‏ 2 Chronicles 35

1Иосиа Йерусалимы Дунедарӕгӕн сарӕзта Куадзӕны бӕрӕгбон, ӕмӕ фыццаг мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон ӕрхастой Куадзӕны нывонд. 2Иосиа сауджынтӕн сбӕлвырд кодта сӕ хӕстӕ, сразӕнгард сӕ кодта Дунедарӕджы Кувӕндоны лӕггад кӕнынмӕ. 3Ӕмӕ загъта левиттӕн, Дунедарӕгӕн йӕхи чи снывонд кодта, уыдонӕн, ӕгас Израилы зондамонджытӕн: «Фидыды Чырын сӕвӕрут, паддзах Давиды фырт Соломон кӕй сарӕзта, уыцы Кувӕндоны. Нал уын ӕй хъӕуы уӕхсчытыл хӕссын. Нырӕй фӕстӕмӕ лӕггад кӕнут Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, ӕмӕ Йӕ адӕм Израилӕн. 4Мыггаггай скӕнут уӕ уаз куысты рад, Израилы паддзах Давид ӕмӕ йӕ фырт Соломон сӕ заманы цы барфыст радтой, уымӕ гӕсгӕ. 5Левиттӕн сӕ алы къорд дӕр Кувӕндоны йе’рвад-ӕфсымӕрты фарсмӕ’рлӕууӕд. 6Уӕхи ссыгъдӕг кӕнут ӕмӕ уе’рвадӕлтӕн Куадзӕны уӕрыкк аргӕвдут, Дунедарӕг Моисейы уылты куыд бафӕдзӕхста, афтӕ».

7Паддзах Иосиа, адӕмӕй уым чи уыди, уыдонӕн се’ппӕтӕн дӕр Куадзӕны номыл йӕ исбонӕй рауӕлдай кодта дӕс ӕмӕ ссӕдз мин уӕрыччы ӕмӕ сӕныччы, стӕй ӕртӕ мин стуры. 8Йӕ барджынтӕ дӕр адӕмӕн, стӕй сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕн, бархийӕ лӕвӕрттӕ ракодтой сӕ фосӕй. Хуыцауы Кувӕндоны уагдартӕ, Хилкиа, Захариа ӕмӕ Йехиел, Куадзӕны нывондӕгтӕ сауджынты къухмӕ радтой: лыстӕг фосӕй — дыууӕ мин ӕмӕ ӕхсӕзсӕдӕ сӕры, стурвосӕй — ӕртӕсӕдӕ сӕры. 9Левитты хистӕртӕ дӕр, Конани ӕмӕ йе’фсымӕртӕ Шемайа ӕмӕ Нетанел, ноджы ма Хашавиа, Йеиел ӕмӕ Йозавад, левиттӕн Куадзӕны нывӕндтӕ’рхӕссынӕн балӕвар кодтой фондз мин сӕры лыстӕг фосӕй, фондзсӕдӕ сӕры та — стуртӕ.

10Сауджынты уаз куыстӕн ӕппӕт дӕр цӕттӕгонд куы’рцыд, уӕд дзы алчидӕр йӕ бынаты ӕрлӕууыд, левиттӕ дӕр сӕ къордтӕм гӕсгӕ ӕрлӕууыдысты, паддзах куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.

11Левиттӕ Куадзӕны уӕрыччыты аргӕвстой ӕмӕ сын бастыгътой сӕ цӕрмттӕ, сауджынтӕ та левитты къухӕй райстой сӕ тугӕй ӕмӕ дзы бапырх кодтой нывондхӕссӕныл. 12Иууылсудзинагӕн цы хӕйттӕ нысангонд уыди, уыдон хицӕнгонд цыдысты, цӕмӕй адӕмы мыггӕгты алы къорды номӕй лӕвӕрд цӕуой сауджынтӕм ӕмӕ сӕ уыдон нывондхӕссӕныл судзой Дунедарӕджы кадӕн, Моисейы чиныджы куыд фыст ис, афтӕ. Стуртӕн дӕр бакодтой афтӕ. 13Левиттӕ, уагфыстмӕ гӕсгӕ, Куадзӕны уӕрыччыты фыд физонӕг кодтой, сӕ уаз хӕйттӕ та сын агтӕ ӕмӕ дурынты сфыхтой ӕмӕ сӕ адӕмыл рӕвдз айуӕрстой. 14Уый фӕстӕ левиттӕ Куадзӕны минас сцӕттӕ кодтой сӕхицӕн ӕмӕ сауджынтӕн, уымӕн ӕмӕ сауджынтӕ, Аароны байзӕддӕгтӕ, ӕнафонмӕ фӕхастой иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фӕсыгътой нывондӕгты фиу. Сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сауджынтӕн дӕр, Аароны байзӕддӕгтӕн, алцыдӕр ӕрцӕттӕ кодтой левиттӕ.

