2 Chronicles 31
1Бӕрӕгбон куы фӕци, уӕд, израилӕгтӕй Йерусалимы чи ӕрӕмбырд ис, уыдон Иудейы сахартыл ӕрзылдысты, табуйаг дуртӕ ӕмӕ Ашерӕйы цӕджындзтӕ ныззыгуым кодтой. Ӕгас Иудейы зӕххыл, стӕй Бениамин, Ефрем ӕмӕ Менассиайы зӕххыты фехӕлдтой кувӕн къуыбыртӕ ӕмӕ нывондхӕссӕнтӕ. Уый фӕстӕ дзы алчидӕр ӕрбаздӕхти йӕхи зӕххы хаймӕ, йӕ сахармӕ. 2Езекиа скодта сауджынтӕ ӕмӕ левитты уаз куысты рад, кӕмӕ дзы цы хӕс хауди, уымӕ гӕсгӕ, цӕмӕй иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ хӕссой, уаз куыст кӕной, арфӕ ӕмӕ кады зарджытӕй Дунедарӕджы стауой асадӕны кулдуары раз. 3Паддзах йӕ исбонӕй рахицӕн кодта райсомы ӕмӕ изӕры иууылсудзинӕгтӕн, стӕй сабӕттӕ, мӕйногтӕ ӕмӕ иннӕ бӕрӕгбӕтты иууылсудзинӕгтӕн дӕр, Дунедарӕджы Ӕгъдауы куыд фыст ис, афтӕ. 4Йерусалимы цӕрджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕн сӕ хай дӕттой, ӕмӕ уыдонӕн сӕ бон уа Дунедарӕджы Ӕгъдау ӕххӕст кӕнынӕн сӕхи снывонд кӕнын. 5Адӕмӕн уыцы бардзырд куы фехъусын кодтой, уӕд израилӕгтӕ сӕ тыллӕджы сӕртӕй бирӕ хуынтӕ ӕрбахастой: хор, сӕн, оливӕйы сой, мыд, хуымты алы бӕркад — алцӕмӕн дӕр йӕ дӕсӕймаг хай. 6Иудейы сахарты израилӕгтӕ ӕмӕ иудейӕгтӕй чи царди, уыдон дӕр сӕ дӕсӕймаг хӕйттӕ сӕмбӕлын кодтой стурвос ӕмӕ лыстӕг фосӕй, стӕй Дунедарӕгӕн, сӕ Хуыцауӕн, кӕй снывонд кодтой, ӕппӕт уыцы уаз дзауматӕй, ӕмӕ бирӕ кӕритӕ самадтой. 7Хуынтӕ хӕссын ӕртыккаг мӕйы райдыдтой ӕмӕ сӕ суанг ӕвдӕм мӕймӕ фӕхастой. 8Езекиа ӕмӕ йӕ барджынтӕ куы’рбацыдысты ӕмӕ уыцы кӕритӕ куы федтой, уӕд арфӕ ракодтой Дунедарӕгӕн ӕмӕ Йӕ адӕм Израилӕн. 9Езекиа сауджынтӕ ӕмӕ левитты бафарста, утӕппӕт кӕритӕ кӕцӕй сты, зӕгъгӕ, 10ӕмӕ йын алчер Азариа, Цадокы байзӕддаг, дзуапп радта: «Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ хуынтӕ хӕссын куы райдыдтой, уӕдӕй нырмӕ хӕрдхъуаг никуы уыдыстӕм, стӕй дзы тынг бирӕ баззади, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Йӕ адӕмӕн арфӕ ракодта. Уый бӕрц бӕркад нӕм уымӕн ӕрӕмбырд ис». 11Уӕд Езекиа бафӕдзӕхста, цӕмӕй Дунедарӕджы Кувӕндоны къӕбицтӕ ӕрцӕттӕ кӕной, ӕмӕ йын сӕххӕст кодтой йӕ бардзырд. 12– 13Хуынтӕ иууылдӕр, алы исбоны дӕсӕймаг хӕйттӕ ӕмӕ, цы снывонд чындӕуыд, уыдӕттӕ уырдӕм хаст ӕрцыдысты. Сӕйраг уагдар сын уыди левит Конани, йӕ хӕдивӕг та — йе’фсымӕр Шими. Уыдоны дӕлбар паддзах Езекиа ӕмӕ Дунедарӕджы Кувӕндоны уагдар Азариа цӕстдарджытӕй сӕвӕрдтой Йехиел, Азазиа, Нахат, Асаел, Иеримот, Йозавад, Елиел, Исмахиа, Махат ӕмӕ Бенайайы. 14Имнайы фырт Коре, левит, уыди скӕсӕйнаг кулдуары дуаргӕс. Уый дзуапп лӕвӕрдта, Хуыцауӕн бархийӕ цы хуынтӕ хастой, уыдонӕн, стӕй уӕрста Дунедарӕгӕн хаст нывӕндтӕ ӕмӕ, цы лӕвӕрттӕ снывонд чындӕуыд, уыдон. 15Сауджынты сахарты йӕ дӕлбар уыдысты Еден, Миниамин, Йешуа, Шемайа, Амариа ӕмӕ Шеханиа. Уыдон сӕ цӕст дардтой уымӕ, цӕмӕй се’фсымӕртӕн, хистӕрӕй, кӕстӕрӕй, сӕ къордтӕм гӕсгӕ, сӕ хӕйттӕ раст лӕвӕрд цӕуой. 16Уымӕй уӕлдай, сӕ хӕйттӕ уӕрстой, сауджынты хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст чи ӕрцыд, ӕртӕ азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыди, уыдонӕн се’ппӕтӕн — Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ се’рвылбоны уаз куысты рады чи цыди, сӕ къордтӕм ӕмӕ сӕ хӕстӕм гӕсгӕ, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр. 17Сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ номхыгъдтӕм хаст ӕрцыдысты сауджынтӕ, стӕй левиттӕ — сӕ къордтӕ ӕмӕ сӕ куысты хӕстӕм гӕсгӕ, ссӕдзаздзыдтӕй уӕлӕмӕ. 18Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ цӕрӕнбонтӕм сӕхи уаз лӕггадӕн кӕй ныббастой, уый тыххӕй се’мрӕнхъ номхыгъдтӕм бахаудтой сӕ чысыл сабитӕ дӕр; сӕ устытӕ, сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ чызджытӕ. 19Аароны байзӕддӕгтӕй, сауджынтӕй, сӕ сахарты алыварс сын цы зӕххы хӕйттӕ уыд, уымыты чи цард, уыдоны тыххӕй алы сахары дӕр номхыгъдӕй снысан кодтой бӕрнон лӕгты, цӕмӕй хӕйттӕ уарой сауджынты бинонты нӕлгоймӕгтӕн ӕмӕ, левитты хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст чи уыди, уыдонӕн. 20Ӕппӕт адӕттӕ сарӕзта Езекиа ӕгас Иудейы. Уый кодта хорз, раст ӕмӕ Дунедарӕгӕн фӕндон хъуыддӕгтӕ. 21Цыдӕриддӕр-иу сфӕнд кодта — Хуыцауы Кувӕндонӕн балӕггад кӕнын, Ӕгъдау ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ сӕххӕст кӕнын — алы хъуыддаджы дӕр агуырдта Хуыцауы ӕмӕ архайдта зӕрдиагӕй, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уыди ӕнтыстджын.
Copyright information for
OssIBT2022