2 Chronicles 5
1Соломон Дунедарӕджы Кувӕндон саразыны ӕппӕт куыстытӕ конд куы фӕци, уӕд райста, йӕ фыд Давид Дунедарӕгӕн цы сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист снывонд кодта, уыдон, стӕй иннӕ дзауматӕ ӕмӕ сӕ Хуыцауы Кувӕндоны хӕзнадӕтты бафснайдта. 2Паддзах Соломон басидт Израилы хистӕртӕм, Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕ ӕмӕ мыггӕгты хистӕртӕм се’ппӕтмӕ дӕр. Фӕсидти сӕм Йерусалиммӕ, цӕмӕй Дунедарӕджы Фидыды Чырын Давиды сахарӕй, Сионы хохӕй, хаст ӕрцӕуа. 3Ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕ ӕвдӕм мӕйы ӕрӕмбырд сты паддзахмӕ, Халагъудты бӕрӕгбонмӕ. 4Израилы хистӕртӕ куы’рбацыдысты, уӕд левиттӕ Фидыды Чырын систой 5ӕмӕ йӕ ахастой. Сауджын левиттӕ ма ноджы рахастой Фембӕлды Цатыр ӕмӕ йӕ уаз дзауматӕ иууылдӕр. 6Паддзах Соломон ӕмӕ ӕгас Израилы дзыллӕ та, паддзах кӕмӕ фӕсидти, уыдон, Фидыды Чырыны раз стурвос ӕмӕ лыстӕг фосӕй уый бӕрц нывӕндтӕ хастой, ӕмӕ сын нымӕц дӕр нал уыди. 7Уый фӕстӕ сауджынтӕ Фидыды Чырын бахастой, цы бынат ын снысан кодтой, уырдӕм — Кувӕндоны Рухсмонуатмӕ, ӕмӕ йӕ ӕрӕвӕрдтой херувимты базырты бын. 8Херувимтӕ сӕ базыртӕ Фидыды Чырыны сӕрмӕ айтыгътой ӕмӕ йӕ ӕрӕмбӕрзтой йӕ хӕссӕн хъилтимӕ. 9– 10Уыцы хъилтӕ ахӕм даргъ уыдысты, ӕмӕ сын, Рухсмонуаты раз ӕрлӕугӕйӕ, сӕ кӕрӕттӕ фенӕн уыди, фӕлӕ хӕдзары ӕдде нӕ зындысты. Абоны онг дӕр сӕ бынат уыцы ран ис. Фидыды Чырынӕн йӕ мидӕг дыууӕ къӕйдурӕй уӕлдай ницы уыди. Кӕддӕр Израилы адӕм Мысырӕй куы рацыдысты ӕмӕ Дунедарӕг семӕ фидыд куы сарӕзта, уӕд сӕ Моисей Хоревы хохыл Чырыны нывӕрдта. 11Сауджынтӕ Кувӕндонӕй рацыдысты. Уыцы бонмӕ се’гас дӕр, чи дзы цы къордӕй уыд ӕмӕ дзы кӕмӕ цы хӕс хауди, уыдӕттӕ нӕ хынцгӕйӕ, сӕхи ссыгъдӕг кодтой. 12Ам уыдысты Кувӕндоны зарӕггӕнджытӕ, левиттӕ, иууылдӕр: Асаф, Йедутун ӕмӕ Хеман сӕ фырттӕ ӕмӕ се’рвадӕлтимӕ — лыстӕг гӕнӕй уафт дарӕсты. Се’мдзӕгъдгӕнӕн тӕбӕгътӕ, сӕ дыууадӕстӕнонтӕ ӕмӕ сӕ хъисфӕндыртимӕ лӕууыдысты нывондхӕссӕны скӕсӕйнаг фарс. Ӕхсӕзыссӕдз сауджыны семӕ лӕууыдысты ӕмӕ хӕтӕлтӕй цагътой. 13Хӕтӕлтӕй чи цагъта, уыдонӕн, стӕй зарӕггӕнджытӕн сӕ цагъд ӕмӕ сӕ зарӕджы зӕлд баиу сты, ӕмӕ афтӕмӕй кад кодтой Дунедарӕгӕн, стыдтой Йӕ: «Дунедарӕг хӕрзаудӕнгӕнаг у, Йӕ хорзӕх нӕ сӕфы мыггагмӕ!» Ӕмӕ ӕврагъ Дунедарӕджы хӕдзар ӕрӕмбӕрзта. 14Сауджынтӕн сӕ бон нал уыди сӕ уаз лӕггад дарддӕр хӕссын, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы хӕдзар байдзаг ис Дунедарӕджы кадӕй.
Copyright information for
OssIBT2022