2 Chronicles 8
Паддзах Соломоны дарддӕры хъуыддӕгтӕ
1Соломон Дунедарӕджы Кувӕндон ӕмӕ паддзахы галуан саразыныл бахардз кодта ссӕдз азы. 2Уый фӕстӕ ногӕй рацарӕзта, Хирам ын цы сахартӕ радта, уыдон ӕмӕ дзы израилӕгты ӕрцӕрын кодта. 3Соломон бабырста Хамат-Цовайы сахармӕ ӕмӕ йӕ бацахста. 4Ноджы ма рацарӕзта Тадморы сахар, ӕдзӕрӕг быдыры чи ис, уый, стӕй, Хаматы зӕххыл ӕфтауцуатӕн цы сахартӕ сарӕзта, уыдон. 5Рацарӕзта уӕллаг Бет-Хорон ӕмӕ дӕллаг Бет-Хорон, бырутӕй ӕхгӕд фидӕрттӕ сӕ скодта, сӕ кулдуӕрттыл — ӕвдузӕнтӕ ӕвӕрд. 6Рацарӕзта Баалаты сахар, стӕй йӕ иннӕ сахартӕ иууылдӕр: иуты дардта йӕ хӕлц, иннӕты — йӕ тохуӕрдӕттӕ, аннӕты — бӕхтӕ. Ноджы ма Соломон Йерусалимы, Ливаны ӕмӕ йӕ паддзахады алы рӕтты сарӕзта ӕндӕр бӕстыхӕйттӕ дӕр, йӕ зӕрды цыдӕриддӕр уыди, уыдон. 7– 8Израилы зӕххыл раздӕр цы ӕндӕр адӕмтӕ царди — аморӕгтӕ, хеттӕгтӕ, периззӕгтӕ, хиввӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгтӕ, — сӕ мыггаг израилӕгтӕн бынтон сыскъуынын кӕмӕн нӕ бантыст, уыдонӕн сӕ фӕстагӕтты Соломон бафтыдта тыхбегарайы куыстытыл, ӕмӕ сӕ ныронг дӕр кӕнынц. 9Израилӕгтӕй та Соломон йӕ куыстытӕ кӕнын нӕ домдта; уыдон уыдысты йӕ хӕстонтӕ, йӕ хъахъхъӕнджыты хицӕуттӕ, йӕ тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ йӕ бӕхӕфсады фӕтӕгтӕ. 10Соломонӕн йӕ кусӕг адӕмы сӕргъы лӕууыди дыууӕсӕдӕ фӕндзай цӕстдарӕджы. 11Фараоны чызджы Соломон ракодта Давиды сахарӕй ӕмӕ йӕ ӕрцӕрын кодта, сӕрмагондӕй йын кӕй сарӕзта, уыцы галуаны. Загъта: «Сылгоймагӕн Израилы паддзах Давиды галуаны цӕрын не’мбӕлы, уымӕн ӕмӕ ацы бынат уаз у: йӕ заманы ам лӕууыди Дунедарӕджы Фидыды Чырын». 12Соломон Кувӕндоны тыргъы раз цы нывондхӕссӕн сарӕзта, ууыл Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывӕндтӕ хӕссын райдыдта. 13Кӕддӕр Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ уыцы нывондхӕссӕныл хаста иууылсудзинаг нывӕндтӕ — сабӕттӕ, мӕйноджы бӕрӕгбӕттӕ ӕмӕ афӕдзы ӕртӕ стыр бӕрӕгбоны рӕстӕг: Донгонд дзулты бӕрӕгбоны, Къуыриты бӕрӕгбоны ӕмӕ Халагъудты бӕрӕгбоны. 14Йӕ фыд Давиды фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ скодта сауджынты куысты рад, стӕй левитты куысты рад, сӕ хӕстӕм гӕсгӕ, цӕмӕй стауой Дунедарӕджы, ӕххуыс кӕной сауджынтӕн, алы боны фӕткмӕ гӕсгӕ. Ноджы ма алы кулдуары раз дӕр скодта хъахъхъӕнджыты рад, йӕ фыд Давид, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг, куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 15Сауджынтӕ ӕмӕ левитты, стӕй хӕзнадоны тыххӕй Давид цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдонӕй иу мисхалы бӕрц дӕр иуварс ничи ахызт. 16Афтӕ Соломон фӕци йӕ куыст, Дунедарӕджы Кувӕндонӕн бындур сӕвӕрдта ӕмӕ йӕ кӕронмӕ сарӕзта. Уыйадыл Дунедарӕджы хӕдзар арӕзт ӕрцыд. 17Уӕд Соломон ацыди Ецион-Гевермӕ ӕмӕ, денджызы былгӕрон чи ис, уыцы Елоты сахармӕ, Едомы зӕхмӕ. 18Хирам ын уырдӕм арвыста наутӕ, стӕй фӕлтӕрдджын наудзогты. Уыдон паддзах Соломоны адӕмимӕ наутыл аленк кодтой Офирмӕ, ӕрбаластой цыппарсӕдӕ фӕндзай таланты сыгъзӕрин ӕмӕ йӕ Соломонмӕ фӕхӕццӕ кодтой.
Copyright information for
OssIBT2022