‏ 2 Chronicles 24

1Иоас Иудейы паддзах куы сси, уӕд ыл цыди авд азы ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта дыууиссӕдз азы. Йӕ мад Цивйа уыди Беер-Шевӕйы сахарӕй. 2Цалынмӕ сауджын Йехода ӕгас уыди, уӕдмӕ Иоас ӕдзухдӕр кодта, Дунедарӕгӕн фӕндон цы уыди, уыдӕттӕ. 3Йехода йын ракуырдта дыууӕ усы, ӕмӕ йын уыдонӕй рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.

4Иуахӕмы паддзах Иоасмӕ’рцыди Дунедарӕджы Кувӕндон рацаразыны фӕнд. 5Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕм фӕдзырдта ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Ӕвӕстиатӕй Иудейы сахартыл ӕрзилут ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕй ӕхца ӕрӕмбырд кӕнут. Уӕ Хуыцауы Кувӕндон афӕдзӕй-афӕдзмӕ цалцӕггонд куыд цӕуа, ууыл бацархайут». Фӕлӕ левиттӕ нӕ тагъд кодтой. 6Уӕд сын паддзах фӕдзырдта сӕ сӕргълӕууӕг Йеходамӕ ӕмӕ йын загъта: «Цӕуылнӕ домыс левиттӕй, цӕмӕй Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕй хъалон исой ӕмӕ Фидыды Цатыры хъуагдзинӕдтӕ баххӕст кӕной, сӕ заманы Дунедарӕджы цагъар Моисей ӕмӕ Израилы дзыллӕ цы уаг ӕрӕвӕрдтой, уымӕ гӕсгӕ? 7Ӕнӕхуыцау Атали ӕмӕ йӕ фырттӕ Хуыцауы хӕдзар куы сафтид кодтой ӕмӕ йын суанг йӕ уаз мигӕнӕнтӕй дӕр, Баалтӕн лӕггад кӕнгӕйӕ, куы спайда кодтой!»

8Паддзахы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ арӕзт ӕрцыди асыкк, ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ бацӕуӕны раз ӕддӕрдыгӕй сӕвӕрдтой. 9Ӕгас Иудей ӕмӕ Йерусалимӕн фехъусын кодтой, цӕмӕй Дунедарӕгӕн, кӕддӕр ӕдзӕрӕг быдыры Хуыцауы цагъар Моисей Израилы адӕмӕн кӕй снысан кодта, уыцы хъалон хӕссой. 10Уӕздӕттӕ ӕмӕ ӕгас адӕм, цингӕнгӕйӕ, хастой сӕ мысайнӕгтӕ, ӕмӕ-иу цалынмӕ байдзаг ис, уӕдмӕ сӕ асыччы ӕппӕрстой. 11Левиттӕ-иу асыкк паддзахы барджынтӕм куы’рбахастой ӕмӕ-иу дзы уыдон бирӕ ӕхца куы федтой, уӕд-иу паддзахы нымӕрдар ӕмӕ алчеры цӕстдарӕг ӕрбацыдысты, ӕхца-иу асыккӕй ӕркалдтой ӕмӕ-иу ӕй фӕстӕмӕ йӕ бынатмӕ ахастой. Бонӕй-бонмӕ афтӕ кодтой ӕмӕ сӕм тынг бирӕ ӕхца ӕрӕмбырд ис. 12Уый фӕстӕ-иу паддзах ӕмӕ Йехода уыцы ӕхца, Дунедарӕджы хӕдзары куыст кӕй бӕрны уыди, уыцы лӕгтӕм радтой, ӕмӕ-иу дзы уыдон баххуырстой дуркӕрдджытӕ ӕмӕ хъӕддӕсныты, куырдтӕ ӕмӕ ӕрхуыгуырдты, цӕмӕй Дунедарӕджы Кувӕндон сцалцӕг кӕной. 13Кусджытӕ сӕ куыстмӕ бавнӕлдтой, ӕмӕ Хуыцауы хӕдзар биноныг цалцӕггонд ӕмӕ фидаргонд ӕрцыди. 14Куыст кӕронмӕ куы ахӕццӕ, уӕд паддзах ӕмӕ Йеходамӕ бахастой, ӕхцайӕ ма цы баззади, уый. Уыцы фӕрӕзтӕй Дунедарӕджы Кувӕндонӕн арӕзт ӕрцыдысты алы дзауматӕ: мигӕнӕнтӕ уаз лӕггадӕн ӕмӕ иууылсудзинӕгтӕ хӕссынӕн, ноджы ма цолпытӕ ӕмӕ алы ӕндӕр мигӕнӕнтӕ сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй. Цалынмӕ Йехода ӕгас уыди, уӕдмӕ Дунедарӕджы Кувӕндоны иудадзыг иууылсудзинаг нывӕндтӕ хастой.

