2 Chronicles 7
Кувӕндон срухс кӕныны бӕрӕгбон
1Соломон куывд куы фӕци, уӕд арвӕй арт ӕрцыди ӕмӕ аныхъуырдта иууылсудзинаг дӕр ӕмӕ иннӕ нывӕндтӕ дӕр. Кувӕндон байдзаг ис Дунедарӕджы кадӕй. 2Сауджынтӕн сӕ бон нӕ уыди Кувӕндонмӕ бацӕуын, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы кадӕй дзаг уыди. 3Израилӕгтӕ, арвӕй арт ӕрцыд, Кувӕндон та Дунедарӕджы кадӕй байдзаг ис, уый куы федтой, уӕд дурын астӕрдыл ныддӕлгом сты. Дунедарӕгмӕ бакуывтой ӕмӕ Йӕ стыдтой: «Дунедарӕг хӕрзаудӕнгӕнаг у, Йӕ хорзӕх мыггагмӕ нӕ сӕфы!» 4Паддзах ӕмӕ ӕппӕт адӕм Дунедарӕджы раз ӕрхастой нывӕндтӕ. 5Паддзах Соломон стурвосӕй нывондӕн ӕрхаста дыууӕ ӕмӕ ссӕдз мин сӕры, лыстӕг фосӕй та — ӕхсӕзыссӕдз мин сӕры. Афтӕмӕй паддзах ӕмӕ адӕм иууылдӕр Хуыцауы хӕдзар срухс скодтой. 6Сауджынтӕ ӕххӕст кодтой сӕ хӕстӕ, левиттӕ дӕр сӕ бынӕтты ӕрлӕууыдысты, кӕддӕр Давид Дунедарӕджы стауынӕн кӕй саразын кодта, уыцы зӕлуадзӕнтимӕ. Уыдон дӕр ӕй Давидау стыдтой: «Йӕ хорзӕх нӕ сӕфы мыггагмӕ!» Сауджынтӕ сӕ разы хӕтӕлтӕй цагътой, Израилы адӕм та уырдыг лӕууыдысты уыцы ран. 7Соломон срухс скодта кӕрты астӕуккаг хай — Дунедарӕджы Кувӕндоны раз — ӕмӕ уым нывондӕн ӕрхаста иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндты фиу, уымӕн ӕмӕ, Соломон кӕй сарӕзта, уыцы ӕрхуы нывондхӕссӕн утӕппӕт иууылсудзинӕгтӕ, хойраджы хуынтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндты фиуӕн ӕгӕр гыццыл уыди. 8Уыцы заман Соломон авд боны дӕргъы бӕрӕгбон скодта. Ӕгас Израил, ӕнӕнымӕц адӕм ӕрӕмбырд ис, Лево-Хаматӕй Мысыры тӕрфы онг чи царди, уыдон се’ппӕт дӕр. 9Ӕстӕм бон бӕрӕгбонӕн скодтой кӕрон. Нывондхӕссӕн срухс кӕныныл ӕдӕппӕтӕй ацыди авд боны, уый фӕстӕ та авд боны — бӕрӕгбоныл. 10Ӕвдӕм мӕйы дыууын ӕртыккӕгӕм бон паддзах Соломон адӕмы сӕ хӕдзӕрттӕм ауагъта. Уыдон цин кодтой, сӕ зӕрдӕтӕ фыр цинӕй радысты, Дунедарӕг Давидӕн, Соломонӕн ӕмӕ Йӕ адӕм Израилӕн уый бӕрц хӕрзтӕ кӕй ракодта, уый тыххӕй. 11Афтӕмӕй Соломон арӕзт фӕци Дунедарӕджы Кувӕндон ӕмӕ йӕ паддзахы галуан, йӕ зӕрды цыдӕриддӕр саразын уыди, уыдон иууылдӕр йӕ къухы бафтыдысты. 12Ӕхсӕвы Дунедарӕг раргом ис Соломонмӕ ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дын дӕ куывд фехъуыстон. Ӕз ацы бынат равзӕрстон, цӕмӕй ам нывӕндтӕ хӕссой. 13Арвы дуӕрттӕ куы сӕхгӕнон ӕмӕ зӕхмӕ доны’ртах куынӕуал ӕруадзон, тыллӕг мӕтыхтӕн куы бахӕрын кӕнон, кӕнӕ Мӕ адӕмы рыны амӕттаг куы бакӕнон, 14ӕмӕ Мӕ адӕм, Мӕ ном чи хӕссы, уыдон, сӕрныллӕгӕй куы кувой, куы Мӕ агурой ӕмӕ сӕ фыдвӕндӕгтӕ куы ныууадзой, уӕд сӕ Ӕз фехъусдзынӕн уӕларвӕй, сӕ тӕригъӕд сын ныббардзынӕн ӕмӕ сын сӕ зӕхх сӕнӕниз кӕндзынӕн. 15Ацы бынатӕй Мӕм чидӕриддӕр скува, уымӕ Ӕз ӕркӕсдзынӕн, йӕ куывдмӕ йын байхъусдзынӕн лӕмбынӕг. 16Ӕз ацы Кувӕндон Мӕхицӕн равзӕрстон ӕмӕ йӕ срухс кодтон. Мыггагмӕ дзы цӕрдзӕни Мӕ ном, Мӕ цӕстытӕ ӕмӕ Мӕ зӕрдӕ ӕдзухдӕр уыдзысты уым. 17Ды та Мын дӕ фыд Давидау куы лӕггад кӕнай, цы дын бафӕдзӕхстон, уыдон иууылдӕр куы ӕххӕст кӕнай, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мӕ амындтытӕм гӕсгӕ куы цӕрай, 18уӕд дын дӕ паддзахы бадӕн сфидар кӕндзынӕн, кӕддӕр дӕ фыд Давидимӕ цы фидыд сарӕзтон, уымӕ гӕсгӕ. Ӕз ын загътон: „Дӕ байзӕддӕгтӕ кӕддӕриддӕр Израилы паддзахиуӕг кӕндзысты“. 19Фӕлӕ уын цы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ цы фӕдзӕхстытӕ радтон, уыдоныл уӕ къух куы ауигъат, куынӕуал сӕ ӕххӕст кӕнат, ӕндӕр хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ кувын куы райдайат, 20уӕд Ӕз Израилы адӕмы сӕ бындзарӕй срӕдувдзынӕн Мӕ зӕххӕй, кӕй сын радтон, уымӕй. Стӕй Мӕ номыл цы Кувӕндон срухс кодтон, ууыл дӕр Мӕхи атигъ кӕндзынӕн, ӕппӕт адӕмтӕ йыл худдзысты ӕмӕ йыл цъыфкалӕн кӕндзысты. 21Ацы бӕрзонд Кувӕндонӕн-иу йӕ цурты чи фӕцӕйцӕуа, уый-иу стыр дисы бафтдзӕн ӕмӕ фӕрсдзӕн: „Ацы зӕхх ӕмӕ ацы Кувӕндонӕн Дунедарӕг афтӕ цӕй тыххӕй бакодта?“ 22Ӕмӕ-иу ын дзуапп ратдзысты: „Мысырӕй сӕ чи ракодта, уыцы Дунедарӕджы, сӕ фыдӕлты Хуыцауы, кӕй ныууагътой, ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл кӕй ацыдысты, лӕггад кӕнын ӕмӕ сын кувын кӕй райдыдтой, уый тыххӕй сын Дунедарӕг ацы бӕллӕхтӕ бавзарын кодта“».
Copyright information for
OssIBT2022