15Зарӕггӕнджытӕ, Асафы байзӕддӕгтӕ, лӕууыдысты сӕ бынӕтты, сӕ заманы Давид, Асаф, Хеман ӕмӕ паддзахы зонынджын Йедутун куыд бауынаффӕ кодтой, афтӕ. Дуаргӕстӕ дӕр алы кулдуары раз лӕууыдысты, йӕ куыст ныууадзын дзы никӕй бахъуыди, уымӕн ӕмӕ сын се’рвадӕлтӕ, левиттӕ, алцыдӕр ӕрцӕттӕ кодтой.

16Уыцы бон Дунедарӕджы кадӕн уаз лӕггады ӕгъдау иууылдӕр сӕххӕст кодтой: Куадзӕны бӕрӕгбон арӕзт ӕрцыди. Паддзах Иосиайы бардзырдӕй Дунедарӕджы нывондхӕссӕныл хаст ӕрцыдысты иууылсудзинаг нывӕндтӕ.

17Израилы дзыллӕ Куадзӕны бӕрӕгбоны хӕдфӕстӕ авд боны дӕргъы бӕрӕг кодтой Донгонд дзулты бӕрӕгбон. 18Пехуымпар Самуелы заманӕй фӕстӕмӕ Израилы ахӕм Куадзӕн никуыуал уыд. Израилы паддзӕхтӕй иу дӕр Куадзӕн Иосиайы хуызӕн никуы сбӕрӕг кодта: сауджынтӕ ӕмӕ левиттимӕ, Иудей ӕмӕ Израилы адӕмӕй уым чи уыдис, уыдонимӕ ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытимӕ. 19Куадзӕны бӕрӕгбон арӕзт ӕрцыд Иосиайы паддзахиуӕджы ӕстдӕсӕм аз.

20Иосиа Дунедарӕджы Кувӕндоны уаз куыстӕн уаг ӕмӕ ӕгъдау куы сӕвӕрдта, уый фӕстӕ Мысыры паддзах Нехо хӕстмӕ рацыди Каркемишы ныхмӕ, Евфраты’рдӕм, ӕмӕ Иосиа йе’фсадимӕ рацыди йӕ ныхмӕ. 21Нехо йӕм йӕ минӕвӕртты барвыста, цӕмӕй йын зӕгъой: «Иудейы паддзах, цавӕр хъаугъа ис не’хсӕн? Ӕз хӕстмӕ рацыдтӕн дӕ ныхмӕ нӕ, фӕлӕ, мемӕ чи хӕцы, уыдоны ныхмӕ хӕцынмӕ. Хуыцау мын бафӕдзӕхста, цӕмӕй фӕстиат ма фӕкӕнон. Уый мӕ фарс хӕцы. Уӕдӕ Йӕ ныхмӕ ма цу, науӕд дӕ бабын кӕндзӕн». 22Иосиа фӕстӕмӕ нӕ аздӕхт, фӕлӕ йӕхи тохмӕ’рцӕттӕ кодта. Нехо йын Хуыцауы номӕй цы загъта, уымӕ нӕ байхъуыста, ӕмӕ Мегиддойы дӕлвӕзы йемӕ схӕцыди.

23Нехойы ӕрдынджынтӕ сӕ фӕттӕ суагътой ӕмӕ Иосиайы фӕцӕф кодтой. Уӕд Иосиа йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Аласут мӕ ардыгӕй, уӕззау цӕф дӕн». 24Уыдон ӕй уӕрдонӕй райстой, ӕндӕр уӕрдоны йӕ сӕвӕрдтой ӕмӕ йӕ аластой Йерусалиммӕ. Уым Иосиа амарди, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой йӕ фыдӕлты зӕппадзы. Ӕгас Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ йыл фӕхъыг кодтой. 25Йеремиа йыл скодта хъарӕг. Уӕдӕй нырмӕ йӕ хъарджыты фӕмысынц бирӕ зарӕггӕнджытӕ, нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй. Израилы уый сси фӕтк, уыцы зарджытӕ фыст ӕрцыдысты «Хъарджыты чиныджы».

26Иосиайӕн йӕ хицаудзинады иннӕ хабӕрттӕ, Дунедарӕджы Ӕгъдауыл ӕнувыд куыд уыди, уыцы хорз хъуыддӕгтӕ, 27райдианӕй кӕронмӕ, фыст ӕрцыдысты «Израил ӕмӕ Иудейы паддзӕхты чиныджы».
Copyright information for OssIBT2022