2 Chronicles 22
Паддзах Ахазиа
1Йерусалимы цӕрджытӕ йын йӕ бӕсты паддзахӕй сӕвӕрдтой йӕ кӕстӕр фырт Ахазиайы, уымӕн ӕмӕ йӕ хистӕр фырттӕ ӕгас нал уыдысты. Араббӕгтимӕ цы ӕфсӕддон къорд ӕрбацыд, уый иудейӕгты хӕстон асадӕнмӕ бабырста ӕмӕ сӕ ныццагъта. Афтӕмӕй Иудейӕн паддзах сси Иорамы фырт Ахазиа. 2Йерусалимы паддзах куы сси, уӕд ыл цыди дыууӕ ӕмӕ дыууиссӕдз азы, ӕмӕ йӕ паддзахиуӕг ахаста иу аз. Йӕ мад Атали уыд Амрийы фырты чызг. 3Ахазиа дӕр Ахавы мыггаджы фӕндагыл цыди, уымӕн ӕмӕ йын уынаффӕгӕнӕг уыдис йӕ мад, ӕнӕхуыцау митыл ӕй ардыдта. 4Ахавы байзӕддӕгты фӕзмгӕйӕ, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы уыди, уыдӕттӕ кодта, уымӕн ӕмӕ йын йӕ фыды амӕлӕты фӕстӕ уынаффӕгӕнджытӕ уыдон уыдысты ӕмӕ йӕ сӕфтмӕ ӕркодтой. 5Сӕ уынаффӕмӕ байхъусгӕйӕ, Израилы паддзах Йорамимӕ, Ахавы фыртимӕ, бабырста Галаадаг Рамотмӕ ӕмӕ Сирийы паддзах Хазаелы ныхмӕ схӕцыди. Сириӕгтӕ йӕ фӕцӕф кодтой, 6ӕмӕ ӕрбаздӕхти Изреелмӕ, Сирийы паддзах Хазаелы ныхмӕ хӕцгӕйӕ, Рамоты сахары цы цӕфтӕ райста, уыдонӕй йӕхи сдзӕбӕх кӕнынмӕ. Ахавы фырт Йораммӕ йӕ рынчыны заман Изреелмӕ бӕрӕггӕнӕг ӕрбацыд Иудейы паддзах Ахазиа, Иорамы фырт. 7Ӕмӕ уый Ахазиайӕн уыди йӕ адзалы бон, уымӕн ӕмӕ афтӕ сфӕнд кодта Хуыцау. Ахазиа Йораммӕ куы’рбацыди, уӕд иумӕ Нимшийы фырт Йегуйы ныхмӕ хӕцынмӕ рацыдысты, уый та Дунедарӕг байсӕрста паддзахӕй, цӕмӕй Ахавы бинонты ныццӕгъда. 8Ахавы бинонтӕн цы тӕрхон рахастӕуыд, уый ӕххӕстгӕнгӕйӕ, Йегу ссардта Иудейы ӕфсады хицӕутты, стӕй Ахазиайӕн йе’фсымӕрты лӕппуты, лӕггад ын чи кодта, уыдоны, ӕмӕ сӕ амардта. 9Уый фӕстӕ Ахазиайы агурын райдыдта ӕмӕ, Самарийы ӕмбӕхстӕй куы бадти, уӕд ахст ӕрцыди. Йегумӕ йӕ ӕрбакодтой ӕмӕ йӕ амардтой. Бавӕрыны аккаг ӕй скодтой, уымӕн ӕмӕ загътой: «Цыфӕнды куы уа, уӕддӕр Дунедарӕгӕн зӕрдиагӕй кад чи кодта, уыцы Иосафаты фырты фырт у». Ӕмӕ Ахазиайы хӕдзары, паддзахиуӕг кӕнын йӕ бон кӕмӕн суыдаид, ахӕмӕй ничиуал баззад. 10Уымӕн ӕмӕ йын йӕ мад Атали йӕ амӕлӕты хабар куы базыдта, уӕд бавдӕлд ӕмӕ Иудӕйы хӕдзарвӕндаджы паддзӕхты мыггаг бынтондӕр сыскъуыйын кодта. 11Фӕлӕ паддзахы чызг Йошевӕ Ахазиайы чысыл лӕппу Иоасы, марынвӕнд кӕмӕн скодтой, паддзахы уыцы фыртты’хсӕнӕй радавта, йӕ дыджызӕйы дӕр ын ракодта ӕмӕ сӕ уаты бамбӕхста. Афтӕмӕй Йошевӕ (паддзах Иорамы чызг, сауджын Йеходайы бинойнаг, Ахазиайы хо), Иоасы Аталийӕ бамбӕхста, ӕмӕ йӕ уый нӕ амардта. 12Дунедарӕджы Кувӕндоны Иоас семӕ ӕмбӕхстӕй фӕци ӕхсӕз азы. Бӕстӕйы та уыцы заман паддзахиуӕг кодта Атали.
Copyright information for
OssIBT2022