2 Chronicles 9
1Соломон ахӕм номдзыд сси, ӕмӕ йӕ кой суанг Савайы ус-паддзахмӕ дӕр байхъуыст. Уый йӕм, уыци-уыцитӕй йӕ бафӕлварынмӕ, йӕ бирӕ фӕсдзӕуинтимӕ ӕрбацыди Йерусалиммӕ. Теуатыл ын ӕрбаласта бирӕ лӕвӕрттӕ: хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, ӕнӕнымӕц сыгъзӕрин ӕмӕ зынаргъ дуртӕ. Соломонмӕ куы бацыд, уӕд йемӕ, цӕуыл ӕй фӕндыд, уыдӕттыл фӕныхас кодта. 2Соломон ын йӕ алы фарстӕн дӕр дзуапп радта, йӕ фӕрстытӕй йын иу дӕр зынӕмбарӕн нӕ уыд ӕмӕ ӕнӕ дзуаппӕй нӕ баззад. 3Савайы ус-паддзах йӕхи цӕстӕй федта Соломоны куырыхон зонд, стӕй, цы галуан сарӕзта, уый; 4йӕ дзаджджын фынгтӕ; йӕ барджынтӕ цы агъуыстыты бадынц; йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ йӕ дзагдарты сӕ аив дарӕсты. Ноджы ма федта, Соломон Дунедарӕджы Кувӕндоны цы иууылсудзинаг нывӕндтӕ хӕссы, уый дӕр, ӕмӕ йын фыр дисӕй улӕфт дӕр нал фаг кодта. 5Паддзахӕн загъта: — Мӕ зӕххыл дын дӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ дӕ куырыхон зонды тыххӕй цы фехъуыстон, уыдон ӕцӕг разындысты. 6Уыцы ныхӕстӕ мӕ нӕ уырныдтой, цалынмӕ ӕрбацыдтӕн ӕмӕ сӕ мӕхи цӕстӕй федтон, уӕдмӕ. Дӕ куырыхон зонд, цы фехъуыстон, уымӕй дзӕвгар фылдӕр у. Ӕппӕт уыдӕттӕн мын се’мбисы бӕрц дӕр нӕ радзырдтой. 7Тӕхудиаг сты дӕ адӕм! Тӕхудиаг сты дӕ лӕггадгӕнджытӕ, ӕдзух дӕ разы чи лӕууы, дӕ уӕлзондмӕ дын чи хъусы! 8Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, хӕрзаудӕн дын Чи кӕны ӕмӕ дӕ Йӕ паддзахы къӕлӕтджыны Чи сбадын кодта, цӕмӕй Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз, паддзахиуӕг кӕнай! Дунедарӕг Израилы адӕмы кӕй уарзы, Йӕ зӕрды сӕ мыггагмӕ ӕрфидар кӕнын кӕй ис, уый тыххӕй дӕ сӕвӕрдта паддзахӕй, цӕмӕй сын рӕстаг тӕрхон кӕнай. 9Ӕмӕ Савайы ус-паддзах Соломонӕн балӕвар кодта ӕхсӕзыссӕдз таланты сыгъзӕрин, ӕнӕнымӕц хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ӕмӕ хӕзнадуртӕ. Савайы ус-паддзах паддзах Соломонӕн цы диссаджы хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ӕрбаласта, ахӕмтӕ уӕды онг никуыма ничи федта. 10Хирам ӕмӕ Соломоны кусджытӕ дӕр Офирӕй ӕрбаластой канд сыгъзӕрин нӕ, фӕлӕ ма зынаргъ хъӕдӕрмӕг алмуг ӕмӕ хӕзнадуртӕ дӕр. 11Уыцы хъӕдӕрмӕгӕй Соломон Дунедарӕджы Кувӕндон ӕмӕ йӕ Галуанӕн скодта асинтӕ. Ноджы ма дзы Кувӕндоны фӕндырдзӕгъдджытӕн сарӕзта хъисфӕндыртӕ ӕмӕ дыууадӕстӕнонтӕ. Ахӕм диссӕгтӕ раздӕр никуыма ничи федта Иудейы. 12Паддзах Соломон йӕхӕдӕг дӕр Савайы ус-паддзахы йӕ лӕвӕрттӕй сбуц кодта, ноджы ма йын радта, йӕ зӕрдӕ цыдӕриддӕр загъта ӕмӕ дзы йӕхи дзыхӕй цы ракуырдта, уыдон дӕр. Ӕмӕ Савайы ус-паддзах йӕ фӕсдзӕуинтимӕ сӕхимӕ аздӕхти. 13Соломонмӕ ӕрвылаз цы сыгъзӕрин ӕфтыд, уымӕн йӕ уӕз уыди ӕхсӕзсӕдӕ ӕхсай ӕхсӕз таланты. 