‏ 2 Kings 12

1Израилы паддзах Йегуйы паддзахиуӕджы ӕвдӕм аз паддзах сси Иоас ӕмӕ Йерусалимы сахары паддзахиуӕг фӕкодта дыууиссӕдз азы. Йӕ мад Цивйа уыди беер-шевӕйаг чызг. 2Иоас цӕргӕ-цӕрӕнбонты Дунедарӕгӕн фӕндон хъуыддӕгтӕ кодта, сауджын Йехода йын куыд амыдта, афтӕ. 3Ӕрмӕст кувӕн къуыбыртӕ нӕ аивта, адӕм йӕ заманы дӕр кусӕрттӕ кодтой ӕмӕ буд сыгътой уыцы къуыппытыл.

4Иоас сауджынтӕн бафӕдзӕхста: «Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ ӕрбацӕуӕг-иу, йӕ рӕдау къух куыд амона, афтӕ йе’взисты хъалон, фиддон кӕнӕ хуын куы ӕрбахӕсса, 5уӕд-иу алы сауджын дӕр, чи йӕм ӕрбацӕуа, уымӕн йе’взист райсӕд ӕмӕ йӕ цӕст дарӕд, цӕмӕй иууылдӕр хардзгонд цӕуа Кувӕндоны хӕлддзӕгтӕ цалцӕг кӕныныл».

6Ӕцӕг, Иоасы паддзахиуӕгыл дыууын ӕртӕ азы куы рацыд, уӕд дӕр сауджынтӕ нӕма бавнӕлдтой уыцы бӕрнон куыстмӕ. 7Ӕмӕ уӕд паддзах Иоас фӕдзырдта Йехода ӕмӕ иннӕ сауджынтӕм ӕмӕ сӕ бафарста: «Кувӕндон цӕуылнӕ сцалцӕг кӕнут ныронг? Уӕдӕ афтӕ! Ӕххуыс уын чи кӕны, уыдонӕй ӕхца мауал исут, фӕлӕ сӕ раттут Кувӕндон цалцӕгӕн кӕнынӕн».

8Сауджынтӕ дзырд радтой, адӕмӕй ӕхца кӕй нал исдзысты ӕмӕ Кувӕндон цалцӕг кӕныны хъуыддагӕй сӕхи кӕй аиуварс кӕндзысты.

9Сауджын Йехода райста асыкк, йӕ сӕрыл ын хуынкъ скодта ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕны рахизфарс ӕрӕвӕрдта. Ӕмӕ-иу Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ цӕуӕг адӕм цы ӕхца ӕрбахастой, уыдон-иу кулдуар хъахъхъӕнӕг сауджынтӕ уыцы асыччы ныппӕрстой. 10Асыкк байдзаг ис, уый-иу куы федтой, уӕд-иу паддзахы нымӕрдар ӕмӕ алчер ӕрбацыдысты, ӕвзист-иу дзӕкъулты бабастой ӕмӕ-иу сын сӕ уӕз сбарстой. 11Уый фӕстӕ-иу уыцы ӕвзист радтой, Дунедарӕджы Кувӕндон цалцӕг кӕнын кӕй бӕрны уыдис, уыцы лӕгтӕм, ӕмӕ дзы уыдон мызд фыстой хъӕддӕснытӕ, аразджытӕ, 12сисамайджытӕ ӕмӕ дурлӕгъзгӕнджытӕн. Кувӕндоны хӕлддзӕгтӕ банывыл кӕнынӕн ӕмӕ йӕ иннӕ хъуӕгтӕн афоныл ӕлхӕдтой хъӕдӕрмӕг ӕмӕ лӕгъзгонд дуртӕ.

13Ӕрмӕст Кувӕндонӕн конд не’рцыди ӕвзист тӕбӕгътӕ, кӕрдтӕ, къустӕ, сыкъауадындзтӕ, стӕй алы ӕндӕр сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист мигӕнӕнтӕ. 14Ӕвзист иууылдӕр лӕвӕрд цыди, Кувӕндон цалцӕг кӕныны куыст кӕй бӕрны уыди, уыдонӕн. 15Бӕрны лӕгтӕй дзуапп нӕ домдтой, уымӕн ӕмӕ уыдон ӕууӕнкджын адӕм уыдысты. 16Ӕрмӕст-иу фиддоны нывонд ӕмӕ тӕригъӕды нывонды тыххӕй цы’взист ӕрбахастой, уый Кувӕндонӕн лӕвӕрд нӕ цыд, уымӕн ӕмӕ уый уыди сауджынты хай.

17Уыцы заман Арамы паддзах Хазаел Гаты сахары ныхмӕ схӕцыд ӕмӕ йӕ бацахста. Уый фӕстӕ та сфӕнд кодта Йерусалиммӕ бабырсын. 18Фӕлӕ Иудейы паддзах Иоас райста, йӕ фыдӕлтӕ, Иудейы паддзӕхтӕ — Иосафат, Иорам ӕмӕ Ахазиа — Кувӕндоны къӕбицмӕ цы уаз дзауматӕ бахастой, стӕй Кувӕндоны хӕзнадӕтты сыгъзӕринӕй цыдӕриддӕр разынди, уыдон, ӕмӕ сӕ Арамы паддзах Хазаелӕн арвыста. Ӕмӕ уӕд уый Йерусалиммӕ нал бабырста.

19Иоасы иннӕ хабӕрттӕ иууылдӕр фыст ӕрцыдысты «Иудейаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы».

20Паддзах Иоасы ныхмӕ йӕ дӕлдӕртӕ сусӕгвӕнд скодтой ӕмӕ йӕ амардтой Силламӕ фӕндагыл, Миллойы бӕстыхайы. 21Йӕ дӕлдӕртӕ, чи йӕ амардта, уыдон уыдысты: Шиматы фырт Йозавад ӕмӕ Шомеры фырт Йехозавад. Йӕ мард ын бавӕрдтой йӕ фыдӕлты зӕппадзы, Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Амациа.
Copyright information for OssIBT2022