‏ 2 Corinthians 5

1Мах зонӕм: нӕ зӕххон хӕдзар, ацы халагъуд, куы ныккӕла, уӕд нын уӕлӕрвты ис цӕрӕнуат — адӕймаг нӕ, фӕлӕ Хуыцау кӕй сарӕзта, уыцы мыггагмӕйы хӕдзар. a 2Ныр та уал хъӕрзӕм — бӕллӕм нӕ уӕларвон буары ӕрцӕрынмӕ. b 3Уӕдӕ нӕ зӕххон агъуд куы аппарӕм, уӕд дӕр бӕгънӕг нӕ уыдзыстӕм. c 4Мах цалынмӕ ацы халагъуды цӕрӕм, уӕдмӕ хъӕрзӕм. Уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ нӕ зӕххон агъудӕй рахизын фӕнды мах; мах бӕллӕм уӕларвон агъуды бацӕуынмӕ, мӕлинаг агъуд цард куыд аныхъуыра, афтӕ. d 5Хуыцау нӕ фӕлдисгӕ дӕр уый тыххӕй скодта; ӕмӕ, афтӕ кӕй уыдзӕн, уый равдисынӕн уал нӕ схайджын кодта Йӕ Сыгъдӕг Удӕй. e

6Мах кӕддӕриддӕр ныфсджын уымӕн стӕм, ӕмӕ зонӕм: цалынмӕ нӕ буары стӕм, уӕдмӕ — ӕцӕгӕлон ран, Бардарӕгӕй дард, 7цӕстӕй цы уынӕм, уый нӕ, фӕлӕ уырнындзинады фӕрцы кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ. f 8Стӕм ныфсджын ӕмӕ хуыздӕрыл нымайӕм буарӕй рахизын ӕмӕ нӕхи хӕдзары, Бардарӕгмӕ, ӕрцӕрын. g 9Уӕдӕ, буары уӕм ӕви нӕ, не стырдӕр фӕндиаг у Бардарӕджы уарзонӕй цӕрын. 10Уымӕн ӕмӕ не’ппӕты дӕр Чырыстийы тӕрхоны раз ӕрлӕууын бахъӕудзӕни, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр лӕвӕрд ӕрцӕуа, йӕ буары ма куы уыди, уӕд хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр цы сарӕзта, уымӕ гӕсгӕ. h

Чырысти — Хуыцауимӕ фидауынгӕнӕг

11Мах зонӕм Бардарӕджы тас ӕмӕ ӕууӕндын кӕнӕм адӕмы. Цы стӕм, уый Хуыцауӕн зындгонд у; афтӕ ӕнхъӕл дӕн, ӕмӕ сымах дӕр мах тыххӕй алцыдӕр зонут. 12Ногӕй та уын нӕхи нӕ амонӕм, фӕлӕ уын дӕттӕм, махӕй буц куыд уат, ахӕм фадат. Уӕд уӕ бон ныхкъуырд раттын уыдзӕни, зӕрдӕйы нӕ, фӕлӕ, ӕдде цы ис, уымӕй хъал чи у, уыдонӕн. 13Кӕд сонт стӕм, уӕд — Хуыцауы сӕраппонд; нӕ зонд кӕд нӕхимӕ ис, уӕд — сымах сӕраппонд. i

14Кӕд иу амарди ӕппӕт адӕмы сӕрвӕлтау, уӕд иууылдӕр амардысты — мах уый куы бамбӕрстам, уӕдӕй фӕстӕмӕ Чырыстийы уарзт немӕ ис. 15Чырысти амарди ӕппӕт адӕмы сӕрвӕлтау, цӕмӕй удӕгӕстӕ сӕхицӕн ма цӕрой, фӕлӕ цӕрой, уыдоны сӕрвӕлтау Чи амард ӕмӕ райгас ис, Уымӕн. j 16Уымӕ гӕсгӕ нырӕй фӕстӕмӕ адӕймаджы цӕстӕй никӕмӕуал кӕсӕм. Кӕддӕр ахӕм цӕстӕй кастыстӕм Чырыстимӕ, ныр та Йӕм нал кӕсӕм. 17Уӕдӕ Чырыстиимӕ чи ис, уый ног адӕймаг у — йӕ зӕронд цардӕн ӕрцыд кӕрон, райдыдта йӕ ног цард. k 18Ӕппӕт уыдӕттӕ сты, Чырыстийы фӕрцы нӕ Йемӕ Чи бафидауын кодта ӕмӕ нын адӕмы Йемӕ бафидауын кӕныны куыст Чи бафӕдзӕхста, уыцы Хуыцауӕй. l 19Мах хъусын кӕнӕм: Хуыцау дунеимӕ Чырыстийы фӕрцы бафидыдта — адӕмӕн ныббарста сӕ тӕригъӕдтӕ. Ӕмӕ фидыды ныхас нӕ бӕрны бакодта.

20Уӕдӕ Чырыстийы минӕвӕрттӕ стӕм мах ӕмӕ, цыма Хуыцау Йӕхӕдӕг зӕгъы нӕ дзыхӕй, уыйау Чырыстийы номӕй курӕм сымахӕй: бафидаут Хуыцауимӕ. 21Тӕригъӕдтӕ Кӕмӕ нӕ уыди, Уый мах сӕраппонд Хуыцау бафхӕрдта тӕригъӕдджыны бафхӕрӕгау, цӕмӕй Йӕ фӕрцы сраст уӕм Хуыцауы раз. m
Copyright information for OssIBT2022