‏ 2 Chronicles 29

Паддзах Езекиа

1Езекиа паддзах куы сси, уӕд ыл цыди фынддӕс ӕмӕ ссӕдз азы ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта фараст ӕмӕ ссӕдз азы. Йӕ мад уыди Захариайы чызг Авийа. 2Езекиа Дунедарӕгӕн фӕндон хъуыддӕгтӕ кодта, йӕ фыдӕл Давид куыддӕриддӕр уыдис, афтӕ.

3Йӕ паддзахиуӕджы фыццаг азӕн йӕ фыццаг мӕй Езекиа байгом кодта Дунедарӕджы Кувӕндоны кулдуар, бацалцӕг ӕй кодта. 4Уый фӕстӕ фӕсидти сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕм, скӕсӕнӕрдыгӕй цы кӕрт уыди, уырдӕм сӕ ӕрӕмбырд кодта. 5Загъта сын: «Ӕрбайхъусут мӕм, левиттӕ! Ссыгъдӕг кӕнут уӕхи дӕр ӕмӕ Дунедарӕджы, уӕ фыдӕлты Хуыцауы, Кувӕндон дӕр. Цыдӕриддӕр дзы ӕнӕсыгъдӕгӕй ис, уыдон иууылдӕр раппарут. 6Нӕ фыдӕлтӕ галиу хъуыддӕгтыл бафтыдысты, Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодтой, ныууагътой Йӕ, сӕхи Йын атигъ кодтой Йӕ Цӕрӕныл, сӕ чъылдым Ӕм раздӕхтой. 7Ноджы ма сӕхгӕдтой Кувӕндоны тыргъы дуӕрттӕ, ахуыссын кодтой цырӕгътӕ. Израилы Хуыцауы Кувӕндоны буд нӕ сыгътой ӕмӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ нӕ хастой. 8Ӕмӕ Дунедарӕг смӕсты ис Иудей ӕмӕ Йерусалиммӕ, ныффидиссаг сӕ кодта, хӕлӕттаг ӕмӕ хынджылӕггаг сӕ скодта, уӕхӕдӕг ӕй куыд уынут, афтӕ. 9Ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ карды амӕттаг баисты, нӕ фырттӕ, нӕ чызджытӕ ӕмӕ нӕ устыты та нын акодтой уацары. 10Ныр ӕз сфӕнд кодтон бафидауын Дунедарӕгимӕ, Израилы Хуыцауимӕ, кӕд нӕ Йӕ масты цӕхӕртӕ иуварс аздахид.

11Мӕ хъӕбултӕ, ӕнӕмӕт ма ут! Дунедарӕг уӕ равзӕрста, цӕмӕй Йӕ разы лӕууат, лӕггад Ын кӕнат ӕмӕ Йын хӕрздӕфгӕнӕнтӕ судзат, уый тыххӕй!»

12 13 14Уӕд левиттӕ сӕ куысты уӕлхъус ӕрлӕууыдысты: Кехаты байзӕддӕгтӕй: Амасайы фырт Махат ӕмӕ Азариайы фырт Иоел;
Мерарийы байзӕддӕгтӕй: Авдийы фырт Киш ӕмӕ Йехаллелелы фырт Азариа;
Гершоны байзӕддӕгтӕй: Зиммайы фырт Йоах ӕмӕ Йоахы фырт Еден;
Елицафаны байзӕддӕгтӕй: Шимри ӕмӕ Йеиел;
Асафы байзӕддӕгтӕй: Захариа ӕмӕ Маттаниа;
Хеманы байзӕддӕгтӕй; Йехиел ӕмӕ Шими;
Йедутуны байзӕддӕгтӕй: Шемайа ӕмӕ Уззиел.

