2 Chronicles 6
Соломоны куывд
1Соломон загъта: «Дунедарӕджы тары цӕрын бафӕндыд. 2Ныр Дын Ӕз сарӕзтон бӕрзонд хӕдзар, цӕмӕй дзы цӕрай мыггагмӕ». 3Израилы адӕм се’ппӕт дӕр лӕууыдысты йӕ разы, Паддзах сӕм разылд ӕмӕ сын арфӕ ракодта. 4Стӕй загъта: «Арфӕгонд у Дунедарӕг, Израилы Хуыцау! Абон Йе стыр хъомысы фӕрцы сӕххӕст кодта, кӕддӕр мӕ фыд Давидӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый. Загъта йын: 5„Мӕ адӕмы Мысырӕй куы ракодтон, уӕдӕй абонмӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕй иуы сахар дӕр нӕ равзӕрстон, цӕмӕй дзы Мӕ номыл Кувӕндон саразон, стӕй мӕ адӕмӕн хицауӕй дӕр никӕй сӕвзӕрстон. 6Фӕлӕ ныр Ӕз равзӕрстон Йерусалим, цӕмӕй дзы цӕра Мӕ ном, ӕмӕ сӕвзӕрстон Давиды, цӕмӕй ӕрлӕууа Мӕ адӕмы, Израилы сӕргъы“. 7Мӕ фыд Давиды фӕндыди Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, номыл Кувӕндон саразын, 8фӕлӕ йын Дунедарӕг загъта: „Мӕ номыл Кувӕндон саразинаг кӕй дӕ, уый Мын ӕхсызгон у, 9фӕлӕ ды нӕ уыдзынӕ йӕ аразӕг. Мӕ номыл Мын Кувӕндон сараздзӕни дӕ фырт, дӕ туг ӕмӕ де стӕг“. 10Ӕмӕ ныр Дунедарӕг сӕххӕст кодта Йӕ дзырд. Куыд загъта, афтӕ ӕз ӕрбадтӕн мӕ фыды бынаты, Израилы паддзахы къӕлӕтджыны, ӕмӕ Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн, Йӕ номыл Кувӕндон сарӕзтон. 11Ӕмӕ ӕз уым Фидыды Чырын сӕвӕрдтон, йӕ мидӕг ис, Дунедарӕг Израилы адӕмимӕ цы фидыд сарӕзта, уый». 12Соломон ӕрлӕууыди Дунедарӕджы нывондхӕссӕны раз, Израилы дзыллӕйӕн сӕ разӕй, ӕмӕ йӕ къухтӕ хӕрдмӕ систа. 13Соломон ӕрхуы уӕзӕг сарӕзта, дӕргъмӕ дӕр ӕмӕ уӕрхмӕ дӕр фӕйнӕ фондз ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд та — ӕртӕ ӕлмӕрины, ӕмӕ йӕ кӕрты астӕу сӕвӕрдта. Ныр ӕм схызт, Израилы ӕппӕт дзыллӕйы раз ӕрзоныг кодта, йӕ къухтӕ уӕларвмӕ сивӕзта 14ӕмӕ загъта: — О Дунедарӕг, Израилы Хуыцау! Ды дӕ, уӕларвы дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр ӕмбал Кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцау! Дӕ цагъартимӕ хъахъхъӕныс Дӕ фидыд ӕмӕ ӕдзухдӕр иузӕрдион дӕ, зӕрдиагӕй Ды чи лӕггад кӕны, уыдоныл. 15Ацы бон Ды Де стыр хъомысы фӕрцы сӕххӕст кодтай, Дӕ лӕггадгӕнӕгӕн, мӕ фыд Давидӕн, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдтай ӕмӕ йын Дӕхи дзыхӕй цы загътай, уый. 16Уӕдӕ ныр, Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, дӕ цагъар Давидӕн ма ноджы цы дзырд дардтай, уый дӕр сӕххӕст кӕн! Ды йын загътай: «Дӕ фырттӕ раст фӕндагыл куы цӕуой ӕмӕ дӕуау Ме’гъдаумӕ гӕсгӕ куы цӕрой, уӕд дӕ байзӕддӕгтӕ кӕддӕриддӕр Мӕ разы Израилы паддзахы къӕлӕтджыны баддзысты». 