‏ 2 Chronicles 14

Паддзах Аса

1Авийа куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕл Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Аса. Йӕ заманы бӕстӕ дӕс азы дӕргъы сулӕфыди хӕстӕй.

2Аса, Дунедарӕджы цӕсты хорз ӕмӕ растыл нымад цы уыди, уыдӕттӕ кодта. 3Уый фехӕлдта ӕцӕгӕлон хуыцӕутты нывондхӕссӕнтӕ ӕмӕ сын сӕ кувӕн къуыбыртӕ ныппырх кодта, ныссаста сын сӕ табуйаг дуртӕ ӕмӕ акалдта Ашерӕйы цӕджындзтӕ. 4Иудейӕгтӕн бардзырд радта, цӕмӕй кад кӕной Дунедарӕгӕн, сӕ фыдӕлты Хуыцауӕн, ӕххӕст Ын кӕной Йе’гъдау ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхстытӕ. 5Иудейы сахарты цы кувӕн къуыбыртӕ ӕмӕ хуры цыртсурӕттӕ уыди, уыдон фехалын кодта.

Асайы рӕстӕджы Иудейы паддзахады сабыр рӕстӕг скодта.
6Цалынмӕ бӕстӕ сабыр уыди, уӕдмӕ Иудейы фидаргонд сахартӕ сарӕзта. Уыцы азты йемӕ ничи хӕцыд, уымӕн ӕмӕ йын Дунедарӕг сабырдзинад балӕвар кодта. 7Ӕмӕ иудейӕгтӕн загъта: «Саразӕм ацы сахартӕ ӕмӕ сын сӕ алыварс бырутӕ самайӕм, мӕсгуытӕ, кулдуӕрттӕ ӕмӕ ӕвдузӕнтимӕ. Ацы зӕхх нырма нӕхи у, уымӕн ӕмӕ мах ӕрцагуырдтам Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, ӕмӕ нӕ Уый дӕр алырдыгӕй сӕдас кодта». Афтӕмӕй аразын райдыдтой ӕмӕ уыдысты ӕнтыстджын.

8Асайы ӕфсады Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй уыдис ӕртӕсӕдӕ мин хӕстоны, ӕрцытӕ ӕмӕ стыр уартытимӕ, Бениамины хӕдзарвӕндагӕй та — дыууӕсӕдӕ ӕстай мин хӕстоны, ӕрдынтӕ ӕмӕ гыццыл уартытимӕ. Иууылдӕр уыдысты хъӕбатыр хӕстонтӕ. 9Сӕ ныхмӕ хӕстмӕ рацыд эфиопаг Зерах, йе’фсады уыди мин мины хӕстонтӕ ӕмӕ ӕртӕсӕдӕ тохуӕрдоны. Ӕрбахӕццӕ ис Марешайы сахармӕ. 10Аса дӕр йӕ ныхмӕ рацыди хӕстмӕ ӕмӕ йе’фсадимӕ ӕрлӕууыди Марешайы цур, Цефатайы дӕлвӕзы. 11Дунедарӕгмӕ, йӕ Хуыцаумӕ, скуывта: «О Дунедарӕг! Дӕу йеддӕмӕ чи баххуыс кӕндзӕн ӕдыхӕн, цӕмӕй хъомысджыны ныхмӕ фӕлӕууа! О Дунедарӕг, нӕ Хуыцау! Баххуыс нын кӕн уӕдӕ, уымӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕ Дӕуыл дарӕм, Дӕ номы сӕраппонд рацыдыстӕм ацы стыр ӕфсады ныхмӕ. О Дунедарӕг! Ды нӕ Хуыцау дӕ! Адӕймаджы Дӕ ныхмӕ фӕлӕууын ма бауадз!»

12Ӕмӕ Дунедарӕг Аса ӕмӕ иудейӕгтӕн уӕлахиз радта. Эфиопӕгты ныддӕрӕн кодтой, ӕмӕ уыдон лидзӕг фесты. 13Аса сӕ йӕ адӕмимӕ суанг Герары онг фӕсырдта. Цагъды фесты эфиопӕгтӕ, иунӕг дӕр сӕ нал аирвӕзт, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ӕмӕ Йе’фсад рацыдысты сӕ ныхмӕ.

Иудейӕгтӕ ратӕлӕт кодтой ӕнӕнымӕц ӕфтиаг.
14Герары алыварс цы сахартӕ уыди, уыдонӕн сӕ мулк хӕлӕттаг фӕкодтой ӕмӕ семӕ бирӕ ӕфтиӕгтӕ рахастой, уымӕн ӕмӕ сын Дунедарӕг сӕ цӕрджыты стыр тас бауагъта. 15Суанг ма сын сӕ фыййӕутты цатыртӕ дӕр сафтид кодтой, лыстӕг фосы ӕнӕнымӕц дзугтӕ ӕмӕ теуатӕ ратӕлӕт кодтой. Уый фӕстӕ ӕрбаздӕхтысты Йерусалиммӕ.
Copyright information for OssIBT2022