2 Chronicles 34
Паддзах Иосиа
1Иосиа паддзах куы сси, уӕд ыл цыди аст азы, ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста иуӕндӕс ӕмӕ ссӕдз азы. 2Иосиа Дунедарӕгӕн фӕндон хъуыддӕгтӕ кодта. Алцӕмӕй дӕр фӕзмыдта йӕ фыдӕл Давиды, уый фӕндагыл цыди ӕмӕ дзы йӕхи нӕдӕр рахизӕрдӕм, нӕдӕр галиуӕрдӕм здӕхта. 3Йӕ паддзахиуӕджы ӕстӕм аз, нырма ӕрыгон уыдис, афтӕмӕй Иосиа йе’ргом сарӕзта Дунедарӕджы, йӕ фыдӕл Давиды Хуыцауы’рдӕм. Дыууадӕсӕм аз та Иудей ӕмӕ Йерусалим сыгъдӕг кӕнын райдыдта кувӕн къуыбыртӕ ӕмӕ Ашерӕйы цӕджындзтӕй, нывӕфтыд ӕмӕ джиппыуагъд гуымирытӕй. 4Иосиа ныппырх кӕнын кодта Баалты нывондхӕссӕнтӕ, стӕй, цы будсудзӕнтӕ сыл уыди, уыдон дӕр. Уый акалдта Ашерӕйы цӕджындзтӕ, нывӕфтыд ӕмӕ джиппыуагъд гуымирытӕ. Иууылдӕр сӕ ныззыгуым кодта ӕмӕ сӕ, кӕддӕр сын нывӕндтӕ чи хаста, уыдоны ингӕнтыл ныххӕлиу кодта. 5Мӕнгхуыцӕутты сауджынтӕн се стджытӕ сӕ нывондхӕссӕнтыл басудзын кодта ӕмӕ афтӕмӕй ссыгъдӕг кодта Иудей ӕмӕ Йерусалим. 6Менассиа афтӕ бакодта Ефрем ӕмӕ Симеоны сахарты дӕр, суанг Неффалимы зӕххы онг, стӕй, сӕ алыварс гӕныстонмӕ цы зӕххытӕ’рцыдысты, уыдоны дӕр. 7Ӕгас Израилы зӕххыл Ашерӕйы нывондхӕссӕнтӕ ӕмӕ цӕджындзтӕ фехалын кодта, гуымирыты рыг фестын кодта, будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ ныддӕрӕн кодта. Ӕмӕ уый фӕстӕ’рбаздӕхти Йерусалиммӕ. 8Йӕ паддзахиуӕджы ӕстдӕсӕм аз, бӕстӕ ӕмӕ Хуыцауы хӕдзар ссыгъдӕг кӕныны фӕстӕ, Ацалиайы фырт Шафанӕн, стӕй сахары хицау Маасеа ӕмӕ Йоахазы фырт Йоахӕн, йӕ азфыссӕгӕн, бафӕдзӕхста йӕ Хуыцауы хӕдзар ногӕй рацаразын. 9Уыдон бацыдысты алчер Хилкиамӕ ӕмӕ йын радтой, адӕм Хуыцауы хӕдзармӕ цы ӕвзист ӕрбахастой, уый. Кувӕндоны къӕсӕрыл цы хъахъхъӕнӕг-левиттӕ лӕууыд, уыдон сӕ ӕрӕмбырд кодтой Менассиа ӕмӕ Ефремы байзӕддӕгтӕй, стӕй, израилӕгтӕй ма сӕрӕгасӕй чи баззади, уыдонӕй, ноджы ма Иудӕ ӕмӕ Бениамины ӕппӕт фӕдонтӕ ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕй. 10Уый фӕстӕ ӕвзист радтой, Дунедарӕджы хӕдзары куыстытӕ кӕмӕн бабар кодтой, уыцы лӕгтӕм, цӕмӕй дзы уыдон Дунедарӕджы хӕдзар цалцӕггӕнджытӕн сӕ мызд фидой. 11Уыдон хъӕддӕснытӕ ӕмӕ аразджытӕн ӕхца лӕвӕрдтой, цӕмӕй дзы лӕгъзгонд дуртӕ ӕмӕ хъайвантӕн хъӕдӕрмӕг ӕлхӕной, иудейаг паддзӕхты аххосӕй заууатмӕ цы бӕстыхӕйттӕ’рцыдысты, уыдон ногӕй рацаразынӕн. 