17О Дунедарӕг, Израилы Хуыцау! Кӕддӕр дӕ лӕггадгӕнӕг Давидӕн цы ныхас загътай, уый сӕххӕст уӕд! 18Фӕлӕ Хуыцау адӕмимӕ куыд хъуамӕ цӕра зӕххыл? Уӕларв ӕмӕ уӕлдунетӕ Дыл куы не’ххӕссынц, уӕд Ды, ӕз Дын цы Кувӕндон сарӕзтон, уым куыд хъуамӕ бацӕуай? 19О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Фехъус Дӕ цагъарӕн йӕ куывд ӕмӕ йӕ лӕгъстӕ! Фехъус ын йӕ дзыназын, йӕ куывд! 20Ӕхсӕвӕй-бонӕй Дӕ цӕст ма ис ацы Кувӕндонӕй, ацы бынатӕй, Мӕ ном дзы цӕрдзӕни, зӕгъгӕ, кӕмӕй загътай, уымӕй! Дӕ цагъар-иу, ацы бынатмӕ йе’ргом саразгӕйӕ, куы кува, уӕд-иу ӕй фехъус. 21Дӕ цагъарӕн, стӕй Дӕ адӕм Израилӕн-иу фехъус сӕ алы куывд дӕр. Уыдон-иу ацы бынатмӕ се’ргом куы саразой ӕмӕ куы кувой, уӕд-иу сӕ фехъус Дӕ цӕрӕнбынатӕй, уӕлӕрвтӕй, ӕмӕ-иу сын ныббар сӕ азым. 22Исчи искӕй азымджын куы кӕна, мӕ ныхмӕ тӕригъӕды бацыди, зӕгъгӕ, ӕмӕ дзы ард бахӕрын куы дома, ӕмӕ уый Дӕ Кувӕндоны нывондхӕссӕны раз ард куы бахӕра, 23уӕд-иу ын уӕларвӕй йӕ ардбахӕрд фехъус ӕмӕ-иу аххосджынӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕн, ӕназымы та-иу сраст кӕн, йӕ рӕстдзинад-иу ын сбӕлвырд кӕн. 24Дӕ адӕм Израил Дӕ разы тӕригъӕды куы бацӕуой ӕмӕ уый тыххӕй фыдгулы амӕттаг куы бауой, фӕлӕ уый фӕстӕ куы’рфӕсмон кӕной, Дӕ номӕн куы скад кӕной, ацы Кувӕндоны Дӕм куы кувой ӕмӕ Дын лӕгъстӕ куы кӕной, 25уӕд-иу сӕ уӕларвӕй фехъус, ныббар-иу Дӕ адӕм Израилы тӕригъӕд ӕмӕ-иу сӕ фӕстӕмӕ раздах, кӕддӕр сын сӕ фыдӕлтӕн кӕй радтай, уыцы зӕхмӕ! 26Дӕ разы тӕригъӕды куы бацӕуой ӕмӕ сын уый тыххӕй арв доны’ртах куынӕуал ратта, ӕмӕ Дын уый фӕстӕ Дӕ къухы цӕф куы бамбарой, сӕ тӕригъӕдыл куы’рфӕсмон кӕной ӕмӕ, ацы Кувӕндонмӕ се’ргом саразгӕйӕ, Дӕ номӕн куы скад кӕной ӕмӕ Дӕм куы кувой, 27уӕд-иу Ды уӕларвӕй уыцы куывд фехъус ӕмӕ-иу Дӕ лӕггадгӕнджытӕн, Дӕ адӕм Израилӕн, сӕ тӕригъӕд ныббар. Раст фӕндагыл-иу сӕ сараз ӕмӕ-иу, Дӕ адӕмӕн исбонӕн кӕй радтай, уыцы зӕххыл къӕвдайы’ртах ӕруадз. 