‏ 2 Corinthians 10

Павел раст кӕны йӕхи

1Лӕгӕй-лӕгмӕ уемӕ ӕнӕныфсхаст чи у, уӕ фӕсаууонмӕ та — сӕрӕн, ӕз уыцы Павел дӕн. 2Чырыстийы сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ хӕларзӕрдӕйы хатырӕй, куы уӕм ӕрцӕуон, уӕд мӕ, курын уӕ, ахӕм уавӕры ма сӕвӕрут, ӕмӕ мӕ мӕхи хъӕбатыр ӕмӕ ныфсхастӕй равдисын куыд бахъӕуа: мӕхи ахӕмӕй равдисын мӕ бон у, мӕнӕй афтӕ ӕнхъӕл чи у, ӕз дӕр, ацы дунейы адӕм куыд цӕрынц, афтӕ цӕрын, уыдоны раз. 3Уымӕн ӕмӕ, кӕд адӕймаджы буары цӕрӕм, уӕддӕр адӕймаджы фӕрӕзтӕй нӕ тох кӕнӕм. a 4Мах цы хотыхтӕй хӕцӕм, уыдон адӕймаджы конд не сты, уыдонӕн сӕ мидӕг ис Хуыцауы тых, ӕмӕ уый та фидӕрттӕ ныппырх кӕны. b 5Хуыцауы базоныны фӕндагыл цы цӕлхдуртӕ сӕвӕрдӕуыд, уыдон фӕнык фестын кӕнӕм ӕмӕ уацары райсӕм алы хъуыды дӕр, цӕмӕй йӕ Чырысти басӕтта. c 6Ӕмӕ бынтондӕр куы басӕттат, уӕд мах цӕттӕ уыдзыстӕм цавӕрфӕнды хивӕнддзинад бафхӕрынмӕ дӕр.

7Ӕддаг бакастӕй цы зыны, уымӕ кӕсут? Чырыстийы кӕй у, ууыл фидарӕй чи ӕууӕнды, уый ноджыдӕр ахъуыды кӕнӕд, мах дӕр уыйау Чырыстийы кӕй стӕм, ууыл. d 8Уӕ аргъуан фехалынӕн нӕ, фӕлӕ йӕ саразынӕн Бардарӕг махӕн цы бартӕ радта, уыдонӕй ӕгӕр куы раппӕлон, уӕд дӕр нӕ фӕхудинаг уыдзынӕн. 9Афтӕ ӕнхъӕл ма ут, ӕмӕ уӕ тӕрсын кӕнын мӕ фыстӕджытӕй. 10Уымӕн ӕмӕ чидӕртӕ зӕгъынц: «Йӕ фыстӕджыты домаг ӕмӕ тыхджын у, лӕгӕй-лӕгмӕ та — лӕмӕгъ, йӕ ныхас нӕ ахады». e 11Афтӕ чи зӕгъы, уый зонӕд: нӕ фыстӕджыты фӕсаууонмӕ цавӕртӕ стӕм, хъуыддагӕй дӕр ахӕмтӕй равдисдзыстӕм нӕхи, куы уӕм ӕрцӕуӕм, уӕд.

12Уымӕн ӕмӕ, йӕхицӕй чи ӕппӕлы, уыдонимӕ нӕхи ӕрӕмных кӕнынмӕ кӕнӕ уыдоныл нӕхи абарынмӕ нӕ ныфс нӕ хӕссӕм. Уыдон сӕхицӕн аргъ кӕнынц сӕхи барӕнтӕм гӕсгӕ ӕмӕ сӕхи барынц сӕхиуыл — уый ӕнӕзонд ми у. 13Мах та нӕхицӕй куы ӕппӕлӕм, уӕд нын нысангонд цы арӕнтӕ ис, уыдоны сӕрты нӕ ахиздзыстӕм, фӕлӕ баззайдзыстӕм, Хуыцау нын бакусынӕн цы хуымы хай бабар кодта, уым; сымах дӕр уыцы хуымы стут. f 14Мах уыцы арӕнты сӕрты ахизыныл нӕхи нӕ хъарӕм. Куынӕ уӕм ӕрцыдаиккам, уӕд афтӕ уыдаид. Фӕлӕ сымахмӕ дӕр бахӕццӕ стӕм Чырыстийы Фарны Уацимӕ. 15Нӕхицӕй куы феппӕлӕм, уӕд нӕ арӕнты сӕрты нӕ ахизӕм, кӕйдӕр фӕллӕйттӕ нӕхи нӕ бакӕнӕм. Ӕппындӕр нӕ! Мах нӕ зӕрдӕ дарӕм: уӕ уырнындзинад рӕздзӕн, ӕмӕ сымахмӕ бакусдзыстӕм ноджы фылдӕр, махӕн нысангонд арӕнты сӕрты нӕ ахизгӕйӕ. g 16Ӕмӕ уӕд нӕ бон бауыдзӕн канд сымахмӕ нӕ, фӕлӕ ӕндӕр рӕтты дӕр Фарны Уац хъусын кӕнын. Мах нӕхицӕй нӕ раппӕлдзыстӕм, кӕйдӕр хуымы цӕттӕ хор мах фӕллой у, зӕгъгӕ. 17«Йӕхицӕй чи ӕппӕлы, уый ӕппӕлӕд Дунедарӕгӕй». h 18Аккагыл нымад у, йӕхи чи уӕлӕмӕ кӕны, уый нӕ, фӕлӕ Бардарӕг кӕй уӕлӕмӕ кӕны, уый. i
Copyright information for OssIBT2022