2 Kings 10
1Самарийы сахары Ахавы фырттӕ ӕмӕ йӕ фырты фырттӕ нымӕцӕй уыдысты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз. Йегу арвыста фыстӕджытӕ Самаримӕ, Изреелы хицӕуттӕм — сахары хистӕртӕм ӕмӕ Ахавы цоты хъомылгӕнджытӕм. Фыст дзы уыдис: 2«Уӕ паддзахы цот уӕ разы сты. Ис уӕм хӕстон уӕрдӕттӕ ӕмӕ бӕхтӕ, уӕ сахар фидар ӕмӕ ӕдас у, фаг уӕм ис хӕцӕнгӕрзтӕ дӕр. 3Гъемӕ уӕ паддзахы зӕнӕгӕн сӕ хуыздӕры равзарут ӕмӕ йӕ сбадын кӕнут йӕ фыды паддзахы бадӕны, ӕмӕ уӕ паддзахады сӕраппонд рахӕцут». 4Уыдонӕн фыр тӕссӕй сӕ уд ауад Йегуйы ныхӕстӕм ӕмӕ загътой: «Дыууӕ паддзахы бон ын ницы баци, уӕд ын мах бон цы бауыдзӕн?» 5Паддзахы галуаны уагдар, сахары хицау, хистӕртӕ ӕмӕ паддзахы цоты хъомылгӕнджытӕ Йегумӕ арвыстой сӕ курдиат: «Мах дӕ цагъартӕ стӕм ӕмӕ нын цы зӕгъай, уый бакӕндзыстӕм. Ам паддзахӕй никӕй ӕвзарӕм, ӕмӕ, дӕхи зӕрдӕ цы зӕгъы, уый кӕн». 6Уӕд сӕм Йегу ныффыста дыккаг фыстӕг: «Уӕдӕ кӕд мӕ фарс стут ӕмӕ мӕ коммӕ кӕсут, уӕд мӕм Изреелмӕ райсом уӕ паддзахы фыртты сӕртӕ ӕрбахӕссут». Паддзахӕн уыди дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз фырты. Сахары нымаддӕр лӕгтӕ уыдысты сӕ хъомылгӕнджытӕ. 7Адон уыцы фыстӕг куы райстой, уӕд паддзахы байзӕддӕгты амарын кодтой, сӕ сӕртӕ сын чыргъӕдты нывӕрдтой ӕмӕ сӕ Йегумӕ Изреелы сахармӕ арвыстой. 8Йегуйӕн уыцы хабар куы фехъусын кодтой, уӕд загъта: «Кулдуары ӕрбацӕуӕны сӕ дыууӕ цӕнды скӕнут ӕмӕ сӕ райсоммӕ афтӕмӕй ныууадзут». 9Райсомӕй Йегу адӕмы размӕ рацыд ӕмӕ сын загъта: «Сымах ницы азымджын стут. Ӕз мӕ паддзахы ныхмӕ скодтон сусӕгвӕнд ӕмӕ йӕ амардтон, фӕлӕ адоны та чи амардта? 10Уӕдӕ зонут, Ахавы хӕдзары тыххӕй Дунедарӕг Йӕ цагъар Илийайӕн цыдӕриддӕр загъта, уыцы ныхӕстӕй иунӕг дӕр ӕнӕ сӕххӕст уӕвгӕ нӕ баззайдзӕн». 11Ӕмӕ Йегу амарын кодта, Ахавы хӕдзарвӕндагӕй ма Изреелы чидӕриддӕр баззад, уыдоны, ноджы ма йын — йӕ барджынты, йӕ зонгӕты ӕмӕ йӕ сауджынты дӕр. Иу дӕр сӕ нал баззад. 12Уый фӕстӕ Йегу ӕрбаздӕхти Самаримӕ. Фӕндагыл ма куы уыди, уӕд Бет-Екед-Роимы 13амбӕлдис иудейаг паддзах Ахазиайы’рвадӕлтыл ӕмӕ сӕ бафарста: «Чи стут?» Дзуапп ын радтой: «Ахазиайы’рвадӕлтӕ. Паддзахӕн йӕ цот ӕмӕ йе’фсымӕрты бабӕрӕг кӕнынмӕ цӕуӕм, куыд сты, цы сты, уый фенынмӕ». 14Йегу йӕ фӕсдзӕуинтӕн бардзырд радта: «Ӕрцахсут сӕ!» Ӕмӕ цӕ ӕрцахстой — дыууӕ ӕмӕ дыууиссӕдз лӕджы Бет-Екеды цъайы цур амардтой, иу дӕр сӕ удӕгасӕй нал баззад. 15Йегу уырдыгӕй дарддӕр Самарийы’рдӕм куыд фӕцӕйцыд, афтӕ дын мӕнӕ йӕ ныхмӕ ӕрбацӕуы Рехавы фырт Йонадав. Йегу йын салам радта ӕмӕ йӕ бафарста: «Мӕныл дӕ зӕрдӕ куыд дарыс, афтӕ дын дӕхиуыл дӕр зӕрдӕ дарӕн ис ӕви нӕ?» Йонадав ын загъта: «О». — «Уӕдӕ дӕ къух ӕри!» Ӕмӕ йӕм Йегу уӕрдонӕй йӕ къух ралӕвӕрдта ӕмӕ йӕ сбадын кодта йӕ фарсмӕ. 16Загъта йын: «Цом мемӕ ӕмӕ, Дунедарӕгыл куыд ӕнувыд дӕн, уый дӕр фен!» Ӕмӕ Йонадав араст ис йемӕ. 17Самаримӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд Йегу амарын кодта, Ахавӕн ма уым чи баззад, уыдоны дӕр. Афтӕмӕй йын йӕ мыггаг бынтондӕр сыскъуыдта, Дунедарӕг Илийайы уылты куыд загъта, афтӕ. 18Уый фӕстӕ Йегу Самарийы цӕрджыты се’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сын загъта: «Ахав фаг нӕ балӕггад кодта Баалӕн, хъуамӕ йын ӕз фылдӕр балӕггад кӕнон. 