‏ 2 Corinthians 11

Павел ӕмӕ мӕнг апостолтӕ

1Кӕд иу чысыл ӕдылыгомау дӕн, уӕддӕр мын уӕд та куы бабыхсиккат! Уӕ хорзӕхӕй, бабыхсут! 2Ӕз уыл ӕнувыд дӕн; Хуыцауы куыд нӕ фӕнды, афтӕ мӕн дӕр нӕ фӕнды, ӕмӕ ма уыл ӕндӕр искӕй бар дӕр цӕуа. Ӕз сымах иунӕг Лӕгӕн — Чырыстийӕн — ӕрцӕттӕ кодтон ӕмкъайӕн, цӕмӕй уӕ ӕнӕкъӕм чызгӕй ӕрлӕууын кӕнон Йӕ разы. 3Фӕлӕ уын ӕз тӕрсын, калм Евӕйыл хинӕй куыд рацыд, афтӕ сымахӕн дӕр уӕ зонд зыгъуыммӕгонд куы’рцӕуа, ӕмӕ Чырыстийы сыгъдӕг ӕмӕ иузӕрдион уарзтӕй куы адард уа. a 4Уымӕн ӕмӕ уӕм исчи куы ӕрцӕуы, уӕд ын фӕдӕттут, мах уын Кӕй тыххӕй нӕ дзырдтам, ахӕм ӕндӕр Йесойы тыххӕй дзурыны бар; ӕнӕзивӕгӕй райсут, раздӕр кӕй нӕ райстат, ахӕм мон ӕмӕ тынг хорз фӕхъусут, раздӕр кӕй нӕ фехъуыстат, ахӕм Фарны Уацмӕ. 5Мӕнмӕ та афтӕ кӕсы, ӕмӕ ӕз уыцы «уӕлдӕр апостолтӕй» ницӕмӕй цауддӕр дӕн. b 6Рӕсугъд дзурынмӕ нӕ арӕхсын, зонынадӕй та ӕнӕхай нӕ дӕн — уый уын мах равдыстам алцӕмӕй дӕр. c

7Цӕмӕй сымах сбӕрзонд уат, уый тыххӕй мӕхи кӕй ӕрныллӕг кодтон ӕмӕ уын Хуыцауы Фарны Уац лӕвар кӕй амыдтон, уымӕй ӕз тӕригъӕды, мыййаг, бафтыдтӕн? 8Зӕгъӕн ис, ӕз стыгътон иннӕ аргъуантӕ — сымахӕн балӕггад кӕныны тыххӕй ӕхца уыдонӕй истон. Сымахмӕ куы уыдтӕн, уӕд хъуаг кӕд ӕййӕфтон, уӕддӕр никӕй батыхсын кодтон. d 9Хъуаг цӕмӕй ӕййӕфтон, уымӕй мын баххуыс кодтой Македонийӕ ӕрцӕуӕг ӕфсымӕртӕ. Ӕз уӕ никуы батыхсын кодтон ӕмӕ уӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕр нӕ батыхсын кӕндзынӕн. 10Афтӕ кӕй у, уымӕй мын ӕппӕт Ахайы дӕр мӕхицӕй ӕппӕлыны бар ничи байсдзӕн — ӕз уый зӕгъын, Чырыстийы ӕцӕгадӕй хайджын кӕй дӕн, уымӕ гӕсгӕ. 11Цӕмӕн афтӕ дарын мӕхи? Кӕй уӕ нӕ уарзын, уый тыххӕй? Хуыцау — ӕвдисӕн: ӕз уӕ бирӕ уарзын. Фӕлӕ, мӕхи куыд дардтон, афтӕ дардзынӕн нырӕй фӕстӕмӕ дӕр, 12цӕмӕй ӕфсон агурджытӕн ӕфсон ма уа сӕхицӕй раппӕлынӕн, цыма не’мсӕр сты, уыйау. 13Уымӕн ӕмӕ ахӕмтӕ сты мӕнгапостолтӕ, фӕлитой кусджытӕ, сӕхи ӕвдисынц афтӕ, цыма Чырыстийы апостолтӕ сты. e 14Уым диссагӕй ницы ис: сайтан дӕр йӕхи равдисы рухсы зӕдӕй. 15Ӕмӕ йӕ кусджытӕ дӕр рӕстады кусджытӕй сӕхи куы февдисынц, уӕд уый, чи никуы ӕрцыд, ахӕм хабар нӕу. Фӕлӕ сӕ кӕрон уыдзӕни сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ. f

