‏ 2 Chronicles 25

Паддзах Амациа

1Амациа паддзах сси фондз ӕмӕ ссӕдзаздзыдӕй ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта фараст ӕмӕ ссӕдз азы. Йӕ мады ном — Йехоадан, уый уыди йерусалимаг чызг. 2Амациа Дунедарӕгӕн фӕндон хъуыддӕгтӕ кодта, фӕлӕ Йыл бынтон иузӕрдион нӕ уыди. 3Йӕ паддзахдзинад куы’рфидар ис, уӕд амардта йӕ лӕггадгӕнджыты, йӕ фыды марджыты. 4Сӕ цоты сын нӕ амардта, уымӕн ӕмӕ Моисейы Ӕгъдауы чиныджы Дунедарӕг фӕдзӕхсы: «Цоты азымы тыххӕй фыдӕлтӕн марӕн нӕй, цотӕн та — фыдӕлты азымы тыххӕй. Алкӕй дӕр марын хъӕуы йӕхи фыдракӕнды аххосӕй».

5Амациа ӕрӕмбырд кодта Иудейы цӕрджыты, Иудӕ ӕмӕ Бениамины хӕдзарвӕндӕгты се’ппӕты дӕр. Мыггаггай сӕ скодта ӕфсад ӕмӕ сын сӕ сӕргъы миныхицӕуттӕ ӕмӕ сӕдӕйыхицӕутты сӕвӕрдта. Ссӕдз азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыди, уыдоны банымадта, ӕмӕ йӕм разындис ӕртӕсӕдӕ мин ӕвзаргӕ хӕстоны — хӕстмӕ цӕуынхъом чи уыди, стӕй арц ӕмӕ уартӕй хӕцынмӕ чи арӕхстис, ахӕмтӕ. 6Ноджы ма Израилы дӕр ӕвзисты сӕдӕ талантӕй баххуырста сӕдӕ мин хӕстоны. 7Фӕлӕ йӕм Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг ӕрбацыд ӕмӕ йын загъта: «Паддзах! Израилы ӕфсад демӕ хӕстмӕ ма ацӕуӕд, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг израилӕгтӕн, Ефремы байзӕддӕгтӕн, ӕххуыс нӕ кӕндзӕн. 8Кӕд дӕ фӕнды, уӕд ацу ӕмӕ де’хсар равдис! Науӕд дӕ Хуыцау де знӕгты раз афӕлдахдзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы бон у баххуыс кӕнын дӕр ӕмӕ афӕлдахын дӕр».

9Амациа йын дзуапп радта: «Ӕмӕ израилаг ӕфсадӕн цы сӕдӕ таланты радтон, уыдонӕн та цы кӕнон?» Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг ын загъта: «Дунедарӕджы бон дын у уымӕй бирӕ фылдӕр раттын».

10Уӕд Амациа, Ефремы мыггагӕй йӕм цы хӕстонтӕ ӕрбацыд, уыдоны фӕхицӕн кодта ӕмӕ сӕ ауагъта сӕ хӕдзӕрттӕм. Уыдон Иудеймӕ тынг смӕсты сты ӕмӕ, фыр мӕстӕй судзгӕйӕ, аздӕхтысты сӕ бӕстӕм.

11Амациа фӕныфсджын ис, йе’фсад Цӕхджын дӕлвӕзы’рдӕм акодта ӕмӕ уым Сеиры хӕстонтӕй дӕс мин лӕджы амардта. 12Дӕс мины та дзы иудейӕгтӕ удӕгасӕй райстой уацары. Айнӕджы сӕрмӕ сӕ скодтой ӕмӕ сӕ уырдыгӕй раппӕрстой, иууылдӕр дзыхъмард фесты.

13Ныр Амациа цы хӕстонты ауагъта, уыдон та, Иудейы бӕстӕйы Самарийӕ Бет-Хороны онг цы сахартӕ уыди, уыдоныл апырх сты, ӕртӕ мин лӕджы ныццагътой ӕмӕ бирӕ фӕллой рассывтой.

14Амациа едомӕгты куы ныддӕрӕн кодта, уӕд йемӕ ӕрбахаста Сеиры хуыцаугӕндты, йӕхицӕн сӕ хуыцӕуттӕ скодта, кувын ӕмӕ сын буд судзын райдыдта. 15Дунедарӕг ӕм смӕсты ис, Йӕ пехуымпары йӕм арвыста, ӕмӕ йын уый загъта: «Цӕмӕн кувыс уыцы адӕмы хуыцӕуттӕм, уыдонӕн сӕ бон куы не сси сӕ адӕмы дӕ къухӕй фервӕзын кӕнын?» 16Амациа йын йӕ ныхас ӕрдӕгыл аскъуыдта ӕмӕ загъта: «Паддзахӕн дӕ уынаффӕгӕнӕгӕй чи сӕвӕрдта? Ныхъхъус у, цалынмӕ дӕ нӕ амардтой, уӕдмӕ!» Пехуымпар иу цасдӕр ницыуал сдзырдта, стӕй загъта: «Ӕз ӕй зонын: Хуыцау дӕ фесафын сфӕнд кодта, кӕд ды ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕныс ӕмӕ дӕ мӕ уынаффӕмӕ байхъусын нӕ фӕнды, уӕд».

