2 Chronicles 4
1Соломон сарӕзта ӕрхуы нывондхӕссӕн: йӕ дӕргъ уыди ссӕдз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх дӕр — ссӕдз ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд та — дӕс ӕлмӕрины. 2Джиппы рауагъта тымбыл ӕрхуы денджыз, йӕ фӕтӕн — дӕс ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд — фондз ӕлмӕрины, йӕ зиллакк та — дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины. 3Йӕ зиллаккыл бынӕй уыди галты нывтӕ, дыууӕ рӕнхъӕй ӕртыхстысты денджызыл. Сӕ уӕрх уыди дӕс ӕлмӕрины, денджызимӕ уыдысты иу джиппы уагъд. 4Денджыз лӕууыди дыууадӕс галыл: ӕртӕ дзы касти цӕгатӕрдӕм, ӕртӕ — ныгуылӕнӕрдӕм, ӕртӕ — хуссарӕрдӕм, ӕртӕ та — скӕсӕнӕрдӕм. Сӕ чъылдымтӕ уыдысты мидӕджырдӕм, денджызы бынмӕ, здӕхт. 5Денджызӕн йӕ бӕзн уыди армытъӕпӕны йас, йӕ был та уыди нуазӕны былты хуызӕн, раст, хъоппӕг дидинӕг куы райхӕлы, уый ӕнгӕс. Дон дзы цыди ӕртӕ мин баты бӕрц. 6Ноджы ма Соломон скодта дӕс ӕрхуы тъӕпӕнӕджы ӕмӕ дзы фондз ӕрӕвӕрдта Кувӕндонӕн йӕ рахизфарс, фондз та — йӕ галиуфарс. Уыдоны мидӕг хъуамӕ ӕхсадтаиккой иууылсудзинӕгты уӕнгтӕ. Ӕрхуы денджыз та сауджынтӕн конд уыд, сӕхи ӕхсынӕн. 7Ноджы ма скодта дӕс цырагъдарӕны, фӕткмӕ гӕсгӕ, ӕмӕ сӕ Кувӕндоны агъуысты ӕрӕвӕрдта, фондз — рахизӕрдыгӕй, фондз та — галиуӕрдыгӕй. 8Ноджы ма сарӕзта дӕс фынджы ӕмӕ сӕ Кувӕндоны агъуысты сӕвӕрдта, фондз — рахизӕрдыгӕй, фондз та — галиуӕрдыгӕй. Сарӕзта сӕдӕ сыгъзӕрин кӕхцы, туг пырх кӕнынӕн. 9Ноджы ма скодта сауджынты кӕрт, стӕй стыр кӕрт ӕмӕ кулдуӕрттӕ кӕртмӕ цӕуынӕн. Кулдуӕртты цӕджындзтӕ састӕрдта ӕрхуыйӕ. 10Соломон ӕрхуы денджыз сӕвӕрдта рахизӕрдыгӕй, Кувӕндонӕн йӕ хуссар-скӕсӕйнаг фисыны цур. 11Ноджы ма Хурам скодта къӕртатӕ, фыййӕгтӕ, тугпырхгӕнӕн кӕхцытӕ. Ӕмӕ уыйадыл Хурам фӕци, Соломонӕн Хуыцауы Кувӕндоны цы куыстытӕ кодта, уыдон. Уый сарӕзта: 12дыууӕ цӕджындзы; дыууӕ кӕхцӕнгӕс ӕфтуаны цӕджындзты цъуппытӕн; дыууӕ рӕхысы кӕхцӕнгӕс ӕфтуантӕн; 13цыппарсӕдӕ гранат фӕткъуыйы згъӕрнывтӕ кӕхцӕнгӕс ӕфтуанты рӕхыстыл, алы ӕфтуаныл дӕр — дыргъты дыууӕ рӕнхъы; 14дӕс суанцъыйы быцӕутыл; суанцъытыл ӕвӕрд дӕс аджы; 15иу ӕрхуы денджыз, йӕ быны — дыууадӕс галы; 16къӕртатӕ, фыййӕгтӕ, фыдистӕ. Хурам-Авиа паддзах Соломонӕн Дунедарӕджы Кувӕндоны тыххӕй цыдӕриддӕр скодта, уыдон иууылдӕр уыдысты лӕгъзгонд ӕмӕ ӕрттиваг ӕрхуыйӕ конд. 17Паддзах сӕ джиппы рауадзын кодта Иорданы дӕлвӕзы, Суккот ӕмӕ Цередайы’хсӕн, ӕлыгбын мӕры. 18Соломон ӕрхуыйӕ цы дзауматӕ скӕнын бафӕдзӕхста, уыдон уый бӕрц уыдысты, ӕмӕ сыл ӕрхуы цас ацыди, уымӕн банымайӕн дӕр нӕ уыди. 19– 20– 21– 22Ноджы ма Соломон саразын кодта Дунедарӕджы Кувӕндоны иннӕ дзауматӕ дӕр: сыгъзӕрин нывондхӕссӕн; кувӕггаг дзулты фынг; цырагъдарӕнтӕ — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд, сӕ цырӕгътимӕ, Рухсмонуатмӕ бацӕуӕны раз судзынӕн; дидинсыф фӕлындӕнтӕ, цырӕгътӕ, ӕртыскӕнтӕ, иууылдӕр — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд; хӕсгӕрдтӕ, кӕхцытӕ, цолпытӕ, будсудзӕнтӕ, иууылдӕр — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд; Кувӕндоны дуӕрттӕ: Рухсмонуаты дуар ӕмӕ Кувӕндоны сӕйраг агъуысты дуар, уыдон дӕр уыдысты сыгъзӕринӕй конд.
Copyright information for
OssIBT2022