12Уыцы кусджытӕ уыдысты ӕууӕнкджын адӕм. Сӕ сӕргъы Мерарийы байзӕддӕгтӕй лӕууыдысты левиттӕ Йахат ӕмӕ Овади, Кехаты байзӕддӕгтӕй — Захариа ӕмӕ Мешуллам. Левиттӕй алы зӕлуадзӕнтӕй цӕгъдынмӕ дӕсны чи уыди, 13уыдон та сӕ цӕст дардтой уӕргътӕ хӕсджытӕм, стӕй, алы ӕндӕр куыст чи кодта, уыдонмӕ. Левиттӕй иуӕй-иутӕ уыдысты нымӕрдартӕ, цӕстдарджытӕ ӕмӕ дуаргӕстӕ. 14Дунедарӕджы Кувӕндоны цы’взист ӕрӕмбырд, уый райсынмӕ куы бацыдысты, уӕд сауджын Хилкиа ссардта, Дунедарӕг Йӕ адӕмӕн Моисейы уылты кӕй радта, уыцы Ӕгъдауы чиныг. 15Хилкиа нымӕрдар Шафанӕн загъта: «Ӕз Дунедарӕджы Кувӕндоны ссардтон Ӕгъдауы чиныг». Ӕмӕ тухгӕ чиныг Шафанмӕ радта. 16Шафан чиныг паддзахмӕ бахаста ӕмӕ йын фехъусын кодта: «Дӕ лӕггадгӕнджытӕ дын дӕ фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕнынц. 17Кувӕндоны цы ӕвзист разынди, уый цӕстдарджытӕ ӕмӕ кусджыты къухтӕм радтой». 18Ноджы ма Шафан йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Сауджын Хилкиа мӕм тухгӕ чиныг радта». Ӕмӕ йӕ Шафан паддзахы раз бакасти. 19Паддзах, Ӕгъдауы чиныджы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта. 20Алчер Хилкиа, Шафаны фырт Ахикам, Михайы фырт Авдон, нымӕрдар Шафан ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Асайайӕн бафӕдзӕхста: 21«Цӕугӕут ӕмӕ Дунедарӕджы бафӕрсут мӕн тыххӕй, стӕй ма, Израил ӕмӕ Иудейы сӕрӕгасӕй чи баззади, уыдоны тыххӕй дӕр. Цы чиныг ссардӕуыд, уым цы фыст ис, уыдӕттӕн цы кӕнгӕ у? Уымӕн ӕмӕ нӕм Дунедарӕг тынг мӕсты у, нӕ фыдӕлтӕ Дунедарӕджы ныхӕстӕ кӕй ницӕмӕ дардтой ӕмӕ Ӕгъдауы чиныджы домӕнтӕ кӕй не’ххӕст кодтой, ууыл». 22Хилкиа ӕмӕ паддзахы’рвыст лӕгтӕ ацыдысты, Йерусалимы дыккаг зылды чи царди, уыцы сылгоймаг-пехуымпар Хулдамӕ. Йӕ мой Шаллум уыди Токхаты фырт, Хасрайы фырты фырт, йӕ бӕрны уыдысты Кувӕндоны уӕлӕдарӕстӕ. Ӕмӕ йын радзырдтой ӕппӕт дӕр. 23– 24Уый сын дзуапп радта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау. Чи уӕ рарвыста, уымӕн фехъусын кӕнут: „Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: ацы бынат ӕмӕ йӕ цӕрджытыл Ӕз стыр бӕллӕх ӕруадздзынӕн, ацы чиныджы, Иудейы паддзахы раз кӕй бакастысты, уым цыдӕриддӕр ӕлгъыстытӕ фыст ис, уыдон сыл иууылдӕр ӕрцӕудзысты. 