‏ 2 Chronicles 2

Соломон аразы Кувӕндон

1Соломон сфӕнд кодта Дунедарӕджы номыл Кувӕндон саразын, йӕхицӕн та — паддзахы галуан. 2Ӕвдай мин лӕджы снысан кодта уӕргътӕ хӕссынӕн, ӕстай мины та — дуркъахӕнты дуртӕ фадынӕн. Сӕ сӕргъы сын сӕвӕрдта ӕртӕ мин ӕхсӕзсӕдӕ цӕстдарӕджы.

3Соломон Тиры паддзах Хираммӕ минӕвӕрттӕ арвыста ахӕм курдиатимӕ: «Мӕ фыд Давид йӕхицӕн галуан куы арӕзта, уӕд ын хорз баххуыс кодтай, ӕрбарвыстай йын кедр бӕлӕсты хъӕдӕрмӕг. 4Ныр ӕз та Дунедарӕджы, Мӕ Хуыцауы, кадӕн аразын Кувӕндон, цӕмӕй Йӕ разы буд судзон ӕмӕ Дунедарӕджы раз ӕдзухдӕр афойнадыл ӕвӕрон кувӕггаг дзултӕ; цӕмӕй Йын сабӕттӕ, мӕйногтӕ ӕмӕ иннӕ бӕрӕгбӕтты рӕстӕг райсомӕй дӕр ӕмӕ изӕрӕй дӕр хӕссон иууылсудзинаг нывӕндтӕ, Израилы адӕмӕн мыггагмӕ куыд бафӕдзӕхстӕуыд, афтӕ. 5Цы Кувӕндон аразын, уый стыр уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау дӕр стыр у — ӕппӕт хуыцӕуттӕй стырдӕр. 6Кӕй бон суыдзӕн Уымӕн Кувӕндон саразын, уӕларв ӕмӕ Йыл уӕлдунетӕ дӕр куы не’ххӕссынц, уӕд? Стӕй ӕз дӕр чи дӕн, цӕмӕй Уымӕн Кувӕндон саразон? Кӕд Ын ӕрмӕст Йӕ разы хӕрздӕфгӕнӕнтӕ судзынӕн исты саразон. 7Уӕдӕ мын ӕрбарвит, сыгъзӕрин, ӕвзист, ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнагимӕ кусынмӕ чи арӕхсы, сӕнт сырх, сырх-сырхид ӕмӕ ӕрвхуыз хъуымӕцтӕ уафын, стӕй нывӕфтауӕджы куыст чи зоны, ахӕм ӕрмдӕсныйы. Иудей ӕмӕ мын Йерусалимы цы ӕрмдӕснытӕ ис, уыдонимӕ мын кусӕд. Уыцы ӕрмдӕсныты кӕддӕр мӕ фыд Давид равзӕрста. 8Ливанӕй мын ӕрбарвит кедртӕ, кипаристӕ ӕмӕ зынаргъ хъӕдӕрмӕг алмуг. Дӕ кусджытӕ ливайнаг бӕлӕстӕ калынмӕ хорз арӕхсынц, уый зонын, ӕмӕ сӕм мӕ кусджытӕ дӕр фӕкӕсдзысты, 9цӕмӕй мын бирӕ хъӕдӕрмӕг ӕрцӕттӕ кӕной. Уымӕн ӕмӕ, ӕз цы Кувӕндон аразын, уый хъуамӕ уа стыр ӕмӕ ӕвӕджиауы рӕсугъд. 10Дӕ хъӕддзаутӕн дын ӕз ратдзынӕн ссӕдз мин коры мӕнӕу, иу уый бӕрц та — хъӕбӕрхор, стӕй ссӕдз мин баты сӕн ӕмӕ иу уый бӕрц та — оливӕйы сой».

11Тиры паддзах Хирам Соломонмӕ ӕрбарвыста фыстӕг: «Дунедарӕг Йӕ адӕмы кӕй уарзы, уый тыххӕй дӕ равзӕрста уыдонӕн паддзахӕй. 12Арфӕгонд у Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, арв ӕмӕ зӕхх Чи сфӕлдыста, паддзах Давидӕн ахӕм куырыхон фырты Чи радта, арфуынӕг зондӕй хайджын чи у, Дунедарӕгӕн Кувӕндон, йӕхицӕн та паддзахы галуан саразын чи сфӕнд кодта!» 13Хирам дарддӕр фыста: «Ӕз ӕрвитын куырыхон ӕмӕ бирӕзонаг адӕймаджы, Хурам-Авиайы. 14Йӕ мад рацыди Даны мыггагӕй, йӕ фыд та у Тиры сахайраг. Хурам-Авиа арӕхсы сыгъзӕрин, ӕвзист, ӕрхуы, ӕфсӕйнаг, дур ӕмӕ хъӕдӕрмӕгимӕ кусынмӕ, сӕнт сырх, сырх-сырхид ӕмӕ ӕрвхуыз тӕбынӕй, стӕй лыстӕг гӕнӕй уафынмӕ. Нывӕфтауынмӕ дӕр, стӕй йын цыдӕриддӕр бабар кӕной, уыцы куыстытӕй алцӕмӕ дӕр арӕхсы. Де’рмдӕснытӕ ӕмӕ мӕ хицауы, паддзах Давиды, ӕрмдӕснытимӕ кусдзӕни. 15Мӕнӕу, хъӕбӕрхор, сой ӕмӕ сӕны кой скодтай, ӕмӕ-иу уыдон та дӕхи кусджытӕн рарвит. 16Мах дын Ливаны бӕлӕстӕй хъӕдӕрмӕгӕн акалдзыстӕм, цас дӕ бахъӕуа, уыйас ӕмӕ дын сӕ тъиуибӕстытӕй денджызыл Яффомӕ бахӕццӕ кӕндзыстӕм. Ды та-иу сӕ уырдыгӕй Йерусалиммӕ алас».

17Соломон банымайын кодта, Израилы зӕххыл чи царди, уыцы ӕрцӕуӕггӕгты, уымӕй размӕ Давид куыд бакодта, афтӕ. Соломоны сфыстмӕ гӕсгӕ сӕ нымӕц уыди сӕдӕ фӕндзай ӕртӕ мин ӕхсӕз сӕдӕ. 18Уыдонӕй Соломон ӕвдай мин лӕджы бафтыдта ӕргъӕмттӕ хӕссыныл, ӕстай мины — къӕдзӕхты дуртӕ фадыныл, ӕртӕ мин ӕхсӕзсӕдӕ лӕджы та сын сӕвӕрдта цӕстдарджытӕй, цӕмӕй сӕ куыстмӕ разӕнгард кӕной.
Copyright information for OssIBT2022