‏ 2 Corinthians 8

Ӕххуыс Йерусалимы уырнджытӕн

1Хъусын уын кӕнӕм, ӕфсымӕртӕ, Македонийы аргъуантӕн Хуыцау цы хорзӕх радта, уый тыххӕй. 2Уыдон фӕлвӕрд ӕрцыдысты стыр зынты, фӕлӕ уӕддӕр сӕ цинӕн кӕрон нӕй; уыцы мӕгуырӕй дӕр сӕ рӕдаудзинадӕн кӕрон нӕй. a 3Сӕ къух цас нӕ амыдта, уый бӕрц куыд лӕвӕрдтой, уымӕн ӕз мӕхӕдӕг ӕвдисӕн дӕн. 4Хъуырыцъарӕй нын лӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй сын бар раттӕм, ӕмӕ уыдон дӕр, сӕ бон куыд у, афтӕ се’ххуысы хай бакӕной сыгъдӕджытӕн. 5Ӕнхъӕл куыд уыдыстӕм, уымӕй ноджы стырдӕр ӕххуыс бакодтой! Сӕхи уал раздӕр Бардарӕгӕн радтой, стӕй та, Хуыцауы фӕндӕй, махӕн.

6Уымӕ гӕсгӕ мах куырдтам Титӕй, уыцы арфӕйаг хъуыддаг куыд райдыдта, афтӕ йӕ сымахмӕ дӕр кӕронмӕ куыд ахӕццӕ кӕна. 7Сымах алцӕмӕй дӕр хъӕздыг стут — ис уӕм уырнындзинад, зонынад, арӕхсут дзурынмӕ, иудадзыг стут ӕнувыд, уарзут нӕ. Уӕдӕ ацы арфӕйаг хъуыддаджы дӕр уӕхи равдисут рӕдауӕй.

8Ӕз афтӕ бардзырд дӕттыны хуызы нӕ зӕгъын, фӕлӕ, иннӕтӕ ӕнувыд кӕй сты, уымӕй фӕлварын уӕ уарзт — зӕрдиаг у ӕви нӕ. 9Уымӕн ӕмӕ сымах зонут нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хорзӕх. Йесо хъӕздыг уыди, фӕлӕ уӕ сӕраппонд Йӕхи сгӕвзыкк кодта, Йӕ гӕвзыккӕй сымах куыд схъӕздыг уат, афтӕ. b

10Зӕгъын уын мӕ хъуыды: ацы хъуыддаг уӕ пайдайӕн у, уымӕн ӕмӕ йӕ суанг фарон фыццаг сымах райдыдтат, стӕй йӕ саразыны фӕнд дӕр фыццаг уӕхицӕй рацыд. 11Уӕдӕ уыцы хъуыддаг ныр кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнут. Йӕ райдайын уӕ куыд зӕрдиагӕй фӕндыд, афтӕ йӕ кӕронмӕ дӕр ахӕццӕ кӕнут уӕ фадӕттӕм гӕсгӕ. 12Нӕ къух цас амоны, уый бӕрц зӕрдиагӕй куы дӕттӕм, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у; цы нӕм нӕй, уый Хуыцау нӕ домы.

13Ныхас ууыл нӕ цӕуы, ӕмӕ иннӕтӕн ӕнцондӕр фӕуа, сымахӕн та — зындӕр, фӕлӕ алкӕмӕ дӕр ӕмбӕрц куыд уа. 14Ныртӕккӕ ӕййафынц хъуаг, ӕмӕ уӕм уӕлдай цы ис, уымӕй сӕм фӕкӕсут. Иннӕ хатт та уӕм уӕ хъуӕгты уыдон фӕкӕсдзысты, уӕлдай сӕм цы уа, уымӕй, уӕ алкӕмӕ дӕр ӕмхуызон куыд уа, афтӕ. 15Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Бирӕ чи ӕрӕмбырд кодта,
уымӕ уӕлдай нӕ уыди,
къаддӕр чи ӕрӕмбырд кодта,
уый та хъуаг не’ййӕфта».

Тит ӕмӕ йе’мбӕлццӕттӕ

16Бузныг Хуыцауӕй, мах уыл куыд ӕнувыд стӕм, афтӕ Титӕн дӕр сымахыл ӕнувыд уӕвыны зӕрдӕ кӕй радта, уый тыххӕй. 17Уый уӕм ныридӕгӕн фӕцӕуы, мах ӕм кӕй ӕрхатыдыстӕм, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ йӕ фыр ӕнувыдӕй йӕхи бафӕндыд. 18Йемӕ ма йын ӕрвитӕм, Фарны Уац адӕммӕ зӕрдиагӕй кӕй хӕссы, уый тыххӕй ӕппӕт аргъуантӕ дӕр кӕмӕй ӕппӕлынц, уыцы ӕфсымӕры. 19Уымӕй уӕлдай ма йӕ аргъуантӕ равзӕрстой не’мбӕлццонӕй дӕр, мах кӕй аразӕм, уыцы арфӕйаг хъуыддаджы. Уыцы куыст мах кӕнӕм Бардарӕджы кадӕн ӕмӕ йыл ӕнувыдӕй кӕй архайӕм, уый равдисынӕн. 20Уый тыххӕй сӕ ӕрвитӕм, ӕмӕ нын не’вджид кӕй бакодтой, уыцы ӕххуыс егъау у, ӕмӕ нӕхи хизӕм, цӕмӕй нӕ мачи базылын кӕна. 21Мах тырнӕм, цӕмӕй ӕппӕт дӕр нывыл уа ӕрмӕст Бардарӕджы цӕсты нӕ, фӕлӕ адӕмы цӕсты дӕр. c 22Семӕ ма сын ӕрвитӕм, бирӕ хъуыддӕгты йӕхи ӕнувыдӕй чи равдыста, нӕ уыцы ӕфсымӕры. Ныр та ноджы ӕнувыддӕр у, уымӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕ тынг дары сымахыл. 23Тит у ме’мбал ӕмӕ ме’мкусӕг, сымахмӕ цы куыст кӕнӕм, уым. Иннӕ ӕфсымӕртӕ та сты аргъуанты минӕвӕрттӕ, Чырыстийы кадӕн кусджытӕ. 24Уӕдӕ йӕ аргъуантӕ куыд феной, афтӕ сын хъуыддагӕй равдисут уӕ уарзт, стӕй — сымахӕй дзӕгъӕлы бузныг кӕй не стӕм, уый.
Copyright information for OssIBT2022