‏ 2 Corinthians 13

Зондамонӕн ныхӕстӕ

1Ныр уӕм ӕртыккаг хатт цӕуын. «Алы хъуыддаг дӕр хъуамӕ дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны раз ӕвзӕрст цӕуа». a 2Дыккаг хатт уӕм куы уыдтӕн, уӕд рагацау загътон, тӕригъӕды чи бафтыд, уыдонӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн се’ппӕтӕн дӕр; ныр та фӕсаууонмӕ ногӕй зӕгъын: куы ӕрцӕуон, уӕд хатыр никӕмӕн уыдзӕн. b 3Уымӕн ӕмӕ сымах, Чырысти мӕ дзыхӕй дзуры ӕви нӕ, уымӕн исты ӕвдисӕйнӕгтӕ домут. Чырысти уын ӕдых нӕу, фӕлӕ Йӕ хъару равдисы уе’хсӕн. 4Кӕд Ӕй ӕдыхӕй байтыгъдӕуыд, уӕддӕр цӕры Хуыцауы хъаруйӕ. Чырысти куыд ӕдых уыди, мах дӕр афтӕ ӕдых стӕм, фӕлӕ, Хуыцауы хъаруйӕ, Йемӕ сӕрӕгас уыдзыстӕм. c

5Уӕхи бафӕлварут, уырнындзинад уӕм ис ӕви нӕ; уӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсут. Ӕви Йесо Чырысти уӕ зӕрдӕты кӕй ис, уый нӕ зонут? Кӕд ӕй нӕ зонут, уӕд, цавӕр хъуамӕ уат, ахӕмтӕ не стут. d 6Уыцы ныфс мӕ ис, ӕмӕ сымах базондзыстут, мах цавӕр хъуамӕ уӕм, ахӕм кӕй стӕм, уый. 7Ӕмӕ кувӕм Хуыцаумӕ, цӕмӕй ӕвзӕрӕй мацы саразат. Нӕ куывд уый сӕрыл нӕу, ӕмӕ, цавӕр хъуамӕ уӕм, нӕхи ахӕмӕй равдисӕм — фӕнды нӕ, цӕмӕй сымах аразат хорз хъуыддӕгтӕ, мах цавӕр хъуамӕ уӕм, ахӕмтӕ уӕм куы нӕ кӕсӕм, уӕд дӕр. 8Уымӕн ӕмӕ ӕцӕгады ныхмӕ ӕнӕбон стӕм, ӕцӕгады сӕраппонд та — тыхджын. 9Мах лӕмӕгъ куы вӕййӕм, сымах та — тыхджын, уӕд цины бафтӕм. Сымах ӕнаипп цӕмӕй уат, кувгӕ дӕр уый сӕраппонд кӕнӕм. 10Ӕппӕт уыдӕттӕ уӕм фӕсаууонмӕ уый тыххӕй фыссын, ӕмӕ, сымахмӕ куы уон, уӕд мӕ ма бахъӕуа мӕхи карзӕй равдисыны сӕр, халынӕн нӕ, фӕлӕ мын аразынӕн Бардарӕг цы бартӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ. e

11Ӕппынфӕстаг, ӕфсымӕртӕ, цин кӕнут, тырнут ӕнаипп уӕвынмӕ, кӕрӕдзийӕн ныфс ӕвӕрут, ут ӕмзонд, цӕрут фидыдӕй, ӕмӕ гъеуӕд уарзт ӕмӕ фарн дӕттӕг Хуыцау уыдзӕн уемӕ. f

12Кӕрӕдзийӕн салам дӕттут ӕфсымӕрон байӕ. Салам уын ӕрвитынц сыгъдӕджытӕ иууылдӕр. g

13Нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хорзӕх уӕ уӕд! Хуыцауы уарзт ӕмӕ Сыгъдӕг Удӕй уе’ппӕт дӕр хайджын ут!
Copyright information for OssIBT2022