17Амациа йӕ дӕлдӕртимӕ бауынаффӕ кодта ӕмӕ Йегуйы фырты фыртмӕ, Йоахазы фырт Йоашмӕ, Израилы паддзахмӕ, арвыста минӕвӕрттӕ, цӕмӕй йын зӕгъой: «Мӕ размӕ рацу ӕмӕ нӕ хъарутӕ лӕгӕй-лӕгмӕ бавзарӕм!» 18Израилы паддзах Йоаш дзуапп радта Иудейы паддзах Амациайӕн: «Иу хатт ливайнаг какон сындз ливайнаг кедрӕн афтӕ зӕгъы: „Дӕ чызджы мын мӕ лӕппуйӕн ратт“. Фӕлӕ йӕ рӕзты ливайнаг хъӕддаг сырд фӕцӕйцыд ӕмӕ йӕ бассӕста йӕ къӕхты бын. 19Ды едомӕгты ныддӕрӕн кодтай ӕмӕ дӕ сӕр бӕрзӕндты хӕссын райдыдтай. Фӕлтау ӕнцад дӕ хӕдзары куы бадис! Дӕхӕдӕг дӕхи фыдбылызы цӕмӕн ӕппарыс? Дӕхӕдӕг дӕр бабын уыдзынӕ, ӕмӕ ма демӕ — ӕгас Иудей дӕр».

20Амациа йӕм нӕ байхъуыста, уымӕн ӕмӕ сӕ Хуыцау Йоашы амӕттаг бакӕнын сфӕнд кодта, Едомы гуымирытӕм кувын кӕй райдыдтой, уый тыххӕй.

21Израилы паддзах Йоаш рацыди хӕстмӕ ӕмӕ иудейаг паддзах Амациаимӕ лӕгӕй-лӕгмӕ сӕмбӕлдысты Бет-Шемешы сахары цур, Иудейы зӕххыл. 22Израилӕгтӕ ныддӕрӕн кодтой иудейӕгты, ӕмӕ иууылдӕр сӕ цатыртӕм фӕлыгъдысты.

23Израилы паддзах Йоаш Бет-Шемешы сахары цур уацары райста Иудейы паддзах Амациайы, Иоасы фырты, Иоахазы фырты фырты. Йерусалиммӕ йӕ ӕрбакодта ӕмӕ Ефремы кулдуарӕй Фисыны кулдуары онг сахары сис фехӕлдта — цыппарсӕдӕ ӕлмӕрины дӕргъӕн. 24Дунедарӕджы Кувӕндоны, Овед-Едом цы хӕзнадон хъахъхъӕдта, уым сыгъзӕринӕй, ӕвзистӕй ӕмӕ алы мигӕнӕнӕй цыдӕриддӕр ссардта, уыдон иууылдӕр рассывта, ноджы ма, паддзахы галуаны цы хӕзнатӕ уыди, уыдон дӕр, стӕй иу къорд лӕджы амынӕты райста ӕмӕ Самаримӕ аздӕхти.

25Иудейаг паддзах Иоасы фырт Амациа ма Израилы паддзах Йоашы, Йоахазы фырты, амӕлӕты фӕстӕ фӕцарди фынддӕс азы. 26Амациайы хъуыддӕгтӕ иууылдӕр, райдианӕй кӕронмӕ, фыст ӕрцыдысты «Иудей ӕмӕ Израилы паддзӕхты чиныджы».

27Амациа йӕхи Дунедарӕгыл куы атигъ кодта, уӕд ын уый фӕстӕ Йерусалимы йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд сарӕзтой, ӕмӕ Лахишмӕ алыгъди. Фӕлӕ йын йӕ фӕдыл Лахишмӕ адӕмы арвыстой, ӕмӕ йӕ уыдон уым амардтой. 28Йӕ мард ын бӕхтыл фӕстӕмӕ Йерусалиммӕ ӕрбаластой ӕмӕ йӕ Иудӕйы сахары йӕ фыдӕлты фарсмӕ бавӕрдтой.
Copyright information for OssIBT2022