15Уыдон се’рвад-ӕфсымӕрты ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ, паддзах куыд бафӕдзӕхста, афтӕ, Дунедарӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ, фыццаджыдӕр ссыгъдӕг кодтой сӕхи, уый фӕстӕ та райдыдтой Кувӕндон сыгъдӕг кӕнын. 16Сауджынтӕ Кувӕндонмӕ бацыдысты ӕмӕ дзы ӕнӕсыгъдӕгӕй цыдӕриддӕр ссардтой, уыдон кӕртмӕ рахастой. Уырдыгӕй та сӕ левиттӕ ахастой Кедроны тӕрфмӕ.

17Дунедарӕджы Кувӕндон сыгъдӕг кӕнын райдыдтой фыццаг мӕйы фыццаг бон ӕмӕ йын уыцы мӕйы ӕстӕм бонмӕ рахӕццӕ сты йӕ тыргъмӕ. Кувӕндон ссыгъдӕг кӕныны куыст ма ноджыдӕр аст боны ахаста, ӕмӕ сын афтӕмӕй фыццаг мӕйы ӕхсӕрдӕсӕм бон сыгъдӕггонд фӕци. 18Уӕд паддзах Езекиамӕ ацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Дунедарӕджы Кувӕндон иууылдӕр ссыгъдӕг кодтам: иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн йе’ппӕт мигӕнӕнтимӕ, кувӕггаг дзулты фынг йе’ппӕт мигӕнӕнӕнтимӕ. 19Паддзах Ахаз йӕ паддзахиуӕджы заман, фыдракӕндтӕ аразгӕйӕ, цы дзауматӕ раппӕрста, уыдон дӕр ӕрцӕттӕ ӕмӕ ссыгъдӕг кодтам. Ныр лӕууынц Дунедарӕджы нывондхӕссӕны раз».

20Дыккаг райсом сӕумӕцъӕхӕй Езекиа сахары хицӕуттӕм фӕдзырдта ӕмӕ Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ ацыди. 21Паддзахы бинонтӕ, стӕй Кувӕндон ӕмӕ ӕгас Иудейы тыххӕй тӕригъӕды нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ ӕрбакодтой авд галы, авд фыры, авд уӕрыччы ӕмӕ авд цӕуы. Ӕмӕ паддзах сауджынтӕн, Аароны байзӕддӕгтӕн, бафӕдзӕхста, цӕмӕй Дунедарӕджы нывондхӕссӕныл иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕрхӕссой.

22Сауджынтӕ галтӕ аргӕвстой, сӕ тугӕй сын райстой ӕмӕ дзы бапырх кодтой нывондхӕссӕныл. Уый фӕстӕ аргӕвстой фырытӕ ӕмӕ уыдоны тугӕй дӕр бапырх кодтой нывондхӕссӕныл. Аргӕвстой уӕрыччытӕ ӕмӕ уыдоны тугӕй дӕр бапырх кодтой нывондхӕссӕныл. 23Тӕригъӕды нывӕндтӕ ӕрхӕссынӕн цы цӕутӕ ӕрцӕттӕ кодтой, уыдон паддзах ӕмӕ ӕмбырды размӕ ӕрбакодтой ӕмӕ сыл уыдон сӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдтой. 24Сауджынтӕ сӕ аргӕвстой ӕмӕ сын сӕ тугӕй нывондхӕссӕныл бапырх кодтой, цӕмӕй барст ӕрцӕуа ӕгас Израилы тӕригъӕд. Уымӕн ӕмӕ паддзах ӕгас Израилы тыххӕй бафӕдзӕхста иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ тӕригъӕды нывӕндтӕ ӕрхӕссын.