19Фӕсидут мын Баалы пехуымпартӕм, йе’ппӕт лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ йе’ппӕт сауджынтӕм, иу дӕр дзы ӕнӕ’рбацӕугӕ куыннӕ баззайа, афтӕ. Баалӕн стыр нывонд хӕсдзынӕн. Чи не’рбацӕуа, уыдонӕй иу дӕр ӕгасӕй нӕ баззайдзӕн». Ӕцӕгӕй та Йегумӕ хин фӕнд уыдис, Баалы лӕггадгӕнджыты се’ппӕты дӕр ныццӕгъдыны фӕнд. 20Бардзырд радта Баалы кадӕн бӕрӕгбон скӕныны тыххӕй. 21Йегуйы ӕрвыст лӕгтӕ ӕппӕт Израилы зӕххыл дӕр ӕрзылдысты, ӕмӕ Баалы лӕггадгӕнджыты бӕрӕгбонмӕ ӕрӕмбырд кодтой, иу дӕр дзы ӕнӕ’рбацӕугӕ нӕ баззад. Афтӕмӕй Баалы кувӕндон байдзаг адӕмӕй, къух бакӕнӕн дӕр дзы нал уыд. 22Бӕрӕгбоны дарӕстӕ кӕй бӕрны уыдысты, уымӕн Йегу бафӕдзӕхста, цӕмӕй Баалы лӕггадгӕнджытӕн дарӕстӕ рахӕсса. Уый рахаста, 23ӕмӕ Йегу Рехавы фырт Йонадавимӕ Баалы кувӕндонмӕ бацыд ӕмӕ Баалы лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Ӕркӕсут-ма, мыййаг, уе’хсӕн Дунедарӕджы лӕггадгӕнджытӕй исчи ис? Хъуамӕ ам ӕрмӕст Баалы лӕггадгӕнджытӕ уой!» 24Ӕмӕ райдыдтой кусӕрттӕгтӕ кӕнын, иууылсудзинӕгтӕ хӕссын. Ныр Йегу та кувӕндоны ӕдде ӕрӕвӕрдта цыппарыссӕдз лӕджы ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Баалы адӕмӕй уӕ иунӕджы дӕр удӕгасӕй чи ауадза, уый йӕ бӕсты амӕлдзӕн!» 25Иууылсудзинӕгтӕ хаст куы фесты, уӕд Йегу йӕ хъахъхъӕнджытӕ ӕмӕ ӕфсады хицӕуттӕн загъта: «Цӕугӕут мидӕмӕ ӕмӕ сӕ ныццӕгъдут, иу дӕр сӕ куыннӕуал баззайа, афтӕ!» Уыдон се’ппӕты дӕр ныццагътой ӕмӕ сын сӕ мӕрдтӕ уынгмӕ раппӕрстой, уый фӕстӕ Баалы кувӕндонмӕ бацыдысты. 26Баалы кувӕндонӕй ӕддӕмӕ рахастой гуымирыты ӕмӕ сӕ басыгътой. 27Баалы гуымиры ныппырх кодтой, йӕ кувӕндон ын фехӕлдтой ӕмӕ дзы уазӕгдон сарӕзтой. Ныронг дӕр афтӕмӕй баззади. 28Афтӕ Йегу Израилы зӕххыл кӕрон скодта Баалӕн. 29Ӕцӕг, дарддӕр фӕзмыдта, Наваты фырт Йоровам Израилы цы тӕригъӕдтыл бафтыдта, уыдон, Вефил ӕмӕ Даны сыгъзӕрин уӕнгуытӕн табу кодта. 30Дунедарӕг Йегуйӕн загъта: «Мӕ рӕстаг фӕндон Мын кӕй сӕххӕст кодтай ӕмӕ Ахавы хӕдзарӕн, Мӕн куыд фӕндыд, афтӕ кӕй бакодтай, уый тыххӕй дӕ байзӕддӕгтӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг Израилы паддзахы бадӕны баддзысты». 31Фӕлӕ Йегу йӕ уды ӕппӕт хъарутӕ нӕ лӕвӕрдта Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, ӕгъдӕуттӕ ӕххӕст кӕнынӕн. Фӕзмыдта Наваты фырт Йоровамы тӕригъӕдджын митӕ, уыйау Израилы адӕмы кодта тӕригъӕдты амӕттаг. 32– 33Паддзах Йегуйы заман Дунедарӕг райдыдта Израилы зӕхх дихтӕ кӕнын. Сирийы паддзах Хазаел бацахста бӕстӕйы стыр хай Иорданӕй скӕсӕнӕрдӕм, Арноны былгӕрон Ароеры сахарӕй райдай ӕмӕ суанг Галаады хӕхбӕстӕ ӕмӕ Башаны къуылдымты онг. Уыдон сты Гады, Рувимы ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндӕгты зӕххытӕ. 34Йегуйы иннӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ йе сгуыхтытӕ иууылдӕр фыст ӕрцыдысты «Израилаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы». 35Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты зӕппадзы, Самарийы. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Йоахаз. 36Йегу Самарийы сахары Израилӕн паддзахиуӕг фӕкодта аст ӕмӕ ссӕдз азы.
Copyright information for
OssIBT2022