2 Kings 11
1Ахазиайы мад Атали йӕ лӕппуйы амӕлӕты хабар куы фехъуыста, уӕд бардзырд радта иудейаг паддзӕхты мыггаг сыскъуыныны тыххӕй. 2Фӕлӕ паддзах Иорамы чызг Йошевӕ, Ахазиайы хо, паддзахы фыртты’хсӕнӕй радавта Ахазиайы чысыл лӕппу Иоасы, йӕ дыджызӕйы дӕр ын ракодта, ӕмӕ лӕппуйы хуыссӕнуаты бамбӕхстой Аталийӕ. Уый фӕрцы Иоас мӕлӕтӕй фервӕзти. 3Дунедарӕджы Кувӕндоны йӕ дыджызӕимӕ ӕмбӕхстӕй фӕци ӕхсӕз азы, цалынмӕ Атали паддзахиуӕг кодта, уӕдмӕ. 4Ӕвдӕм аз куы ралӕууыд, уӕд сауджын Йехода паддзахы сӕдӕйыхицӕуттӕм ӕмӕ галуан хъахъхъӕнджытӕм фӕдзырдта. Йӕхимӕ сӕ Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ ӕрбакодта, семӕ бафидыдта, ног паддзахыл иузӕрдион кӕй уыдзысты, уый тыххӕй сын ард бахӕрын кодта ӕмӕ сын паддзахы фырты равдыста. 5Бафӕдзӕхста сын: «Афтӕ бакӕнут! Уе’фсады ӕртыккаг хай, сабаты хъалагъур чи хӕсдзӕн, уыдон паддзахы галуан хъахъхъӕнӕнт. 6Иннӕ ӕртыккаг хай хъахъхъӕнӕд Суры кулдуар, аннӕ ӕртыккаг хай та, галуаны хъахъхъӕнджытӕ кӕм уыдзысты, уыцы хӕдзары чъылдым. Афтӕ бакӕнын хъӕуы, цӕмӕй Кувӕндоны миддуармӕ фыдгултӕй мачи баирвӕза. 7Сабаты хъалагъур хаст чи фӕуа, уӕ уыцы адӕмӕй дыууӕ хайы хъалагъур хӕсдзысты Дунедарӕджы Кувӕндоны, хъахъхъӕндзысты паддзахы. 8Ӕд гӕрзтӕ-иу лӕуут йӕ алыварс ӕмӕ йӕ хъахъхъӕнут цӕстыгагуыйау, йӕ алы къахдзӕф дӕр уын барст куыд уа, афтӕ. Ӕввахс уӕм чидӕриддӕр бацӕуа, уый-иу амарут». 9Сӕдӕйыхицӕуттӕ бакодтой, сауджын Йехода сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. Алчидӕр сӕ ӕрӕмбырд кодта йӕ адӕмы, сабаты хъалагъур хӕссыны тыххӕй кӕрӕдзийы ивӕг къордты, ӕмӕ афтӕмӕй Йеходамӕ ӕрбацыдысты. 10Сауджын сыл байуӕрста, кӕддӕр паддзах Давид Дунедарӕджы Кувӕндоны кӕй бафснайдта, уыцы ӕрцытӕ ӕмӕ уартытӕ. 11Ӕмӕ ӕдхотых хъахъхъӕнджытӕ ӕдде ӕрдӕгзылдӕй ӕрлӕууыдысты Кувӕндонӕн йӕ рахиз тигъӕй, нывондхӕссӕны ӕддӕты, йӕ галиу тигъы онг, цӕмӕй алырдыгӕй бахъахъхъӕной паддзахы. 12Сауджын паддзахы фырты ӕддӕмӕ ракодта, паддзахы худ ыл ӕркодта ӕмӕ йын радта паддзахиуӕджы ӕвдисӕндар. Уый фӕстӕ йӕ байсӕрста ӕмӕ йӕ расидти паддзахӕй. Иууылдӕр ын нымдзӕгъд кодтой ӕмӕ цинхъӕр самадтой: «Ӕгас цӕуӕд паддзах!» 13Атали хъахъхъӕнджыты ӕмӕ иннӕ адӕмы хъӕлӕс куы айхъуыста, уӕд Дунедарӕджы Кувӕндоны’рдӕм фӕраст ис. 14Цӕуы ӕмӕ уыны: ног паддзах, ӕгъдау куыд амыдта, уымӕ гӕсгӕ лӕууы къуыбыргондыл. Йӕ разы — ӕфсады хицӕуттӕ ӕмӕ сыкъахӕтӕлтӕй цӕгъдджытӕ. Адӕм иууылдӕр цин кӕнынц, хӕтӕлтӕй цӕгъдынц. Ӕмӕ Атали йӕ уӕлӕдарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм ӕмӕ ныцъцъӕхахст кодта: «Сусӕгвӕнд! Сусӕгвӕнд!» 15Дунедарӕджы Кувӕндоны йӕ куынӕ амариккой, зӕгъгӕ, Йехода сӕдӕйыхицӕуттӕн бардзырд радта: «Ардыгӕй йӕ акӕнут ӕмӕ, йӕ фӕдыл чидӕриддӕр ацӕуа, уыдоныл дӕр ма бацауӕрдут!» 16Ныххӕцыдысты йыл ӕмӕ йӕ Бӕхты кулдуарыл паддзахы галуаны’рдӕм акодтой ӕмӕ йӕ уым амардтой. 17Йехода иудейаг адӕм ӕмӕ паддзахӕн Дунедарӕгимӕ фидыд саразын кодта. Адӕмы сӕйраг хӕс — Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнын. Ноджы ма Йехода саразын кодта фидыд паддзах ӕмӕ адӕмы’хсӕн дӕр. 18Уӕд адӕм иууылдӕр Баалы кувӕндонмӕ агуылф кодтой ӕмӕ йӕ ныппырх кодтой, йӕ нывондхӕссӕнтӕ ӕмӕ йын йӕ гуымирытӕ ныззыгуым кодтой, Баалы сауджын Маттаны та амардтой нывондхӕссӕны тӕккӕ цур. Уый фӕстӕ Йехода бахӕс кодта Дунедарӕджы Кувӕндон хъахъхъӕнын. 19Уый тыххӕй бардзырд радта сӕдӕйыхицӕуттӕн, стӕй паддзахы хъахъхъӕнджытӕн ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн дӕр. Ӕмӕ паддзахы Дунедарӕджы Кувӕндонӕй хъахъхъӕнджыты кулдуарыл паддзахы галуанмӕ бахуыдтой. Ӕмӕ паддзах уым йӕ паддзахы бадӕны ӕрбадт. 20Афтӕмӕй Иудейы адӕм бӕрӕгбоны цинтӕ кодтой. Сахармӕ ӕрцыд удӕнцойы заман. Ныр Аталийы та паддзахы галуаны амардтой кардӕй. 21Иоас Иудейы паддзах сси авдаздзыдӕй.
Copyright information for
OssIBT2022