2 Chronicles 3
Соломон аразы Дунедарӕджы Кувӕндон
1Соломон Дунедарӕджы Кувӕндон аразын райдыдта Йерусалимы, Мориайы хохыл, кӕддӕр Дунедарӕг йӕ фыд Давидмӕ кӕм раргом ис, уым, йевусаг Орнаны мусуатыл. Орнан йевусӕгтӕй уыди. 2Аразын та йӕ райдыдта йӕ паддзахиуӕджы цыппӕрӕм аз, дыккаг мӕйӕн йӕ дыккаг бон. 3Соломон Хуыцауы Кувӕндонӕн скодта ахӕм бындур: йӕ дӕргъ — ӕртиссӕдз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх — ссӕдз ӕлмӕрины. 4Кувӕндоны тыргъӕн йӕ уӕрх уыди ссӕдз ӕлмӕрины, агъуыстӕн йӕхи уӕрхмӕ гӕсгӕ, йӕ бӕрзӕнд та — ӕртиссӕдз ӕлмӕрины. Йӕ мидӕггаг къултӕ йын Соломон састӕрдта сыгъдӕг сыгъзӕринӕй. 5Кувӕндоны сӕйраг агъуысты къултӕ мидӕгӕй састӕрдта кипарисы фӕйнӕджытӕй, уыдон та — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй ӕмӕ сӕ сфӕлыста пальмӕтӕ ӕмӕ рӕхысты нывӕфтыдтӕй. 6Ноджы ма йӕ саив кодта зынаргъ дуртӕ ӕмӕ Парваимӕй ласт сыгъзӕринӕй. 7Кувӕндоны агъуыст, хъайванӕй, асинӕй, къулӕй, дуарӕй, састӕрдта сыгъзӕринӕй. Къултыл скӕнын кодта херувимты нывӕфтыдтӕ. 8Уый фӕстӕ сарӕзта Рухсмонуат. Йӕ уӕрх уыди ссӕдз ӕлмӕрины, Кувӕндоны уӕрхмӕ гӕсгӕ, йӕ дӕргъ дӕр — ссӕдз ӕлмӕрины. Йӕ састӕрынӕн бахардз кодта сыгъдӕг сыгъзӕрины ӕхсӕзсӕдӕ таланты. 9Сыгъзӕрин зӕгӕлтӕн сӕ уӕз уыди фӕндзай шекелы. Уӕллаг уӕттӕ дӕр иууылдӕр састӕрдта сыгъзӕринӕй. 10Рухсмонуаты мидӕг хъӕдӕрмӕгӕй сарӕзта дыууӕ базыртыгъд херувимы ӕмӕ сӕ састӕрдта сыгъзӕринӕй. 11Сӕ базырты дӕргъ иумӕйагӕй — ссӕдз ӕлмӕрины. Сӕ иуӕн йӕ иу базыры дӕргъ уыди фондз ӕлмӕрины ӕмӕ ӕндзӕвыд агъуысты иу къулыл, йӕ иннӕ базыр дӕр — фондз ӕлмӕрины ӕмӕ ӕндзӕвыд иннӕ херувимы базырыл. 12Дыккаг херувимӕн дӕр йӕ иу базыры дӕргъ уыди фондз ӕлмӕрины ӕмӕ ӕндзӕвыд Кувӕндоны къулыл, йӕ иннӕ базыр дӕр — фондз ӕлмӕрины ӕмӕ ӕндзӕвыд иннӕ херувимы базырыл. 13Афтӕмӕй, дыууӕ базыртыгъд херувимӕн иу къулӕй иннӕйы онг сӕ иумӕйаг дӕргъ уыди ссӕдз ӕлмӕрины. Лӕууыдысты сӕ къӕхтыл, ӕмӕ се’ргом арӕзт уыди Кувӕндоны сӕйраг агъуысты’рдӕм. 14Рухсмонуатӕн Соломон бауафын кодта мидӕмбӕрзӕн, ӕрвхуыз, сӕнт сырх ӕмӕ сырх-сырхид ӕндӕхтӕй, стӕй лыстӕг гӕнӕй. Сфӕлыстой йӕ херувимты нывӕфтыдтӕй. 15Кувӕндоны раззаг фарс Соломон сарӕзта дыууӕ цӕджындзы, сӕ алкӕцыйы бӕрзӕнд дӕр — дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины. Сӕ цъуппытыл ӕрсадзынӕн та — фӕйнӕ ӕфтуаны, алкӕмӕн дӕр дзы йӕ бӕрзӕнд — фондз ӕлмӕрины. 16Ноджы сарӕзта, Кувӕндоны агъуысты цы рӕхыстӕ уыди, уыдоны халдихтӕ ӕмӕ сӕ ӕфтуантыл бафидар кодта. Скодта ма гранат фӕткъуыйы нывӕфтыдтӕ ӕмӕ сӕ ныффидар кодта рӕхыстыл. 17Цӕджындзтӕ сӕвӕрдта Кувӕндоны раз: сӕ иу — рахизӕрдыгӕй, иннӕ та — галиуӕрдыгӕй. Ӕмӕ рахиз цӕджындзӕн Соломон радта ном Йахин, галиуӕн та — Боаз.
Copyright information for
OssIBT2022