15Йехода базӕронд ис, амарди цардӕфсӕстӕй, сӕдӕ ӕртыназдзыдӕй. 16Бавӕрдтой йӕ Давиды сахары, паддзӕхты зӕппадзы, уымӕн ӕмӕ рӕстаг хъуыддӕгтӕ арӕзта Израилы, лӕггад кодта Хуыцау ӕмӕ Йӕ Кувӕндонӕн.

17Йеходайы амӕлӕты фӕстӕ Иудейы уӕздӕттӕ’рбацыдысты сӕ паддзахмӕ ӕмӕ йын сӕ сӕртӕй ныллӕг ӕркуывтой. Уӕдӕй фӕстӕмӕ сын паддзах сӕ уынаффӕтӕм хъусын байдыдта. 18Уыдон та Дунедарӕджы, сӕ фыдӕлты Хуыцауы, Кувӕндоныл сыстырзӕрдӕ сты ӕмӕ лӕггад кӕнын райдыдтой Ашерӕйы цӕджындзтӕ ӕмӕ гуымирытӕн. Уый тыххӕй Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджыты Дунедарӕджы азар баййӕфта. 19Уый сӕм Йӕ пехуымпарты ӕрвыста, цӕмӕй сӕ фӕстӕмӕ Дунедарӕгмӕ раздахой, ӕмӕ-иу пехуымпартӕ сӕ ныхмӕ дзырдтой, фӕлӕ сӕм уыдон нӕ хъуыстой. 20Уӕд Хуыцауы Уд ӕртыхсти Захариайыл, сауджын Йеходайы фыртыл, ӕмӕ уый дзыллӕйы раз ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта: «Афтӕ зӕгъы Хуыцау: цӕуылнӕ ӕххӕст кӕнут Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕ? Уӕ хъуыддӕгты ӕнтыстджын нӕ уыдзыстут. Кӕд Ыл сымах уӕхи атигъ кодтат, уӕд уыл Уый дӕр атигъ кӕндзӕн Йӕхи».

21Уӕд йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд сарӕзтой ӕмӕ йӕ паддзах Иоасы бардзырдӕй Дунедарӕджы хӕдзары кӕрты дуртӕй амардтой. 22Паддзах Иоас ферох кодта, Йехода йын цы хӕрзты бацыди, уый, ӕмӕ йын йӕ фырты амарын кодта. Уый ма мӕлгӕ-мӕлын сфӕрӕзта: «Дунедарӕг алцыдӕр уыны ӕмӕ мын мӕ туг райсдзӕн».

23Уыцы азы кӕрон Арамы’фсад рацыди йӕ ныхмӕ хӕцынмӕ. Арамейӕгтӕ Иудей ӕмӕ Йерусалиммӕ бабырстой, адӕмы сӕргълӕуджыты се’ппӕты дӕр ныццагътой, се’фтиаг та иууылдӕр сӕ паддзахӕн Дамаскмӕ арвыстой. 24Арамы ӕфсад стыр нӕ уыди, фӕлӕ сын Дунедарӕг бирӕ тыхджындӕр ӕфсад сӕ къухмӕ радта, уымӕн ӕмӕ уыдон сӕхи атигъ кодтой Дунедарӕгыл, сӕ фыдӕлты Хуыцауыл. Афтӕмӕй арамейӕгтӕ стӕрхон кодтой Иоасӕн. 25Уӕззау цӕфӕй йӕ куы ныууагътой, уӕд паддзахы ныхмӕ йӕ дӕлдӕртӕ сусӕгвӕнд сарӕзтой, сауджын Йеходайы фырты кӕй амарын кодта, уый тыххӕй. Ӕмӕ йӕ амардтой йӕ сынтӕджы. Йӕ мард ын бавӕрдтой Давиды сахары, ӕрмӕст паддзӕхты зӕппадзы нӕ. 26Сусӕгвӕнд чи скодта, уыдон уыдысты аммонаг чызг Шиматы фырт Завад ӕмӕ моаваг чызг Шимриты фырт Йозавад.

27Иоасы фыртты хабӕрттӕ, йӕ ныхмӕ цы бирӕ рагуацтӕ загъд ӕрцыди, уыдон, ӕмӕ Хуыцауы хӕдзар рацаразыны хабӕрттӕ фыст сты «Паддзӕхты чиныджы таурӕгъты». Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Амациа.
Copyright information for OssIBT2022