‏ 2 Kings 14

1Израилаг паддзах, Йоахазы фырт Йоаш, дыккаг аз паддзахиуӕг куы кодта, уӕд Иудейы паддзах сси Иоасы фырт Амациа. 2Паддзах куы сси, уӕд ыл цыди фондз ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта фараст ӕмӕ ссӕдз азы. Йӕ мад уыд йерусалимаг чызг, йӕ ном — Йехоадан. 3Амациа йӕ фыд Иоасау Дунедарӕгӕн ӕхцон цы у, уыдӕттӕ кодта. Ӕцӕг, уымӕй йӕ фыдӕл Давиды не’ййӕфта. 4Зӕгъӕм, кувӕн къуыбыртӕ нӕ аивта, ӕмӕ адӕм йӕ заманы дӕр кусӕрттӕ кодтой ӕмӕ буд сыгътой уыцы къуыппытыл.

5Амациайӕн йӕ паддзахдзинад куы ӕрфидар ис, уӕд амардта йӕ лӕггадгӕнджыты, йӕ фыды марджыты. 6Ӕрмӕст сын сӕ фыртты нӕ амардта, уымӕн ӕмӕ Моисейы Ӕгъдауы чиныджы Дунедарӕг зӕгъы: «Йӕ фырты азымы тыххӕй фыдӕн марӕн нӕй, йӕ фыды азымы тыххӕй та — фыртӕн: алчи йӕ тӕригъӕды тыххӕй хъуамӕ йӕхӕдӕг амӕла».

7Амациа Цӕхджын дӕлвӕзы дӕс мин едомаджы ныццагъта. Уый фӕстӕ схӕцыд Селайы сахары ныхмӕ ӕмӕ йӕ бацахста. Радта йын ног ном — Йоктеел. Ныронг дӕр ӕй афтӕ хонынц.

8Уыцы заман Амациа минӕвӕрттӕ арвыста паддзах Йоашмӕ, Йоахазы фыртмӕ, Йегуйы фырты фыртмӕ, мӕ размӕ рацу ӕмӕ нӕ хъарутӕ лӕгӕй-лӕгмӕ бавзарӕм, зӕгъгӕ. 9Йоаш дӕр ӕй ӕнӕ дзуаппӕй куыд ныууагътаид ӕмӕ йӕм ахӕм дзуапп арвыста: «Ливайнаг какон сындз ливайнаг кедрӕн загъта, дӕ чызджы мын мӕ лӕппуйӕн ратт, зӕгъгӕ. Фӕлӕ ууылты тугдзых сырдтӕ фӕцӕйцыдысты ӕмӕ йӕ сӕ къӕхты бын ныссӕстой. 10Ды едомӕгты ныддӕрӕн кодтай ӕмӕ дӕ сӕр бӕрзӕндты хӕссыс. Сӕрбӕрзондӕй цу уӕдӕ, ӕрмӕст ӕнцад дӕ хӕдзары бад! Хылкъахӕн фыдбылызмӕ сайы, ӕмӕ дӕхиуыл куынӕ фӕхӕцай, уӕд бӕллӕхы бахаудзынӕ дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ демӕ — Иудейы бӕстӕ дӕр».

11Амациа йын йӕ ныхас ницӕмӕ ӕрдардта. Ӕмӕ уӕд Израилы паддзах Йоаш ӕд ӕфсад рараст, ӕмӕ Амациайы ӕфсадимӕ хӕрхӕмбӕлд фесты Бет-Шемешы сахары цур, Иудейы зӕххыл. 12Израилӕгтӕ иудейӕгты ныддӕрӕн кодтой, ӕмӕ ма сӕ чи аирвӕзт, уыдон сӕ цатыртӕм фӕлыгъдысты.

13Бет-Шемешы сахары цур Израилы паддзах Йоаш уацары райста Иудейы паддзах Амациайы, Иоасы фырты, Ахазиайы фырты фырты, бабырста Йерусалиммӕ ӕмӕ йын фехӕлдта йӕ быру — Ефремы кулдуарӕй Фисыны кулдуары онг, цыппарсӕдӕ ӕлмӕрины дӕргъӕн. 14Дунедарӕджы Кувӕндоны ӕмӕ паддзахы галуаны хӕзнадӕтты сыгъзӕринӕй, ӕвзистӕй ӕмӕ алы мигӕнӕнӕй цыдӕриддӕр ссардта, уыдон иууылдӕр рассывта, иу къорд лӕджы амынӕты дӕр райста ӕмӕ афтӕмӕй аздӕхти Самаримӕ.