Апостолты бирӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ хъуӕгтӕ

16Зӕгъын ма уын: ӕнӕзондыл мӕ мачи нымайӕд. Фӕлӕ мӕ кӕд ӕнӕзондыл нымайут, уӕддӕр мыл барвӕссут ахӕмӕй дӕр, цӕмӕй уын ӕз дӕр иу гыццыл раппӕлон мӕхицӕй. 17Ӕз ныртӕккӕ цы зӕгъдзынӕн, уый Бардарӕгӕн фӕндон нӕу — райдайдзынӕн мӕхицӕй ӕппӕлын ӕнӕзондау. 18Сӕ зӕххон хъуыддӕгтӕй бирӕтӕ сӕхицӕй куыд ӕппӕлынц, афтӕ ӕз дӕр ӕппӕлдзынӕн мӕхицӕй. g 19Уымӕн ӕмӕ сымах, зондджынтӕ, ӕнӕзӕндтыл зӕрдиагӕй ӕууӕндут. 20Сымах быхсут, йӕхицӕн уӕ цагъартӕ чи кӕны, уӕ мулк уын чи хӕры, цумагӕнӕн уӕ чи аразы, ӕнӕввӕрсонтӕ уыл чи кӕны, цӕвынӕй уыл чи нӕ ауӕрды, уыдоны. 21Худинаг мӕм кӕсы, фӕлӕ йыл уӕддӕр сӕттын: уыдонимӕ абаргӕйӕ, мах ам, ӕвӕццӕгӕн, лӕмӕгъ разындыстӕм!

Кӕд исчи истӕмӕй раппӕлынмӕ йӕ ныфс хӕссы, уӕд ӕз дӕр — ме’нӕзондӕй йӕ зӕгъын — мӕ ныфс хӕссын.

22Уыдон дзуттӕгтӕ сты? Ӕз дӕр. Израилӕгтӕ сты? Ӕз дӕр. Авраамы цот сты? Ӕз дӕр. h 23Чырыстийы кусджытӕ сты? Мӕ зонд цыма фӕцыд, ӕз уыйау зӕгъын: ӕз уыдонӕй уӕлдӕр дӕн. Ӕз дзӕвгар фылдӕр бафыдӕбон кодтон, дзӕвгар фылдӕр уыдтӕн ахӕстӕтты, надтой мӕ ӕнӕвгъаудӕрӕй, бирӕ хӕттыты кастӕн мӕлӕты дзыхмӕ. 24Иудейӕгты къухӕй фондз хатты бавзӕрстон фӕйнӕ нудӕс ӕмӕ ссӕдз цӕфы; 25ӕртӕ хатты мыл лӕдзджытӕй ӕрцыдысты; иу хатт мӕ дуртӕй мардтой; ӕртӕ хатты наусӕфты бахаудтӕн, ӕхсӕв ӕмӕ бон денджызы, доны мидӕг, арвыстон. i 26Ӕдзух фӕндагыл дӕн, ӕдзух — тӕссаг уавӕрты: донивылд, абырджытӕ, ме’мбӕстӕгтӕ, муртаттӕгтӕ. Уыимӕ ма ноджы алы фыдбылызтӕ: сахары, цӕуӕг кӕм нӕй, ахӕм рӕтты, денджызы, мӕнгӕфсымӕрты къухӕй… 27Уӕззау куыст, ӕнӕхуыссӕг ӕхсӕвтӕ, стонг ӕмӕ дойны, уазал ӕмӕ бӕгънӕг… j 28Уымӕй уӕлдай — ӕппӕт аргъуанты сагъӕсы ӕрвылбоны уаргъ. 29Кӕйдӕр хъару куы асӕтты, уӕд исты мӕ хъару дӕр йемӕ нӕ асӕтты? Исчи куы фӕрӕдийы ӕмӕ куы фӕкӕлы, уӕд иууылдӕр не ссудзын артау? k

30Кӕд мӕ уӕддӕр мӕхицӕй раппӕлын хъӕуы, уӕд ӕрмӕстдӕр — мӕ лӕмӕгъдзинад цӕй мидӕг ис, уымӕй. 31Нӕ Бардарӕг Йесойы Фыд ӕй зоны, мӕнг кӕй нӕ зӕгъын, уый. Арфӕгонд уӕд мыггагмӕ! l 32Паддзах Аретайы бӕстыхицау мӕн ӕрцахсыны тыххӕй Дамаскы сахары рацӕуӕнтӕ бӕргӕ хъахъхъӕдта, фӕлӕ мӕ рудзынгӕй тӕсчъы ӕруагътой сисыл, ӕмӕ йӕ къухмӕ нӕ бахаудтӕн. m
Copyright information for OssIBT2022