‏ 2 Chronicles 28

Паддзах Ахаз

1Ахаз паддзах сси ссӕдзаздзыдӕй ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта ӕхсӕрдӕс азы. Йӕ фыдӕл Давиды нӕ бафӕзмыдта, Дунедарӕгӕн фӕндон хъуыддӕгтӕ нӕ кодта. 2Уый цыди Израилы паддзӕхты фӕндӕгтыл, суанг ма Баалы гуымирыты дӕр джиппы рауадзын кодта. 3Хинномы фырты дӕлвӕзы хаста нывӕндтӕ ӕмӕ йӕхи фыртты арты басыгъта, Дунедарӕг израилӕгты разӕй кӕй фӕсырдта, уыцы адӕмты ӕлгъаг митӕ фӕзмгӕйӕ. 4Кувӕн къуыбыртӕ ӕмӕ бӕрзӕндтыл, стӕй алы къабузджын бӕласы бын хаста нывӕндтӕ ӕмӕ сыгъта хӕрздӕфгӕнӕнтӕ. 5Ӕмӕ йӕ Дунедарӕг, йӕ Хуыцау, сириӕгты паддзахы къухтӕм радта. Уыдон ӕй ныддӕрӕн кодтой, йӕ адӕмӕй йын бирӕты уацары райстой ӕмӕ сӕ акодтой Дамаскмӕ. Уый фӕстӕ Дунедарӕг Ахазы радта Израилы паддзахы къухмӕ, ӕмӕ йын уый уӕззау цӕфтӕ ныккодта. 6Ремалийы фырт Феках иу бонмӕ иудейӕгтӕй ныццагъта сӕдӕ дыууын мин ӕхсарджын хӕстоны, уымӕн ӕмӕ Иудейы адӕм сӕхи атигъ кодтой Дунедарӕгыл, сӕ фыдӕлты Хуыцауыл. 7Ефремы хӕдзарвӕндагӕй иу богал, Зихри, зӕгъгӕ, амардта паддзахы фырт Маасеайы, стӕй паддзахы галуаны уагдар Азрикамы ӕмӕ паддзахы хӕдивӕг Елканайы. 8Израилӕгтӕ уацары се’фсымӕртӕй уацары райстой сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕтты — ӕдӕппӕтӕй дыууӕсӕдӕ мины. Бирӕ мулк сӕ рассывтой ӕмӕ се’фтиаг Самаримӕ арвыстой. 9Уым царди Дунедарӕджы пехуымпар Одед. Израилы ӕфсад Самаримӕ куы фӕцӕйцыди, уӕд Одед сӕ размӕ рацыд ӕмӕ сын загъта: «Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, иудейӕгтӕм смӕсты ис ӕмӕ уын сӕ уӕ къухтӕм радта. Фӕлӕ сӕ сымах ахӕм ӕнауӕрдонӕй фӕцагътат, ӕмӕ уӕ маст уӕларвмӕ дӕр схӕццӕ ис. 10Ныр та ма ноджы Иудей ӕмӕ Йерусалимы нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕй уӕхицӕн цагъартӕ скӕнынмӕ хъавут! Фӕлӕ, ау, уӕхӕдӕг Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, аххосджын ницӕмӕй стут? 11Ӕрбайхъусут мӕм уӕдӕ! Уӕ уацайраг ӕрвадӕлты се’ппӕты дӕр суӕгъд кӕнут, уымӕн ӕмӕ уӕм Дунедарӕджы маст ссыгъд».

12Уӕд, хӕсты быдырӕй чи раздӕхти, уыдоны размӕ Ефремы хӕдзарвӕндаджы раздзӕуджытӕй иу къорд лӕджы рацыди: Йохананы фырт Азариа, Мешиллемоты фырт Варахи, Шаллумы фырт Езекиа ӕмӕ Хадлайы фырт Амаса. Уыдон дӕр сӕ азымджын кодтой, 13загътой сын: «Уацайрӕгты ардӕм ма’рбакӕнут — Дунедарӕджы раз фӕтӕригъӕдджын уыдзыстӕм. Нӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ ма нын нӕ фыдракӕндтыл ноджыдӕр бафтауынмӕ хъавут? Ӕнӕуи дӕр стыр у нӕ азым, ӕмӕ Йӕ маст ссыгъд Израилмӕ».

