‏ 2 Kings 1

Пехуымпар Илийа ӕмӕ Израилы паддзах Ахазиа

1Ахавы амӕлӕты фӕстӕ моавӕгтӕ Израилы ныхмӕ сыстадысты.

2Ахазиа иуахӕмы, Самарийы йын цы галуан уыди, уымӕн йӕ уӕлхӕдзары гӕрӕны сӕрты рахауд ӕмӕ фӕрынчын ис. Филистимаг сахар Екронмӕ йӕ минӕвӕртты арвыста ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Бафӕрсут Екроны хуыцау Баал-Зевувы, сдзӕбӕх ма уыдзынӕн ӕви нӕ».

3Дунедарӕджы зӕд тишбийаг Илийайӕн загъта, цӕмӕй самариаг паддзахы минӕвӕрттӕн сӕ размӕ ацӕуа ӕмӕ сын зӕгъа: «Израилы зӕххыл Хуыцау нӕй, ӕви? Цӕмӕн цӕут Екроны хуыцау Баал-Зевувы фӕрсынмӕ? 4Уый тыххӕй Дунедарӕг афтӕ зӕгъы уӕ паддзахӕн: ды дӕ хуыссӕнӕй нал сыстдзынӕ, фӕлӕ амӕлдзынӕ».

Илийа бакодта, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ,
5ӕмӕ Ахазиайы минӕвӕрттӕ фӕстӕмӕ аздӕхтысты. Уый сӕ бафарста: «Фӕстӕмӕ цӕй тагъд ӕрбаздӕхтыстут?» 6Дзуапп ын радтой: «Нӕ размӕ рацыдис иу лӕг ӕмӕ нын загъта: „Цӕут ӕмӕ уӕ рарвитӕг паддзахӕн фехъусын кӕнут, Дунедарӕг ын цы зӕгъы уый: Израилы зӕххыл Хуыцау нал ис, ӕви? Дӕ минӕвӕртты цӕмӕн рарвыстай Екроны хуыцау Баал-Зевувы фӕрсынмӕ? Уый тыххӕй ды дӕ хуыссӕнӕй нал сыстдзынӕ, фӕлӕ амӕлдзынӕ“». 7Паддзах сӕ бафарста: «Уыцы ныхӕстӕ зӕгъынмӕ уӕ размӕ чи рацыд, уыцы лӕг ӕддаг бакастӕй цыхуызӕн уыд?» 8Дзуапп ын радтой: «Йӕ уӕлӕ уыди сӕгъы хъуынӕй пӕлӕз, йӕ астӕуыл — цӕрмын рон». — «Уый тишбийаг Илийа у», — загъта паддзах 9ӕмӕ йӕм арвыста фӕндзайыхицау йӕ фӕндзай хӕстонимӕ.

Ныр Илийа та хохы сӕрыл бадти. Фӕндзайыхицау ӕм куы схӕццӕ ис, уӕд ын загъта: «Хуыцауы минӕвар, паддзах зӕгъы, цӕмӕй дӕлӕмӕ рацӕуай!»
10Илийа йын дзуапп радта: «Кӕд ӕз Хуыцауы минӕвар дӕн, уӕд арвӕй арт рацӕуӕд ӕмӕ дын дӕхи дӕр ӕмӕ дӕ фӕндзай хӕстоны дӕр бавзалы кӕнӕд!» Ӕмӕ арвӕй арт рацыди ӕмӕ йын бавзалы кодта йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ фӕндзай хӕстоны дӕр.

11Паддзах ӕм арвыста ӕндӕр фӕндзайыхицауы йӕ фӕндзай хӕстонимӕ. Ӕмӕ та уый дӕр Илийайӕн загъта: «Хуыцауы минӕвар, паддзах зӕгъы, цӕмӕй рӕвдз дӕлӕмӕ ӕрцӕуай!» 12Илийа йын дзуапп радта: «Кӕд ӕз Хуыцауы минӕвар дӕн, уӕд арвӕй арт ӕрцӕуӕд ӕмӕ дын дӕхи дӕр ӕмӕ дӕ фӕндзай хӕстоны дӕр бавзалы кӕнӕд!»

Уыйадыл арвӕй арт ӕрцыди ӕмӕ бавзалы кодта фӕндзайыхицауы дӕр ӕмӕ йӕ фӕндзай хӕстоны дӕр.

13Паддзах арвыста ӕртыккаг фӕндзайыхицауы йӕ фӕндзай хӕстонимӕ. Уый Илийамӕ куы схӕццӕ ис, уӕд йӕ разы йӕ уӕрджытыл ӕрхауд ӕмӕ йын балӕгъстӕ кодта: «Хуыцауы минӕвар! Дӕ хорзӕхӕй, мӕн дӕр ӕмӕ дӕ цагъарты, мӕнӕ ацы фӕндзай хӕстоны дӕр, ма бабын кӕн. 14Арвӕй ӕрцыди арт ӕмӕ дыууӕ фӕндзайыхицауы ӕд хӕстонтӕ бавзалы кодта. Ӕз де уазӕг, ма мӕ бабын кӕн!» 15Ӕмӕ Дунедарӕджы зӕд Илийайӕн загъта: «Ацу йемӕ, ма дзы тӕрс!»

Илийа сыстад ӕмӕ фӕндзайыхицауимӕ паддзахмӕ ацыди.
16Загъта йын: «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: „Цыма Израилы зӕххыл Хуыцау нал ис, уыйау дӕ минӕвӕртты Екроны хуыцау Баал-Зевувы бафӕрсынмӕ кӕй арвыстай, уый тыххӕй дӕ хуыссӕнӕй нал сыстдзынӕ, фӕлӕ амӕлдзынӕ“».

17Ӕмӕ Ахазиа амарди; Дунедарӕджы ныхас сӕххӕст, Илийа куыд загъта, афтӕ. Фырт ын нӕ баззад, ӕмӕ йӕ амӕлӕты фӕстӕ паддзах сси йе’фсымӕр Йорам. (Уый уыдис, Иосафаты фырт Иорам Иудейы дыккаг аз паддзахиуӕг куы кодта, уыцы заман.)

18Ахазиайы иннӕ хабӕрттӕ фыст ӕрцыдысты «Израилаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы».
Copyright information for OssIBT2022