28Бӕстыл стонг заман куы скӕна, рын куы фӕзына, хус дымгӕ, зайӕгойты низ, мӕтыхтӕ ӕмӕ къуыдыргалм тыллӕг куы бабын кӕной, фыдгултӕ сахарыл куы’рхъула кӕной — цыфӕнды фыдбылыз куы’рцӕуа ӕмӕ цыфӕнды низ куы фӕзына, 29Израилы адӕмӕй Дӕм исчи цӕйфӕнды тыххӕй куы кува ӕмӕ Дын лӕгъстӕ куы кӕна, зӕрдӕхъыгӕй ӕмӕ удхарӕй мӕлгӕйӕ, ацы Кувӕндонмӕ йӕ къухтӕ куы иваза, 30уӕд-иу ӕй фехъус уӕларвӕй, Дӕ цӕрӕнбынатӕй, ӕмӕ-иу ын ныббар, алкӕмӕн дӕр-иу йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕн, йӕ зӕрдӕйы кӕмӕн цы ис, уымӕ гӕсгӕ, уымӕн ӕмӕ, адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый ӕрмӕстдӕр Ды зоныс. 31Уадз ӕмӕ Дӕ тӕрсой ӕмӕ цӕрӕнбонты Дӕ фӕндӕгтыл цӕуой, цалынмӕ, кӕддӕр нӕ фыдӕлтӕн цы зӕхх радтай, ууыл цӕрой, уӕдмӕ. 32Дӕ адӕмӕй, Израилӕй, чи нӕу, ахӕм исчи, ӕддагон, дард бӕстӕй Дӕ цытджын ном ӕмӕ Де стыр хъомысы сӕраппонд куы’рбацӕуа ӕмӕ, ацы Кувӕндонмӕ йе’ргом саразгӕйӕ, куы скува, 33уӕд-иу ӕй фехъус уӕларвӕй, Дӕ цӕрӕнбынатӕй, ӕмӕ-иу ын сӕххӕст кӕн йӕ курдиат. Афтӕмӕй Дын ӕппӕт адӕмтӕ дӕр базондзысты Дӕ ном ӕмӕ Дын аргъуыц кӕндзысты Дӕ адӕм Израилау. Уадз ӕмӕ зоной, ӕз цы Кувӕндон сарӕзтон, уый кӕй хӕссы Дӕ ном. 34Дӕ адӕм Дӕ амынд фӕндагыл знаджы ныхмӕ хӕстмӕ куы рацӕуой ӕмӕ Дӕм, цы сахар равзӕрстай ӕмӕ Дын ӕз цы Кувӕндон сарӕзтон, уыдонмӕ се’ргом саразгӕйӕ, куы скувой, 35уӕд-иу сын уӕларвӕй фехъус сӕ куывд, сӕ лӕгъстӕ ӕмӕ-иу сын ахъаз бакӕн! 36Дӕ адӕм Дӕ разы тӕригъӕды куы бацӕуой, уымӕн ӕмӕ, тӕригъӕд чи нӕ ракӕны, ахӕм адӕймаг нӕй, ӕмӕ сӕм Ды куы смӕсты уай, фыдгулты амӕттаг сӕ куы бакӕнай ӕмӕ сӕ уыдон уацары куы акӕной дард кӕнӕ ӕввахс бӕстӕмӕ, 37ӕмӕ, уацары цы зӕххыл уой, уым зӕрдиагӕй куы’рфӕсмон кӕной, се’ргом Дӕм куы раздахой ӕмӕ Дын лӕгъстӕ куы кӕной, тӕригъӕды бацыдыстӕм, фыдракӕнд сарӕзтам ӕмӕ азымджын стӕм, зӕгъгӕ, 38уацары сӕ кӕдӕм акодтой, уыцы зӕххыл Дӕм се’ргом зӕрдиагӕй куы раздахой ӕмӕ Дӕм куы кувой, кӕддӕр сын сӕ фыдӕлтӕн цы зӕхх раттай, цы сахар равзӕрстай ӕмӕ ӕз Дӕ номыл цы Кувӕндон сарӕзтон, уыдонмӕ се’ргом куы саразой, 39уӕд-иу сын уӕларвӕй, Дӕ цӕрӕнбынатӕй, фехъус сӕ куывд, сӕ лӕгъстӕ ӕмӕ-иу сын ахъаз бакӕн! Ныббар-иу Дӕ адӕмӕн, Дӕ разы тӕригъӕды чи бацыди, уыдонӕн! 40О мӕ Хуыцау! Ацы бынаты Дӕм чидӕриддӕр скува, уыдонмӕ-иу ӕркӕс ӕмӕ-иу сӕ фехъус! 41О Дунедарӕг Хуыцау, уӕдӕ ӕрцу Дӕ цӕрӕнмӕ — Ды ӕмӕ Дӕ хъомысджын Фидыды Чырын! Дӕ сауджынтӕ, о Дунедарӕг Хуыцау, ирвӕзындзинадӕй сӕхи дарӕсау сфӕлындӕд, Дӕ иузӕрдион адӕм цин кӕнӕнт Дӕ хорзӕхтыл! 42О Дунедарӕг Хуыцау! Кӕй байсӕрстай, уымӕй Де’ргом ма аздах! Дӕ лӕггадгӕнӕг Давидӕн, иузӕрдыг ыл уӕвгӕйӕ, зӕрдӕ цы хӕрзтӕй бавӕрдтай, уыдонӕй йӕ ӕнӕхай ма фӕкӕн!
Copyright information for
OssIBT2022