25Мӕн кӕй ныууагътой ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн буд кӕй сыгътой, сӕ хъуыддӕгтӕй Мӕ кӕй мӕсты кодтой, уый тыххӕй сыл Мӕ масты цӕхӕр ныккӕлдзӕн ӕмӕ нӕ ахуысдзӕн!“ 26Иудейы паддзахӕн, Дунедарӕджы бафӕрсынмӕ уӕ чи рарвыста, уымӕн та зӕгъут: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау: ды, ацы чиныджы цы фыст ис, уый фехъуыстай. 27Ӕмӕ ды, ацы сахар ӕмӕ йӕ цӕрджытӕн цы бакӕнынмӕ хъавын, уый куы фехъуыстай, уӕд Дунедарӕджы раз кӕй ӕрфӕсмон кодтай, дӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм кӕй арӕдывтай ӕмӕ Мӕ разы дӕ цӕссыг кӕй калдтай, уый тыххӕй дӕ Ӕз дӕр фехъуыстон, — зӕгъы Дунедарӕг. — 28Ӕмӕ ды дӕхи цӕстӕй нӕ фендзынӕ, Ӕз ацы сахар ӕмӕ йӕ цӕрджыты цы бӕллӕхы амӕттаг бакӕндзынӕн, уый. Дӕ царды кӕрон дӕ Ӕз фарнимӕ дӕ фыдӕлты размӕ бакӕндзынӕн“». Паддзахыл уыцы дзуапп куы сӕмбӕлын кодтой, 29уӕд фӕсидти Иудей ӕмӕ Йерусалимы хистӕртӕм. 30Иудей ӕмӕ Йерусалимы ӕппӕт цӕрджытимӕ, сауджынтӕ ӕмӕ левиттимӕ, ӕппӕт дзыллӕимӕ, стырӕй, чысылӕй, паддзах ацыди Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ. Уым сын райдианӕй кӕронмӕ хъӕрӕй бакасти, Кувӕндоны кӕй ссардтой, уыцы Фидыды чиныджы ныхӕстӕ. 31Уый фӕстӕ паддзах йӕ бынаты ӕрлӕууыд ӕмӕ Дунедарӕджы раз сфидар кодта фидыд: Дунедарӕгыл иузӕрдион кӕй уыдзӕн, зӕрдиагӕй ӕмӕ удуӕлдайӕ Йын кӕй ӕххӕст кӕндзӕн Йӕ фӕдзӕхстытӕ, Йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Йӕ амындтытӕ, стӕй, Фидыды чиныджы цы ныхӕстӕ фыст ис, уыдон. 32Уым Йерусалим ӕмӕ Бениамины зӕххӕй чи уыди, уыцы адӕмӕн паддзах бафӕдзӕхста, цӕмӕй уыдон дӕр ахӕм дзырд радтой. Ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕххӕст кӕнын райдыдтой Хуыцауы, сӕ фыдӕлты Хуыцауы, фӕдзӕхстытӕ. 33Иосиа аппарын кодта, израилӕгтӕн сӕ дӕлбар цы зӕххытӕ уыд, уымыты цыдӕриддӕр ӕлгъагӕй уыди, уыдӕттӕ ӕмӕ Израилы ӕппӕт адӕмӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй лӕггад кӕной Дунедарӕгӕн, сӕ Хуыцауӕн. Ӕмӕ, цалынмӕ Иосиа ӕгас уыди, уӕдмӕ бӕстӕйы адӕм иууылдӕр сӕхи никуыуал атигъ кодтой Дунедарӕгыл, сӕ фыдӕлты Хуыцауыл.
Copyright information for
OssIBT2022