2 Chronicles 13
Паддзах Авийа
1Йоровамӕн йӕ паддзахиуӕджы ӕстдӕсӕм аз Иудейы паддзах сси Авийа. 2Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста ӕртӕ азы. Йӕ мады ном хуынди Михайа; уый уыди Уриелы чызг, Гевӕйы сахарӕй. Авийа ӕмӕ Йоровамы’хсӕн хӕст райдыдта. 3Авийайы ӕфсады уыди цыппарсӕдӕ мин лӕджы — ӕвзаргӕ хӕстонтӕ, ӕхсарджынтӕ, Йоровамы ӕфсады та — астсӕдӕ мины, ӕвзаргӕ хӕстонтӕ, сахъгуырдтӕ. 4Авийа ссыди Цемараимы хохы сӕрмӕ (уый ис Ефремы хӕхбӕсты), ӕмӕ уырдыгӕй ныхъхъӕр кодта: — Йоровам ӕмӕ ӕгас Израил, ӕрбайхъусут-ма! 5Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, мыггагмӕйы фидыдмӕ гӕсгӕ, Израилы паддзахад Давид ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн кӕй радта, уый нӕ зонут, ӕви? 6Фӕлӕ Наваты фырт Йоровам, Давиды фырт Соломоны лӕггадгӕнӕг, йӕ хицауы ныхмӕ сыстади. 7Йӕ алыварс ӕнаккаг ӕмӕ ницӕйаг адӕм ӕрӕмбырд сты, сӕ хъарутӕ баиу кодтой ӕмӕ сыстадысты Роховамы, Соломоны фырты, ныхмӕ. Роховам та уӕд нырма ӕрыгон ӕмӕ ӕнӕныфс уыди, ӕмӕ сын ныхкъуырд раттын йӕ бон нӕ баци. 8Ӕмӕ ныр сымах сфӕнд кодтат Дунедарӕджы паддзахады, Давиды байзӕддӕгтӕн лӕвӕрд чи у, уый ныхмӕ фӕлӕууын. Сымах ӕнӕнымӕц стут, ӕмӕ уӕм ис сыгъзӕрин уӕнгуытӕ, Йоровам уын хуыцӕуттӕ кӕмӕй сарӕзта, уыдон! 9Сымах атардтат Дунедарӕджы сауджынты, Аароны байзӕддӕгты, стӕй левитты, ӕмӕ уӕхицӕн сӕвӕрдтат, иннӕ адӕмтӕм цы сауджынтӕ ис, ахӕмты. Сауджын суӕвыны охыл уӕм нывонд ӕрхӕссынмӕ иу уӕныг ӕмӕ авд фыримӕ чидӕриддӕр ӕрбацӕуы, уымӕй уайсахат мӕнг хуыцӕутты сауджын ацаразут. 10Махӕн та нӕ Хуыцау у Дунедарӕг, нӕхи Йыл нӕ атигъ кодтам. Махмӕ Йын лӕггад кӕнынц сауджынтӕ, Аароны байзӕддӕгтӕ, ӕмӕ сын левиттӕ ӕххуыс кӕнынц. 11Ӕрвылрайсом ӕмӕ ӕрвылизӕр Ын хӕссынц иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ судзынц хӕрздӕфгӕнӕнтӕ; сыгъдӕг фынгыл рӕнхъытӕй равӕрынц кувӕггаг дзултӕ. Ӕрвылизӕр сыгъзӕрин цырагъдарӕнӕн йӕ цырӕгътӕ ссудзынц. Мах ӕххӕст кӕнӕм Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, уагӕвӕрдтӕ, сымах та Йыл уӕхи атигъ кодтат. 12Махӕн нӕ раздзог Хуыцау у. Йӕ сауджынтӕ хӕтӕлтӕй ныууасыдысты — уӕ фыдбылызӕн тохы хъӕр хъуысы! Израилӕгтӕ, ма хӕцут Дунедарӕгимӕ, уӕ фыдӕлты Хуыцауимӕ! Ницы уын дзы рауайдзӕн! 13Йоровам иудейӕгтӕн сӕ фӕсчъылдыммӕ йе’фсады иу къорд барвыста, йӕхӕдӕг та сӕ ныхмӕ лӕууыд. 14Ӕмӕ иудейӕгтӕ, разӕй дӕр ӕмӕ фӕсте дӕр сӕ ныхмӕ кӕй ӕрбабырсынц, уый куы федтой, уӕд Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтой. Сауджынтӕ хӕтӕлтӕй ныууасыдысты, 15иудейӕгтӕ та иууылдӕр иумӕ тохы хъӕр ныккодтой. Ӕмӕ, иудейӕгтӕ куы ныхъхъӕр кодтой, уӕд Дунедарӕг Авийа ӕмӕ иудейӕгтӕн сӕ цӕстыты раз Йоровам ӕмӕ ӕппӕт израилӕгты ныддӕрӕн кодта. 16Израилӕгтӕ лидзӕг фесты, фӕлӕ сӕ Хуыцау иудейӕгты къухтӕм радта. 17Авийа йе’фсадимӕ израилӕгтӕй бирӕты фӕцагъта, Израилы адӕмӕй тохы быдыры фӕмард ис фондзсӕдӕ мин ӕвзаргӕ хӕстоны. 18Афтӕмӕй израилӕгтӕ саст ӕрцыдысты, иудейӕгтӕ сыл фӕуӕлахиз сты, уымӕн ӕмӕ сӕ зӕрдӕ дардтой Дунедарӕгыл, сӕ фыдӕлты Хуыцауыл. 19Авийа та дарддӕр сырдта Йоровамы. Бацахста йын йӕ сахартӕ: Вефил, Йешана ӕмӕ Ефрон сӕ алыварс хъӕутимӕ. 20Авийайы заман Йоровам раздӕрау хъомысджын нал сси. Ӕппынфӕстаг Дунедарӕджы фӕндӕй амарди. 21Авийайӕн та йӕ хъомыс рӕзыди. Уый ракуырдта цыппӕрдӕс усы, ӕмӕ йын райгуырди дыууӕ ӕмӕ ссӕдз фырты, стӕй ӕхсӕрдӕс чызджы. 22Авийайӕн йӕ иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй, стӕй йӕ ныхӕстӕ бакӕсӕн ис пехуымпар Иддойы фыст таурӕгъы.
Copyright information for
OssIBT2022