14Уӕд хӕстонтӕ сӕ уацайрӕгты ӕмӕ се’фтиаг ныууагътой раздзӕуджытӕ ӕмӕ’ппӕт ӕмбырды раз. 15Номхыгъдӕй нысангонд чи’рцыди, уыдон уацайрӕгты ракодтой, се’фтиагӕй бӕгънӕджытыл уӕлӕдарӕс ӕмӕ къахыдарӕс скодтой, хӕрд ӕмӕ сын нозт радтой, сӕ хъӕдгӕмттӕ сын сойӕ байсӕрстой; ӕдзухъомты хӕрджытыл сбадын кодтой ӕмӕ се’ппӕты дӕр арвыстой Пальмӕты сахармӕ, Йерихонмӕ, се’фсымӕртӕм. Сӕхӕдӕг фӕстӕмӕ Самаримӕ ӕрбаздӕхтысты.

16Уыцы заман паддзах Ахаз йӕ минӕвӕртты ӕххуысагур арвыста Ассирийы паддзӕхтӕм. 17Уымӕн ӕмӕ едомӕгтӕ ногӕй ӕрбабырстой Иудеймӕ, ныддӕрӕн сӕ кодтой ӕмӕ дзы уацары дӕр райстой. 18Филистимӕгтӕ бабырстой Иудейы дӕлвӕзты бӕстӕ Шефеламӕ ӕмӕ йӕ хуссайраг хай Негевмӕ, бацахстой сахартӕ Бет-Шемеш, Айалон ӕмӕ Гедерот, Сохо, Тимна ӕмӕ Гимзо сӕ алыварс хъӕутимӕ, ӕмӕ дзы сӕхӕдӕг ӕрцардысты. 19Афтӕ фегад кодта Дунедарӕг Иудейы адӕмы, Израилы паддзах Ахаз се’нӕуаг митыл кӕй бафтыдта ӕмӕ Дунедарӕгыл иузӕрдион кӕй нал уыди, уый тыххӕй.

20Ассирийы паддзах Тиглат-Пилесер ӕрбацыд Ахазмӕ, фӕлӕ йыл, йӕ фарс рахӕцыны бӕсты, ӕрхъула кодта. 21Ахаз райста Дунедарӕджы Кувӕндон ӕмӕ паддзахы галуаны хӕзнатӕй, стӕй ӕлдӕртты исбонӕй, ӕмӕ сӕ арвыста Ассирийы паддзахӕн, фӕлӕ йын уыдӕттӕ ницы ахъаз фесты. 22Уыцы тыхст заманы паддзах Ахаз фылдӕрӕй-фылдӕр гадзрахатӕй цыди Дунедарӕгыл. 23Уый хаста нывӕндтӕ Дамаскы хуыцӕуттӕн, афтӕ ӕнхъӕлдта, ӕмӕ йӕ уыдон басастой. Уый дзырдта: «Сирийы паддзӕхтӕн сӕ хуыцӕуттӕ ӕххуыс кӕнынц. Цӕй ӕмӕ сын ӕз дӕр нывӕндтӕ хӕссон, кӕд мӕнӕн дӕр баххуыс кӕниккой». Фӕлӕ йын уыдон йӕхи дӕр ӕмӕ ӕгас Израилы адӕмы дӕр ӕрмӕстдӕр сӕфтмӕ ӕркодтой. 24Ахаз ӕрӕмбырд кодта Хуыцауы Кувӕндоны дзауматӕ ӕмӕ сӕ ныппырх кӕнын кодта, стӕй йын йӕ дуӕрттӕ сӕхгӕдта ӕмӕ Йерусалимы алы рӕтты саразын кодта нывондхӕссӕнтӕ. 25Иудейы алы сахары дӕр Ахаз сарӕзта кувӕн къуыбыртӕ, цӕмӕй сыл ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕн нывӕндтӕ хӕссой, ӕмӕ уыдӕттӕй мӕсты кодта Дунедарӕджы, йӕ фыдӕлты Хуыцауы.

26Йӕ паддзахдзинады иннӕ хабӕрттӕ, стӕй йӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр, райдианӕй кӕронмӕ, фыст ӕрцыдысты «Иудей ӕмӕ Израилы паддзӕхты чиныджы». 27Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой Йерусалимы, ӕцӕг ӕй Израилы паддзӕхты зӕппӕдзтӕм нӕ бахастой. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Езекиа.
Copyright information for OssIBT2022