2 Corinthians 1
1Павелӕй, Хуыцауы фӕндӕй Йесо Чырыстийы апостолӕй, ӕмӕ не’фсымӕр Тимофейӕ — Хуыцауы аргъуанмӕ Коринфы, стӕй ӕгас Ахайы ӕппӕт сыгъдӕджытӕм. 2Хорзӕх ӕмӕ уын фарн — Хуыцауӕй, нӕ Фыдӕй, ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ. aХуыцау — нӕ рӕвдауӕг
3Арфӕгонд уӕд нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы Хуыцау ӕмӕ Фыд, нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Фыд ӕмӕ нӕ ныфсдӕттӕг Хуыцау. b 4Уый махӕн нӕ ныфс у нӕ алы зындзинады дӕр, цӕмӕй, зынтӕ чи ӕвзары, уыдонӕн та мах лӕууӕм се’нцой, Хуыцау нӕхицӕн не’нцой кӕй лӕууы, уый фӕрцы. 5Уымӕн ӕмӕ мах Чырыстийы хъизӕмӕрттӕй цас фылдӕр хайджын разынӕм, уыйас нын Чырысти дӕр дӕтты фылдӕр ныфс. c 6Кӕд мах хъизӕмар кӕнӕм, уӕд нӕ хъизӕмар у сымах ныфс бауадзыны ӕмӕ уӕ фервӕзыны сӕраппонд. Кӕд мах бауагъдӕуы ныфс, уӕд уый у сымахӕн ныфс раттыны сӕраппонд. Уыцы ныфсы руаджы сымах фӕразонӕй фӕбыхсут, мах дӕр кӕй ӕвзарӕм, уыцы хъизӕмӕрттӕн. 7Нӕ зӕрдӕ уыл фидарӕй дарӕм. Уымӕн ӕмӕ зонӕм: кӕд хайджын стут нӕ хъизӕмӕрттӕй, уӕд хайджын стут, мах ныфс цӕмӕй ис, уымӕй дӕр. 8Фӕнды нӕ, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, мах Азийы цы зынтӕ бавзӕрстам, уый тыххӕй. Мах ахӕм стыр хъизӕмары хай фестӕм, ӕмӕ удӕгасӕй баззайыны ӕнхъӕл нал уыдыстӕм. 9Афтӕ нӕм касти, цыма нын мӕлӕты тӕрхон рахастӕуыд. Уыцы фыдӕвзарӕны бахаудыстӕм, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ нӕхиуыл нӕ, фӕлӕ мӕрдты ӕгасгӕнӕг Хуыцауыл дарӕм. 10Мах кастыстӕм мӕлӕты дзыхмӕ, ӕмӕ нӕ дзы Хуыцау бахызта. Нӕ зӕрдӕ дарӕм, Уый та нӕ ногӕй кӕй фервӕзын кӕндзӕни, 11сымах дӕр ма нын куы куват, уӕд. Ӕмӕ бирӕтӕ бузныг зӕгъдзысты Хуыцауӕн, бирӕты куывдмӕ гӕсгӕ ныл хӕрзаудӕн кӕй кӕны, уый тыххӕй. dПавел аивта йӕ фӕндтӕ
12Нӕхицӕй мӕнӕ цӕмӕйты хъал стӕм: зӕххыл мах, уӕлдайдӕр та сымахимӕ абаргӕйӕ, цӕрӕм, Хуыцауӕн фӕндон куыд уа, афтӕ — хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕнӕхинӕй; адӕймаджы зондмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхмӕ гӕсгӕ. Уымӕн нӕ зӕрдӕ — не’вдисӕн. e 13Цы зонут ӕмӕ уӕ бон бакӕсын цы у, уымӕй уӕлдай уӕм ницы фыссӕм, ӕмӕ мӕ зӕрдӕ дарын, кӕй нӕ бамбардзыстут кӕронмӕ. 14Иу цасдӕр нӕ ныридӕгӕн дӕр куыд бамбӕрстат, афтӕ: нӕ Бардарӕг Йесойы ӕрцыды бон сымах буц уыдзыстут махӕй, мах та — сымахӕй. 15Ӕз ууыл фидарӕй кӕй ӕууӕндын, уымӕ гӕсгӕ мӕ фӕндыди сымахмӕ раздӕр ӕрцӕуын, цӕмӕй уыл дыууӕ хатты сӕмбӕла хорзӕх. f 16Мӕ зӕрды уыди, Македонимӕ цӕугӕйӕ, сымахмӕ фездӕхын, стӕй уӕм Македонийӕ ногӕй ӕрцӕуын, цӕмӕй мӕ сымах Иудеймӕ цӕуынмӕ срӕвдз кӕнат. 17Ахӕм фӕнд мӕм кӕй уыди, уый мӕ рӕузондӕй у? Ӕви мӕм цы фӕндтӕ вӕййы, уыдон адӕймаджы зондӕй ӕвзӕрынц, ӕмӕ уыцы иу рӕстӕг «о» ӕмӕ «нӕ» фӕзӕгъын, мыййаг? g 18Хуыцау Йӕ дзырд нӕ сайы ӕмӕ ӕвдисӕн у, мах уын цы фӕзӕгъӕм, уый уыцы иу рӕстӕг «о» ӕмӕ «нӕ» кӕй нӕу. 19Ӕз, Силуан ӕмӕ Тимофей сымахӕн Кӕй тыххӕй дзырдтам, Хуыцауы уыцы Фырт Йесо Чырысти уыцы иу рӕстӕг «о» ӕмӕ «нӕ» нӕ уыди, фӕлӕ ӕрмӕст «о» у. 20Уымӕн ӕмӕ, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уыдон иууылдӕр Чырыстийы фӕрцы сты «о» — сӕххӕст вӕййынц. Уымӕ гӕсгӕ, Хуыцауӕн кад куы фӕкӕнӕм, уӕд Чырыстийы руаджы фӕзӕгъӕм «аммен». 21Чырыстиимӕ иугондӕй махӕн сымахимӕ хъару Чи дӕтты, уыцы Хуыцау нӕ равзӕрста Йӕхицӕн. h 22Ӕмӕ Йӕ адӕм кӕй стӕм, зӕрдӕ нын цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ кӕй райсдзыстӕм, уый равдисынӕн уал нын Хуыцау нӕ зӕрдӕты ӕрцӕрын кодта Йӕ Сыгъдӕг Уд. i 23Хуыцау уыны мӕ зӕрдӕ ӕмӕ мын у ӕвдисӕн: ӕз Коринфмӕ ныронг не’рцыдтӕн, кӕй уыл ауӕрдын, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй. 24Хъуыддаг уый мидӕг нӕй, ӕмӕ мах уӕ уырнындзинадӕн ӕлдариуӕг кӕнӕм. Мах уе’мкусджытӕ стӕм уӕ цины сӕраппонд, уымӕн ӕмӕ фидар у уӕ уырнындзинад.
Copyright information for
OssIBT2022