‏ 2 Chronicles 36

Паддзӕхтӕ Йоахаз, Иоаким ӕмӕ Йехониа

1Иудейы дзыллӕ Йерусалимы сахары Иосиайы бӕсты паддзахӕй расидтысты йӕ фырт Иоахазы.

2Иоахаз паддзах куы сси, уӕд ыл цыди ӕртӕ ӕмӕ ссӕдз азы ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста ӕртӕ мӕйы. 3Мысыры паддзах ӕй Йерусалимы ӕнӕхай фӕкодта йӕ паддзахы бадӕнӕй, Иудейыл та сӕвӕрдта хъалон: сӕдӕ таланты ӕвзист ӕмӕ иу талант сыгъзӕрин. 4Мысыры паддзах Иудей ӕмӕ Йерусалимӕн Иосиайы бӕсты паддзахӕй расидти йӕ иннӕ фырт Елиакимы. Ӕцӕг ын радта ног ном: Иоаким. Иоахазы та фараон Нехо Мысырмӕ уацары акодта.

5Иоаким паддзах куы сси, уӕд ыл цыди фондз ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста иуӕндӕс азы. Дунедарӕгӕн, йӕ Хуыцауӕн, ӕнӕуынон цы уыди, уыдӕттӕ кодта. 6Ӕмӕ йӕм Вавилоны паддзах Навуходоносор ӕрбабырста, хъадамантӕ йыл скодта ӕмӕ йӕ Вавилонмӕ уацары акодта. 7Дунедарӕджы Кувӕндоны мигӕнӕнтӕн дӕр сӕ иу хай аласта Вавилонмӕ ӕмӕ сӕ уым йӕхи кувӕндоны сӕвӕрдта.

8Иоакимы иннӕ хабӕрттӕ, йе’лгъаг хъуыддӕгтӕ, цы йыл ӕрцыди, уыдӕттӕ иууылдӕр фыст ӕрцыдысты «Израил ӕмӕ Иудейы паддзӕхты чиныджы». Йӕ фӕстӕ паддзах сси йе’фсымӕр Йехониа.

9Йехониа паддзах куы сси, уӕд ыл цыди аст азы, ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста ӕртӕ мӕйы. Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы уыди, уыдӕттӕ кодта. 10Уалдзӕджы йӕм Навуходоносор арвыста, ӕмӕ йӕ Вавилонмӕ уацары акодтой, ноджы ма рахастой Дунедарӕджы Кувӕндоны зынаргъ дзауматӕ дӕр. Иудей ӕмӕ Йерусалимӕн та паддзахӕй сӕвӕрдта уымӕн йе’фсымӕр Цедекиайы.

Паддзах Цедекиа

11Цедекиа паддзах куы сси, уӕд ыл цыди иу ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста иуӕндӕс азы. 12Дунедарӕгӕн, йӕ Хуыцауӕн, ӕнӕуынон цы уыди, уыдӕттӕ кодта. Дунедарӕг ын пехуымпар Йеремиайы уылты цы фӕдзӕхста, уыдон дӕр ницӕмӕ дардта.

13Цедекиа сыстади паддзах Навуходоносоры ныхмӕ, кӕд ын уый Хуыцауы раз ард бахӕрын кодта, уӕддӕр. Ахӕм хивӕнд ӕмӕ хиваст разынди, ӕмӕ йӕ ӕппындӕр Дунедарӕгмӕ, Израилы Хуыцаумӕ, йе’ргом раздахын нал фӕндыд. 14Хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ адӕмы хистӕрты тӕригъӕдтӕн дӕр кӕрон нал уыди. Муртаттӕгты ӕлгъаг митӕ фӕзмыдтой ӕмӕ фӕчъизи кодтой Дунедарӕджы Кувӕндон, Дунедарӕг Йерусалимы кӕй срухс скодта, уый. 15Дунедарӕг сӕм, сӕ фыдӕлты Хуыцау, ӕдзухдӕр ӕрвыста Йӕ минӕвӕртты, уымӕн ӕмӕ тӕригъӕд кодта Йӕ адӕмӕн, йӕ Цӕрӕнӕн. 16Фӕлӕ Йын уыдон хынджылӕг кодтой Йӕ минӕвӕрттӕй, ӕлгъ кодтой Йӕ ныхӕстыл ӕмӕ Йын Йӕ пехуымпартыл худтысты, цалынмӕ сӕм Дунедарӕджы маст рафыхти, уӕдмӕ, ӕмӕ сын уӕд фервӕзыны хос нал уыди. 17Халдейаг паддзахы сыл сардыдта, ӕмӕ сын уый се’взонг лӕппуты Кувӕндоны мидӕг кардӕй ныццагъта. Никӕуыл бацауӕрста: лӕппуйӕ, чызгӕй, хистӕрӕй, урссӕр зӕрондӕй се’ппӕты дӕр ын Хуыцау радта йӕ къухмӕ. 18Хуыцауы Кувӕндоны ма цы дзауматӕ уыди, уыдон, стырӕй, къаннӕгӕй, стӕй Дунедарӕджы Кувӕндоны хӕзнатӕ, паддзах ӕмӕ йе’лдӕртты хӕзнатӕ — иууылдӕр сӕ аласта Вавилонмӕ.

19Вавилойнӕгтӕ Хуыцауы хӕдзар басыгътой, Йерусалимы быру ныппырх кодтой. Сахары галуантӕ сыгъд ӕрцыдысты иууылдӕр, зынаргъ дзаумайӕ дзы цыдӕриддӕр уыди, уыдон ныззыгуым сты. 20Кардӕй чи аирвӕзт, уыдоны та Навуходоносор уацары атардта Вавилонмӕ, ӕмӕ йын уым цагъартӕ уыдысты йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн дӕр, цалынмӕ Персы паддзахад йӕ тыхы нӕ бацыди, уӕдмӕ. 21Афтӕ сӕххӕст ис, Дунедарӕг Йеремиайы уылты цы загъта, уый. Зӕхх дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы дӕргъы уыди гӕныстон, афтид, цалынмӕ, Израил цы сабаты азтӕ нӕ бӕрӕг кодта, уыдон нӕ баххӕст сты, уӕдмӕ.

22Персайнаг паддзах Кирӕн йӕ паддзахиуӕджы фыццӕгӕм аз сӕххӕст ис, Дунедарӕг пехуымпар Йеремиайы уылты цы фехъусын кодта, уый. Дунедарӕг персайнаг паддзахы сразӕнгард кодта, цӕмӕй йе’ппӕт паддзахады дӕр фехъусын кӕна ӕмӕ ныффысса ахӕм бардзырд: 23«Афтӕ зӕгъы Кир, Персы паддзах: дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ мын иууылдӕр Дунедарӕг, уӕларвон Хуыцау, мӕ къухмӕ радта. Ӕмӕ мын бафӕдзӕхста, цӕмӕй Йын Йерусалимы, Иудейы зӕххыл, саразон Кувӕндон. Гъемӕ уӕ Йӕ адӕмӕй чи у, уыдон иууылдӕр уырдӕм ацӕуӕнт, ӕмӕ уын Дунедарӕг ахъазгӕнӕг фӕуӕд!»
Copyright information for OssIBT2022