл бафтыдтай, Ахавы хӕдзарвӕндаджы бафӕзмыдтай. Ды амардтай дӕ хӕрз ӕфсымӕрты, дӕуӕй хуыздӕр чи уыди, уыдоны. 14Уый тыххӕй дын Дунедарӕг дӕ адӕм, дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ устыты, стӕй де’ппӕт исбон дӕр Йӕ азары хай бакӕндзӕн. 15Дӕхиуыл та дын сау низ бафтаудзӕн, ӕмӕ дын уыцы низ дӕ хуылф хӕрдзӕни, цалынмӕ дӕ хуылфыдзаумӕттӕ ӕддӕмӕ ракӕлой, уӕдмӕ».

16Дунедарӕг Иорамы ныхмӕ сыстын кодта филистимӕгтӕ ӕмӕ араббӕгты, эфиопӕгтӕм хӕстӕг чи царди, уыдоны. 17Уыдон Иудеймӕ ӕрбабырстой ӕмӕ йӕ бацахстой, паддзахы галуан ныххӕлӕттаг кодтой. Йӕ фырттӕ ӕмӕ йын йӕ устыты акодтой уацары. Йӕ фырттӕй йын, йӕ кӕстӕр фырт Ахазиайӕ фӕстӕмӕ, уым никӕйуал ныууагътой.

18Уый фӕстӕ Дунедарӕг Иорамӕн йӕ хуылфыдзаумӕттыл, хос кӕмӕн нӕ уыд, ахӕм низ бафтыдта. 19Бонӕй-бонмӕ фыддӕр кодта, ӕмӕ йыл афтӕмӕй дыууӕ азы куы рацыд, уӕд иуахӕмы йӕ хуылфыдзаумӕттӕ ӕддӕмӕ ракалдысты, ӕмӕ бирӕ хъизӕмӕртты фӕстӕ йӕ уд систа. Адӕм-иу ын йӕ фыдӕлты кадӕн сӕ амӕлӕты фӕстӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ басыгътой, фӕлӕ уый ахӕм кады аккаг не скодтой.

20Иорам паддзах куы сси, уӕд ыл цыди ӕртын дыууӕ азы ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта аст азы. Куы амарди, уӕд ыл ничи фӕхъыг кодта. Бавӕрдтой йӕ Давиды сахары, ӕрмӕст, паддзӕхтӕ кӕм ныгӕд уыдысты, уыцы зӕппӕдзты нӕ.
Copyright information for OssIBT2022