14Уымӕй уӕлдай ма йӕм сыгъзӕрин ластой йӕ базаргӕнджытӕ ӕмӕ йӕ сӕудӕджертӕ, стӕй йӕ бӕстыхицӕуттӕ ӕмӕ суанг Аравийы ӕппӕт паддзӕхтӕ дӕр. 15Соломон рацӕгъдын кодта дыууӕсӕдӕ стыр сыгъзӕрин уарты, алкӕмӕн дӕр дзы йӕ сыгъзӕрины уӕз уыди ӕхсӕзсӕдӕ шекелы. 16Ноджы ма — ӕртӕсӕдӕ гыццыл уарты, алкӕмӕн дӕр дзы йӕ сыгъзӕрины уӕз — ӕртӕсӕдӕ шекелы. Паддзах уыцы уартытӕ бафснайдта Ливайнаг хъӕдӕй фӕлыст агъуысты. 17Соломон пылыстӕгӕй скодта паддзахы егъау къӕлӕтджын ӕмӕ йӕ састӕрдта сыгъдӕг сыгъзӕринӕй. 18Паддзахы къӕлӕтджынмӕ цыди ӕхсӕз къахӕвӕрӕны, алкӕмӕн дӕр дзы йӕ фӕйнӕфарс уыди фӕйнӕ цонгӕнцайӕны, уыдоны раз та — фӕйнӕ домбайы фӕлгонцы. Бынӕй йыл фидаргонд уыди сыгъзӕрин къахӕвӕрӕн. 19Ӕхсӕз къахӕвӕрӕны фӕйнӕфарс лӕууыдысты дыууадӕс домбайы фӕлгонцы. Ахӕм диссаджы къӕлӕтджын иу паддзахады дӕр нӕ уыди. 20Соломонӕн йӕ нуазӕнтӕ иууылдӕр уыдысты сыгъзӕринӕй конд, ливайнаг хъӕдӕй фӕлыст агъуысты дзауматӕ дӕр иууылдӕр — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд. Ӕвзист дзаумайӕ йӕм ницы уыди, уымӕн ӕмӕ Соломоны заман ӕвзистӕн ницы аргъ уыд. 21Паддзахмӕ уыди, Хирамы адӕмимӕ Таршишмӕ чи цыди, ахӕм наутӕ, ӕмӕ йын уыдон Хирамы наудзогтимӕ ӕртӕ афӕдзы иу хатт ластой сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ пылыстӕг, стӕй маймулитӕ ӕмӕ мӕлхъытӕ. 22Дунейы паддзӕхты’хсӕн Соломоны куырыхон зонд ӕмӕ хъӕздыгдзинадӕн ӕмбал нӕ уыди. 23Зӕххыл цы паддзӕхтӕ уыд, уыдон иууылдӕр бӕллыдысты Соломоны фенынмӕ, Хуыцау ын цы куырыхон зонд балӕвар кодта, уымӕ байхъусынмӕ. 24Афӕдзӕй-афӕдзмӕ-иу ын уыдонӕй алчидӕр ӕрбаласта лӕвӕрттӕ: ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин дзауматӕ, дарӕстӕ, хӕцӕнгӕрзтӕ, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, бӕхтӕ ӕмӕ хӕргӕфсытӕ. 25Соломонмӕ уыди цыппар мин бӕхдоны — бӕхтӕ ӕмӕ хӕцӕн уӕрдӕттӕн, дыууадӕс мины та йӕм уыди бӕхтӕ. Дардта сӕ, хӕцӕн уӕрдӕттӕн цы сахартӕ сарӕзта, уыдоны, сӕ иу хай та сын ныууагъта йӕхимӕ, Йерусалимы. 26Евфраты донӕй филистимӕгты зӕхх ӕмӕ Мысыры арӕны онг цы паддзӕхтӕ уыди, уыдон се’ппӕт дӕр уыдысты Соломоны дӕлбар. 27Соломоны заманы ӕвзист Йерусалимы сарӕх ис хуымӕтӕг дурау, кедр та, хохрӕбын цы сикомортӕ зайынц, уыдонау. 28Соломонӕн бӕхтӕ ластой Мысыр ӕмӕ зӕххы цъары ӕндӕр бӕстӕтӕй.Паддзах Соломоны мӕлӕт
29Паддзах Соломонӕн йӕ иннӕ хабӕрттыл райдианӕй кӕронмӕ дзырдӕуы пехуымпар Натаны азфыстыты, силомаг Ахийайы рагуацты чиныджы ӕмӕ, зонынджын Йеддойӕн Наваты фырт Йоровамы тыххӕй Хуыцау цы цӕстылуайӕнтӕ раргом кодта, уыдоны. 30Соломон ӕппӕт Израилӕн Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта дыууиссӕдз азы. 31Соломон куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыд Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Роховам.
Copyright information for
OssIBT2022