2 Chronicles 10
Паддзах Роховам нӕ байхъуыста зонды уынаффӕмӕ
1Роховам ацыди Шехеммӕ, уымӕн ӕмӕ уым ӕрӕмбырд сты ӕппӕт израилӕгтӕ, цӕмӕй йӕ паддзахӕй сӕвӕрой. 2– 3Уыцы хабар Наваты фырт Йоровам, кӕддӕр паддзах Соломонӕй Мысырмӕ чи алыгъд, уый куы фехъуыста, уӕд Мысырӕй ӕрбаздӕхти, арвыстой йӕм. Йоровам ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Роховамӕн загътой: 4«Кӕддӕр нӕ дӕ фыд йӕ уӕззау ӕфсондзы бын ныцъцъист кодта, фӕлӕ нын ныр ды не’фсондз фӕрогдӕр кӕн, ӕмӕ дын мах лӕггад кӕндзыстӕм». 5Уый сын дзуапп радта: «Ӕртӕ боны фӕстӕ-иу мӕм ногӕй ӕрбацӕут». Адӕм куы ацыдысты, 6уӕд паддзах Роховам, йӕ фыд Соломоны заман чи лӕггад кодта, уыцы хистӕрты бафарста: «Цы мын бауынаффӕ кӕндзыстут? Цы дзуапп раттон ацы адӕмӕн?» 7Уыдон ын загътой: «Ацы адӕммӕ хӕлар цӕстӕй куы ракӕсай, сӕ зӕрдӕ сын куы балхӕнай ӕмӕ семӕ фӕлмӕн ныхас куы кӕнай, уӕд дын цӕрӕнбонты лӕггад кӕндзысты». 8Фӕлӕ Роховам хистӕрты уынаффӕ ницӕмӕ ӕрдардта ӕмӕ бафарста йе’мгӕртты, кӕимӕ сырӕзт ӕмӕ йын ныр лӕггад чи кодта, уыдоны: 9«Цы мын бауынаффӕ кӕндзыстут? Ацы адӕмӕн цы зӕгъон? Уыдон мӕ курынц, цӕмӕй сын, мӕ фыд сыл цы’фсондз сӕвӕрдта, уый фӕрогдӕр кӕнон». 10Йе’мгӕрттӕ йын дзуапп радтой: «Афтӕ дын чи зӕгъы, дӕ фыд ныл цы уӕззау ӕфсондз сӕвӕрдта, уый нын фӕрогдӕр кӕн, зӕгъгӕ, уыцы адӕмӕн ахӕм дзуапп ратт: „Мӕ кӕстӕр ӕнгуылдз мӕ фыды агъдӕй ставддӕр у. 11Ӕмӕ уын кӕд мӕ фыды ӕфсондз уӕззау уыди, уӕд уын ӕй ӕз та ноджы уӕззаудӕр скӕндзынӕн. Мӕ фыд уӕ ӕфхӕрдта хуымӕтӕг ехсытӕй, ӕз та — сындзджын ехсытӕй“». 12Ӕртыккаг бон Йоровам ӕмӕ ӕппӕт дзыллӕ ӕрбацыдысты паддзах Роховаммӕ, куыд сын загъта, афтӕ. 13Ӕмӕ сын паддзах радта карз дзуапп. Хистӕрты уынаффӕ ницӕмӕ ӕрдардта, фӕлӕ йе’мгӕртты уынаффӕмӕ байхъуыста ӕмӕ адӕмӕн загъта: 14«Мӕ фыд уыл сӕвӕрдта уӕззау ӕфсондз, ӕз та уын ӕй ноджы фӕуӕззаудӕр кӕндзынӕн. Мӕ фыд уӕ хуымӕтӕг ехсытӕй ӕфхӕрдта, ӕз та — сындзджын ехсытӕй». 15Паддзах нӕ байхъуыста адӕммӕ, уымӕн ӕмӕ уый уыди Дунедарӕджы фӕндон. Хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, Дунедарӕг силомаг пехуымпар Ахийайы дзыхӕй Наваты фырт Йоровамӕн цы ныхас загъта, уый. 16Израилы адӕм, паддзах сын сӕ курдиат ницӕмӕ дары, уый куы федтой, уӕд ын загътой: «Чи нын у ныр Давид? Цыфӕнды фӕуӕд Йессейы фырт! Уӕ хӕдзӕрттыл ныххӕлиу ут, Израил! Дӕхӕдӕг кӕс дӕ мыггагмӕ, Давид!» Уыйадыл Израилы адӕм сӕ хӕдзӕрттӕм аздӕхтысты. 17Ӕрмӕстдӕр, Иудейы сахарты цы израилӕгтӕ царди, уыдонӕн баззади паддзахӕй Роховам. 18Паддзах Роховам йӕ хъалонисӕг ӕмӕ бегарайы кусджыты хицау Адорамы хъалон исынмӕ куы арвыста, уӕд ыл израилӕгтӕ дуртӕй ралӕууыдысты, ӕмӕ амарди. Паддзах Роховам йӕхӕдӕг та уайтӕккӕ уӕрдонмӕ багӕпп ласта ӕмӕ Йерусалиммӕ алыгъди. 19Уӕдӕй абоны онг Израил фӕхицӕн ис Давиды хӕдзарвӕндагӕй.
Copyright information for
OssIBT2022