2 Chronicles 26
Паддзах Озиа
1Амациайы бӕсты ӕгас Иудейы адӕм паддзахӕй расидтысты йе’хсӕрдӕсаздзыд фырт Озиайы. 2Йӕ фыды амӕлӕты фӕстӕ Озиа фӕстӕмӕ байста Елоты сахар ӕмӕ йӕ ногӕй бакодта Иудейы дӕлбар. 3Озиа паддзах куы сси, уӕд ыл цыди ӕхсӕрдӕс азы ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта дыууадӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы. Йӕ мад уыди йерусалимаг чызг, йӕ ном — Йехоли. 4Озиа, Дунедарӕджы раз раст цы уыди, уыдӕттӕ кодта, йӕ фыд Амациа куыддӕриддӕр уыдис, афтӕ. 5Цалынмӕ Захариа ӕгас уыд ӕмӕ йӕ Хуыцауы тасыл ахуыр кодта, уӕдмӕ агуырдта Хуыцауы, ӕмӕ йын йӕ алы хъуыддаг дӕр ӕнтысти. 6Иуахӕмы Озиа филистимӕгтимӕ схӕцыди, Гат, Йавне ӕмӕ Ашдоды сахартӕн сӕ систӕ ныззыгуым кодта. Ашдоды алфамбылай ӕмӕ филистимӕгты зӕххы иннӕ рӕтты сахартӕ сарӕзта. 7Филистимӕгтимӕ, стӕй Гур-Баалы цӕрӕг араббӕгтӕ ӕмӕ меунӕгтимӕ куы хӕцыди, уӕд ын Хуыцау ӕххуыс кодта. 8Аммонӕгтӕ Озиайӕн фыстой хъалон, ӕмӕ йӕ номы кой айхъуысти суанг Мысыры арӕнтӕм, уымӕн ӕмӕ тынг хъомысджын сси. 9Озиа Йерусалимы мӕсгуытӕ сарӕзта: Фисыны кулдуары раз, Дӕлвӕзы кулдуары раз ӕмӕ Къуымы фисыны раз, бафидӕрттӕ сӕ кодта. 10Мӕсгуытӕ сарӕзта ӕдзӕрӕг быдыры дӕр, ноджы скъахта бирӕ донуӕттӕ, уымӕн ӕмӕ йӕм уӕлвӕзты дӕр ӕмӕ дӕлвӕзты дӕр бирӕ фос уыди. Хӕхбӕсты ӕмӕ йӕм дӕлвӕзы уыди зӕхкусджытӕ ӕмӕ сӕндонгӕстӕ, уымӕн ӕмӕ зӕххы куыст уарзта. 11Озиамӕ уыди хӕстхъом ӕфсад дӕр, дихгонд уыди хицӕн къордтыл. Номхыгъдтӕ сын скодтой писыр Йеиел ӕмӕ цӕстдарӕг Маасеа. Сӕ дыууӕйӕн та разамынд лӕвӕрдта Хананиа, паддзахы сӕйраг барджынтӕй иу. 12Ӕхсарджын ӕфсады сӕргъы лӕууыдысты дыууӕ мин ӕхсӕзсӕдӕ лӕджы. 13Ӕфсадӕн йӕхи мидӕг та уыди ӕртӕсӕдӕ авд мин фондзсӕдӕ хӕстоны, уыдон тохмӕ ӕмӕ паддзахы знӕгты ныхмӕ хӕстмӕ рацӕуынмӕ уыдысты цӕттӕ. 14Озиа йе’ппӕт ӕфсадӕн дӕр ӕрцӕттӕ кодта уартытӕ, ӕрцытӕ, такатӕ, згъӕрхӕдӕттӕ, ӕрдынтӕ ӕмӕ дуртӕ дурӕхсӕнтӕн. 15Йерусалимы скӕнын кодта диссаджы дӕсны арӕзт ӕхсӕнгӕрзтӕ дӕр, мӕсгуытӕй ӕмӕ сахары систы тигътӕй фӕттӕ ӕмӕ стыр дуртӕ ӕхсынӕн. Йӕ кой дардыл айхъуысти, уымӕн ӕмӕ бирӕ ӕххуыс райста, цалынмӕ йӕ хъомыс нӕ сырӕзти, уӕдмӕ. 16Фӕлӕ куы схъомысджын ис, уӕд йе’намондӕн йӕ сӕр ӕгӕр бӕрзӕндты хӕссын байдыдта ӕмӕ Дунедарӕджы, йӕ Хуыцауы ныхмӕ, сарӕзта фыдракӕнд. Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ бацыди, цӕмӕй будсудзӕн нывондхӕссӕныл хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ссудза. 17Йӕ фӕдыл мидӕмӕ бацыд алчер Азариа, йемӕ ма — Дунедарӕджы сауджынтӕй цыппарыссӕдз лӕджы, ӕхсарджын адӕм. 18Озиайӕн йӕ размӕ ӕрлӕууыдысты ӕмӕ загътой: — Озиа, дӕуӕн не’мбӕлы Дунедарӕгӕн буд судзын! Уый сауджынты, Аароны байзӕддӕгты, куыст у — уыдон уыцы куыстӕн сӕрмагондӕй сыгъдӕггонд ӕрцыдысты. Кувӕндонӕй ӕддӕмӕ рацу, уымӕн ӕмӕ фыдракӕнд сарӕзтай, ӕмӕ дын уый Дунедарӕджы раз кады хос нӕ уыдзӕн. 19Озиайы къухы уыди будсудзӕн, ӕмӕ ныридӕгӕн буд ссудзынмӕ уыди цӕттӕ. Йӕ маст рафыхти сауджынтӕм, ӕмӕ, куыддӕр рамӕсты ис, афтӕ сауджынты цӕстыты раз, Дунедарӕджы Кувӕндоны, будсудзӕн нывондхӕссӕны цур, йӕ тӕрныхыл фӕзынди хъотыр. 20Алчер Азариа ӕмӕ йӕм иннӕ сауджынтӕ куы бакастысты, уӕд ын йӕ ныхыл хъотыр федтой ӕмӕ йӕ рӕвдз уырдыгӕй ӕддӕмӕ ракодтой. Йӕхӕдӕг дӕр тагъд кодта рацӕуыныл, уымӕн ӕмӕ йӕ Дунедарӕг ӕрцавта. 21Озиа йӕ амӕлӕты бонмӕ йӕ хъотырӕй не сдзӕбӕх ис. Царди хибарӕй, хицӕн хӕдзары, ӕмӕ йын Кувӕндонмӕ цӕуыны бар нал уыди. Йӕ фырт Йотам паддзахы галуанӕн уыди уагдар, бӕстӕйы адӕмӕн та хицауиуӕг кодта. 22Озиайы хъуыддӕгтӕ иууылдӕр, райдианӕй кӕронмӕ, ныффыста пехуымпар Исайа, Амоцы фырт. 23Озиа куы амарди, уӕд ӕй йӕ хъотыры тыххӕй бавӕрдтой паддзӕхты зӕппӕдзты нӕ, фӕлӕ, уыдоны фарсмӕ паддзӕхтӕн цы зӕххы хай уыди, уым, йӕ фыдӕлты зӕппадзы. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Йотам.
Copyright information for
OssIBT2022