25Езекиа левиттӕн бардзырд радта, цӕмӕй ӕмдзӕгъдгӕнӕн тӕбӕгътӕ, дыууадӕстӕнонтӕ ӕмӕ хъисфӕндыртимӕ Дунедарӕджы Кувӕндоны ӕрлӕууой. Уыцы фӕтк сӕ заманы ӕрфидар кодтой паддзах Давид, йӕ зонынджын Гад ӕмӕ йӕ пехуымпар Натан, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг йӕ пехуымпартӕн афтӕ бафӕдзӕхста. 26Левиттӕ, кӕддӕр Давид кӕй саразын кодта, ахӕм зӕлуадзӕнтимӕ лӕууыдысты, сауджынтӕ та — сӕ хӕтӕлтимӕ. 27Езекиа иууылсудзинӕгтӕ нывондхӕссӕныл ӕрӕвӕрын кодта, ӕмӕ сыл арт куы бандзӕрстой, уӕд зарӕггӕнджытӕ Дунедарӕджы кадӕн ныззарыдысты, хӕтӕлтӕй ӕмӕ, Израилы паддзах Давид кӕй саразын кодта, ахӕм зӕлуадзӕнтӕй цагътой, афтӕмӕй. 28Цалынмӕ иууылсудзинӕгтӕ сыгъдысты, уӕдмӕ ӕмбырды адӕм иууылдӕр куывтой, зарӕг ӕмӕ хӕтӕлты цагъд хъуыстысты. 29Нывӕндтӕ куы басыгъдысты, уӕд паддзах ӕмӕ, йемӕ чи уыди, уыдон иууылдӕр ӕрзоныг кодтой ӕмӕ ныддӕлгом сты зӕххыл. 30Паддзах Езекиа ӕмӕ йӕ барджынтӕ левиттӕн загътой, цӕмӕй Дунедарӕджы стауой Давид ӕмӕ зонынджын Асафы ныхӕстӕй. Ӕмӕ уыдон дӕр хъӕлдзӕгӕй ныззарыдысты Дунедарӕджы кадӕн, бакуывтой Йын ӕмӕ зӕххыл ныддӕлгом сты.

31Езекиа ноджы загъта: «Ныр сымах уӕхи Дунедарӕгӕн снывонд кодтат. Гъемӕ уӕдӕ Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ нывӕндтӕ ӕмӕ арфӕйы хуынтӕ хӕссут». Ӕмӕ адӕм иууылдӕр нывӕндтӕ ӕмӕ арфӕйы хуынтӕ хӕссын райдыдтой, кӕй фӕндыди, уыдон та ма иууылсудзинӕгтӕ дӕр ӕрхастой.

32Иууылсудзинаг нывӕндтӕ нымадӕй уыдысты: дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз галы, сӕдӕ фыры ӕмӕ дыууӕсӕдӕ уӕрыччы. Уыдон иууылдӕр Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхастой. 33Иннӕ уаз нывӕндтӕ та ӕдӕппӕтӕй: ӕхсӕзсӕдӕ сӕры — стуртӕ, ӕртӕ мин сӕры та — лыстӕг фос.

34Сауджынты нымӕц ӕгӕр гыццыл уыди, цӕмӕй иууылсудзинаг нывӕндты цӕрмттӕ иууылдӕр бастигъой, ӕмӕ сын левиттӕ ӕххуыс кодтой, цалынмӕ куыст кӕронмӕ нӕ фӕци ӕмӕ иннӕ сауджынтӕ дӕр сӕхи не ссыгъдӕг кодтой, уӕдмӕ. Уымӕн ӕмӕ левиттӕ, сауджынтӕй уӕлдай, фылдӕр бацархайдтой сӕхи ссыгъдӕг кӕныныл.

35Иууылсудзинаг нывӕндтӕ, фидыды нывӕндты фиу ӕмӕ сӕн тынг бирӕ уыдысты. Афтӕмӕй ногӕй Дунедарӕджы Кувӕндоны уаз куыст йӕ гаччы сбадти.

36Езекиа ӕмӕ ӕгас дзыллӕ цин кодтой, Хуыцау сӕ кӕй фӕфидар кодта, ууыл, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ конд ӕрцыдысты тынг цыбыр рӕстӕгмӕ.
Copyright information for OssIBT2022