‏ 2 Kings 13

1Иудейаг паддзах Иоасы, Ахазиайы фырты, паддзахиуӕджы дыууын ӕртыккӕгӕм аз Самарийы сахары Израилӕн паддзах сси Йегуйы фырт Йоахаз. Йӕ паддзахиуӕг ахаста ӕвддӕс азы. 2Йоахаз, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодта, Наваты фырт Йоровамы фӕзмыдта, фӕсте нӕ зади, Израилы адӕмы Йоровам цы тӕригъӕдты бафтыдта, уыдонӕй.

3Дунедарӕгӕн Йӕ маст ссыгъд Израилы адӕммӕ ӕмӕ сӕ Йоахазы заман Арамы паддзах Хазаелы къухмӕ радта, фӕстӕдӕр та сыл Хазаелы фырт Бен-Хадады ӕфсондз сӕвӕрдта. 4Фӕлӕ Йоахаз Дунедарӕгӕн балӕгъстӕ кодта, ӕмӕ йӕм Дунедарӕг байхъуыста, уымӕн ӕмӕ федта, Арамы паддзах израилӕгты куыд ӕфхӕрдта, уый. 5Дунедарӕг Израилы адӕмӕн ирвӕзынгӕнӕджы радта, ӕмӕ арамейӕгты ӕфсондзы бынӕй суӕгъд сты. Сӕ цӕрӕнты ӕдасӕй цӕрын райдыдтой, уымӕй размӕ куыд уыдис, афтӕ. 6Ӕцӕг, Израилы адӕмы тӕригъӕды чи бафтыдта, уыцы Йоровамы ӕнаккаг митӕ фӕзмыдтой, фӕсте дзы нӕ задысты. Ашерӕйы цӕджындз дӕр лӕууыди Самарийы.

7Йоахазмӕ ма ӕдӕппӕтӕй баззади дӕс хӕстон уӕрдоны, дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз уӕрдонджыны, стӕй дӕс мин фистӕг хӕстоны, уымӕн ӕмӕ сӕ Арамы паддзах ныддӕрӕн кодта.

8Йоахазы иннӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ йе сгуыхтытӕ иууылдӕр фыст ӕрцыдысты «Израилаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы».

9Йоахаз куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты зӕппадзы, Самарийы. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Йоаш.

10Иудейы паддзах Иоасы паддзахиуӕджы ӕртын ӕвдӕм аз Самарийы сахары Израилӕн паддзах сси Йоахазы фырт Йоаш. Йӕ паддзахиуӕг ахаста ӕхсӕрдӕс азы. 11Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодта, фӕсте нӕ зади Наваты фырт Йоровамӕй, Израилы тӕригъӕдты амӕттаг чи бакодта, уымӕй; уый дӕр уыцы тӕригъӕдтыл бафтыд.

12Йоашы иннӕ хъуыддӕгтӕ, йе сгуыхтытӕ ӕмӕ йӕ хӕстон хабӕрттӕ, иудейаг паддзах Амациаимӕ куыд хӕцыд, уыдӕттӕ, фыст ӕрцыдысты «Израилаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы». 13Куы амарди, уӕд Израилӕн паддзах сси Йеровоам. Йоашӕн та йӕ мард бавӕрдтой Израилы паддзӕхты зӕппадзы, Самарийы.

14Елисей мӕлӕтдзаг низӕй фӕрынчын ис. Куы ӕруатон, уӕд ӕй Израилы паддзах Йоаш бабӕрӕг кодта ӕмӕ йӕ сӕрмӕ фӕкуыдта: «Мӕ фыд, мӕ фыд! Ды куы дӕ Израилӕн йӕ хӕстон уӕрдон дӕр ӕмӕ йӕ бӕхтӕрӕг дӕр!»

15Елисей йын загъта: «Райс-ма фӕттӕ ӕмӕ ӕрдын!» Уый сӕ райста. 16 17Елисей та Израилы паддзахӕн ногӕй загъта: «Скӕсӕнӕрдӕм цы рудзынг кӕсы, уый байгом кӕн, ӕрдынбос айваз ӕмӕ фехс!» Йоаш ӕрдынбос куы айвӕзта, уӕд ын Елисей йӕ къухтыл йӕхи къухтӕ ӕрӕвӕрдта. Йоаш фехста фат, ӕмӕ йын Елисей загъта: «Ацы фат у, Дунедарӕг уын кӕй баххуыс кӕндзӕн, уый нысан. Дунедарӕг лӕудзӕни уӕ фарсмӕ, арамейӕгты ныхмӕ куы схӕцат, уӕд, ӕмӕ сӕ бынтон ныццӕгъддзыстут Афекы».

18Уый фӕстӕ Елисей загъта Израилы паддзахӕн: «Райс-ма иннӕ фӕттӕ дӕр!» Уый сӕ райста, ӕмӕ йын Елисей загъта: «Зӕхх сӕ ӕрцӕв!» Уый сӕ ӕртӕ хатты зӕхх ӕрцавта ӕмӕ ӕрлӕууыд. 19Ууыл ӕм Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг смӕсты ӕмӕ йын загъта: «Фондз кӕнӕ ӕхсӕз цӕфы куы фӕкодтаис зӕххӕн, уӕд бынтондӕр ныццагътаис сириӕгты. Ныр сӕ ӕрмӕст ӕртӕ хатты ныддӕрӕн кӕндзынӕ».

20Елисей амарди, ӕмӕ йӕ зӕппадзы бавӕрдтой.

Иннӕ аз Израилмӕ ӕрбалӕбурдтой моавӕгты ӕрдонгтӕ.
21Ӕмӕ иуахӕмы израилӕгтӕ иу лӕджы куы ныгӕдтой, уӕд ауыдтой моавӕгты ӕфсад. Фыр тӕссӕй сӕ марды тагъд-тагъд Елисейы зӕппадзмӕ баппӕрстой. Марды буар хаугӕ-хауын Елисейы стджытыл андзӕвыд ӕмӕ райгас ис, йӕ дыууӕ къахыл слӕууыд.

22Йоахазы заман Арамы паддзах Хазаел ссӕста израилӕгты. 23Фӕлӕ сӕм уӕддӕр Дунедарӕджы зӕрдӕ фӕсасти ӕмӕ сын фӕтӕригъӕд кодта, Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковимӕ цы фидыд сарӕзта, ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ. Нал Ӕй бафӕндыд сӕ фесафын ӕмӕ сӕ нал аздӕхта Йе’ргом.

24Арамы паддзах Хазаел куы амард, уӕд йӕ бӕсты паддзах сси йӕ фырт Бен-Хадад. 25Уӕд Йоахазы фырт Йоашӕн бантыст, йӕ заманы йын Бен-Хадады фыд Хазаел йӕ фыдӕй кӕй байста, уыцы сахартӕ фӕстӕмӕ йӕхи бакӕнын. Ӕртӕ хатты ныддӕрӕн кодта Бен-Хадады ӕфсӕдты ӕмӕ Израилы сахартӕ фӕстӕмӕ байста.
Copyright information for OssIBT2022