‏ 2 Chronicles 27

Паддзах Йотам

1Йотам паддзах куы сси, уӕд ыл цыди фондз ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта ӕхсӕрдӕс азы. Йӕ мад Йеруша уыди Цадокы чызг.

2Йотам Дунедарӕгӕн фӕндон хъуыддӕгтӕ кодта, йӕ фыд Озиа куыддӕриддӕр уыдис, афтӕ. Ӕрмӕст уыйау Кувӕндонмӕ нӕ бацыд. Адӕм та раздӕрау ӕнӕуаг митӕ кодтой.

3Йотам сарӕзта Дунедарӕджы Кувӕндоны Уӕллаг кулдуар. Офелы къуыбырыл, сахары сисы раз, бирӕ куыстытӕ бакодта. 4Иудейы хӕхбӕсты дӕр сахартӕ сарӕзта, хъӕдты та — фидӕрттӕ ӕмӕ мӕсгуытӕ.

5Йотам аммонӕгты паддзахы ныхмӕ схӕцыд ӕмӕ йыл фӕуӕлахиз. Уыцы аз ын аммонӕгтӕ бафыстой хъалон: ӕвзисты сӕдӕ таланты, дӕс мин коры мӕнӕу, стӕй иу уый бӕрц та — хъӕбӕрхор. Ахӕм хъалон ын бафыстой дыккаг ӕмӕ ӕртыккаг аз дӕр. 6Йотам ахӕм хъомысджын уымӕн сси, ӕмӕ йӕ фӕндӕгтӕ Дунедарӕджы, йӕ Хуыцауы раз, уыдысты раст.

7Йотамы иннӕ хъуыддӕгтӕ, йе’ппӕт хӕстон хабӕрттӕ ӕмӕ йӕ царды уаджы ӕгъдау фыст ӕрцыдысты «Израил ӕмӕ Иудейы паддзӕхты чиныджы». 8Паддзах сси фондз ӕмӕ ссӕдзаздзыдӕй ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта ӕхсӕрдӕс азы. 9Йотам куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты зӕппадзы, Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Ахаз.
Copyright information for OssIBT2022