‏ 2 Chronicles 33

Паддзах Менассиа

1Менассиа паддзах куы сси, уӕд ыл цыди дыууадӕс азы ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта фынддӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы. 2Менассиа Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон хъуыддӕгтӕ кодта. Дунедарӕг израилӕгты разӕй цы адӕмты фӕсырдта, уыдоны ӕлгъаг митӕ фӕзмыдта. 3Ногӕй сарӕзта, кӕддӕр йӕ фыд Езекиа кӕй ныппырх кодта, уыцы кувӕн къуыбыртӕ, Баалтӕн скодта нывондхӕссӕнтӕ, Ашерӕйӕн — цӕджындзтӕ; табу ӕмӕ лӕггад кодта ӕппӕт уӕларвон стъалытӕн. 4Суанг Дунедарӕджы Кувӕндоны дӕр, Дунедарӕг афтӕ кӕмӕй загъта, Йерусалимы Мӕ ном мыггагмӕ цӕрдзӕн, зӕгъгӕ, Менассиа нывондхӕссӕнтӕ сарӕзта. 5Кувӕндонӕн йӕ дыууӕ кӕрты мидӕг ӕппӕт уӕларвон ӕфсадӕн нывондхӕссӕнтӕ скодта. 6Хинномы фырты дӕлвӕзы арты нывондӕн ӕрхаста йӕ фыртты, дӕсны фарста, хинтӕ ӕмӕ кӕлӕнтӕ кодта, мӕрдтӕмсидджытӕ ӕмӕ кӕлӕнгӕнджыты уынаффӕтӕм хъуыста. Дунедарӕджы раз бирӕ фыдракӕндтӕ сарӕзта ӕмӕ йӕ бирӕ галиу митӕй мӕсты кодта Дунедарӕджы. 7Хъӕдӕй кӕй саразын кодта, уыцы гуымирыйы та сӕвӕрдта Дунедарӕджы Кувӕндоны, Дунедарӕг Давид ӕмӕ Соломонӕн афтӕ кӕмӕй загъта: «Ацы Кувӕндоны, Йерусалимы — Израилы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгты исбонӕй Мӕхицӕн кӕй равзӕрстон, уыцы сахары — Мӕ ном цӕрдзӕни мыггагмӕ. 8Ӕз израилӕгты, сӕ фыдӕлтӕн сын цы зӕхх радтон, уымӕй никуыуал фӕхауӕццаг кӕндзынӕн, кӕд, цыдӕриддӕр сын бафӕдзӕхстон, уыдӕттӕ, Моисейы уылты сын кӕй радтон, уыцы Ӕгъдау, уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ амындтытӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕной, уӕд».

9Фӕлӕ Менассиа Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн сӕ сӕрызонд афтӕ сзыгъуыммӕ кодта, ӕмӕ израилӕгтӕн бынат суӕгъд кӕныны тыххӕй Дунедарӕг цы адӕмты ныццагъта, уыдонӕй фӕфыддӕр сты. 10Дунедарӕг Менассиа ӕмӕ йӕ адӕмы рагацау бахизыныл архайдта, фӕлӕ Йӕм нӕ хъуыстой. 11Ӕмӕ сыл уӕд Ассирийы паддзахы’фсады хицӕутты бафтыдта, ӕмӕ уыдон Менассиайыл хъадамантӕ скодтой, рӕхыстӕй йӕ сбастой ӕмӕ йӕ афтӕмӕй Вавилонмӕ акодтой.

12Менассиа уынгӕг ранмӕ куы бахауд, уӕд Дунедарӕгӕн, йӕ Хуыцауӕн, лӕгъстӕ кӕнын байдыдта, йӕ фыдӕлты Хуыцауы раз тынг ӕрфӕсмон кодта. 13Скуывта Йӕм, ӕмӕ йӕм Хуыцау Йӕ хъус ӕрдардта, айста йын йӕ куывд. Фӕстӕмӕ йӕ’рбаздӕхта Йерусалиммӕ, йӕ паддзахы бадӕнмӕ. Ӕмӕ афтӕмӕй Менассиа базыдта, Дунедарӕг ӕцӕгӕйдӕр Хуыцау кӕй у, уый.

14Уый фӕстӕ Менассиа ногӕй рацаразын кодта Давиды сахары ӕддаг быру, уыимӕ йӕ ноджы бӕрзонддӕр систа. Быру цыди Гихоны тӕрфы ныгуылӕйнаг фӕрсты ӕмӕ ахӕццӕ ис Кӕфты кулдуармӕ, стӕй дарддӕр Офелы алыварс ӕрзылди.

Иудейы фидаргонд сахарты Менассиа ӕфсӕддон хицӕутты сӕвӕрдта.
15Дунедарӕджы Кувӕндонӕй ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕ ӕмӕ гуымирыйы раппарын кодта. Кувӕндон цы хохыл лӕууыд, ууыл, стӕй Йерусалимы кӕй саразын кодта, уыцы нывондхӕссӕнтӕ дӕр фехӕлдта, иууылдӕр сӕ сахары ӕддемӕ ахӕссын кодта. 16Ногӕй сарӕзта Дунедарӕджы нывондхӕссӕн, фидыды ӕмӕ арфӕйы нывӕндтӕ йыл ӕрхаста. Иудейӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй лӕггад кӕной Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн. 17Фӕлӕ ма уӕддӕр адӕм кувӕн къуыбыртыл нывӕндтӕ хастой, ӕцӕг Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, номыл.

18Менассиайы иннӕ хабӕрттӕ, йӕ куывд Хуыцаумӕ ӕмӕ, Дунедарӕджы номӕй йӕм цы зонынджынтӕ сидти, уыдоны ныхӕстӕ фыст сты «Израилы паддзӕхты чиныджы». 19«Хозайы чиныджы» фыст ӕрцыдысты Менассиайы куывд, Хуыцау ӕм Йӕ хъус куыд ӕрдардта, уый, йе’рфӕсмоны размӕ йӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ йӕ фыдракӕндтӕ иууылдӕр, стӕй кувӕн къуыбыртӕ, Ашерӕйы цӕджындзтӕ ӕмӕ гуымирытӕ кӕмыты скодта, уыдӕттӕ.

20Менассиа куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ галуаны кӕрты. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Амон. 21Паддзах куы сси, уӕд ыл цыди дыууӕ ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста дыууӕ азы. 22Амон йӕ фыд Менассиайау Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон хъуыддӕгтӕ кодта. Кӕддӕр йӕ фыд цы гуымирытӕ сарӕзта, уыдонӕн табу кодта ӕмӕ сын нывӕндтӕ хаста. 23Йӕ фыд Менассиайы хуызӕн, Амон не’рфӕсмон кодта Дунедарӕджы раз, фӕлӕ ма йӕ тӕригъӕдтӕ ноджы фӕфылдӕр сты.

24Фӕстагмӕ паддзах Амоны ныхмӕ йӕ дӕлдӕртӕ сусӕгвӕнд скодтой ӕмӕ йӕ амардтой йӕ галуаны. 25Фӕлӕ бӕстӕйы цӕрджытӕ, Амоны ныхмӕ сусӕгвӕнды чи архайдта, уыдоны се’ппӕты дӕр ныццагътой ӕмӕ йын йӕ бӕсты паддзахӕй расидтысты йӕ фырт Иосиайы.
Copyright information for OssIBT2022