15Йоашы иннӕ хъуыддӕгтӕ, йе сгуыхтытӕ ӕмӕ йӕ хӕстон хабӕрттӕ, иудейаг паддзах Амациаимӕ куыд хӕцыди, уыдӕттӕ фыст ӕрцыдысты «Израилаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы». 16Йоаш куы амарди, уӕд ын йӕ мард бавӕрдтой Израилы паддзӕхты зӕппадзы, Самарийы. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Йеровоам.

17Йоахазы фырт Йоашы, Израилы паддзахы амӕлӕты фӕстӕ ма иудейаг паддзах, Иоасы фырт Амациа, фӕцарди фынддӕс азы.

18Амациайы иннӕ хъуыддӕгтӕ фыст ӕрцыдысты «Иудейаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы».

19Йерусалимы Амациайы ныхмӕ скодтой сусӕгвӕнд. Уый Лахишмӕ алыгъд, фӕлӕ йын йӕ фӕдыл марджытӕ арвыстой, ӕмӕ йӕ уыдон уым амардтой. 20Уӕд ын йӕ мард бӕхуӕрдоны фӕстӕмӕ Йерусалиммӕ ӕрбаластой ӕмӕ йӕ уым, Давиды сахары, йӕ фыдӕлты зӕппадзы бавӕрдтой. 21Йӕ бӕсты йын иудейаг адӕм спаддзах кодтой йе’хсӕрдӕсаздзыд фырт Азариайы. 22Йӕ фыды амӕлӕты фӕстӕ Азариа фӕстӕмӕ байста Елаты сахар ӕмӕ йӕ ногӕй рацарӕзта.

23Йоашы фырт Йеровоам Израилы паддзах сси иудейаг паддзах Амациайы, Иоасы фырты, паддзахиуӕджы фынддӕсӕм аз. Самарийы сахары паддзахиуӕг фӕкодта иу ӕмӕ дыууиссӕдз азы. 24Йеровоам, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодта, Наваты фырт Йоровамӕй фӕсте нӕ зади, уый хуызӕн Израилы адӕмы тӕригъӕдты амӕттаг кодта.

25Йеровоам ногӕй ӕрфидар кодта, Ливаны дӕлвӕзмӕ цӕгатӕрдыгӕй, Хаматы сахарӕй, куы бахизай, суанг уырдыгӕй райдай ӕмӕ Мард денджызы онг Израилӕн раздӕр цы арӕнтӕ уыди, уыдон. Афтӕ сӕххӕст ис, Дунедарӕг Йӕ цагъары, гат-хефераг пехуымпар Амиттайы фырт Ионӕйы уылты цы загъта, уый. 26Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Израилы адӕмӕн федта сӕ тыхст уавӕр, сӕрысӕфтмӕ кӕй цӕуынц ӕмӕ сыл иу фӕхӕцӕг кӕй нал ис, уый. 27Ӕмӕ Дунедарӕджы нӕ бафӕндыд Израилы ном арвы бынӕй бынтондӕр сыскъуынын, ӕмӕ сӕ фервӕзын кодта Йоашы фырт Йеровоамы фӕрцы.

28Йеровоамӕн йӕ иннӕ хъуыддӕгтӕ, йе сгуыхтытӕ ӕмӕ йӕ хӕстон хабӕрттӕ, уыимӕ, кӕддӕр Иудеймӕ чи хауди, уыцы Дамаск ӕмӕ Хаматы сахартӕ фӕстӕмӕ Израилӕн куыд байста, уыдӕттӕ фыст ӕрцыдысты «Израилаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы». 29Йеровоам куы амарди, уӕд ын йӕ мард бавӕрдтой Израилы паддзӕхты зӕппадзы. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Захариа.
Copyright information for OssIBT2022