‏ 2 Kings 15

1Амациайы фырт Азариа Иудейы паддзах сси Израилы паддзах Йеровоамы паддзахиуӕджы дыууын ӕвдӕм аз. 2Паддзах сси ӕхсӕрдӕсаздзыдӕй ӕмӕ Йерусалимы сахары паддзахиуӕг фӕкодта дыууадӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы. Йӕ мад уыд йерусалимаг чызг, йӕ ном — Йехоли. 3Азариа дӕр, йӕ фыд Амациайы хуызӕн, Дунедарӕгӕн ӕхцон цы у, уыдӕттӕ кодта. 4Ӕрмӕст кувӕн къуыбыртӕ нӕ аивта, ӕмӕ адӕм йӕ заманы дӕр кодтой кусӕрттӕ ӕмӕ сыгътой буд уыцы къуыппытыл.

5Уый тыххӕй Дунедарӕг Азариайыл хъотырниз бафтыдта, ӕмӕ йӕ амӕлӕты бонмӕ дӕр уыцы низӕй не сдзӕбӕх. Царди хибарӕй, хицӕн хӕдзары. Йӕ фырт Йотам паддзахы галуаны уыди уагдар, бӕстӕйы адӕмӕн та — тӕрхонгӕнӕг.

6Азариайы иннӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр фыст ӕрцыдысты «Иудейаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы». 7Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты зӕппадзы, йӕ фыдӕл Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Йотам.

8Иудейаг паддзах Азариайы паддзахиуӕджы ӕртын ӕстӕм аз Самарийы сахары Израилӕн паддзах сси Йеровоамы фырт Захариа. Йӕ паддзахиуӕг ӕдӕппӕтӕй ахаста ӕхсӕз мӕйы, 9ӕмӕ йӕ фыдӕлтау Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодта, Наваты фырт Йоровамӕй фӕсте нӕ зади. Уый хуызӕн тӕригъӕдты амӕттаг кодта Израилы адӕмы.

10Иавешы фырт Шаллум сусӕгвӕнд скодта йӕ ныхмӕ, адӕмы раз ӕй амардта ӕмӕ йӕ бӕсты паддзах сси.

11Захариайы иннӕ хъуыддӕгтӕ фыст ӕрцыдысты «Израилаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы». 12Афтӕ сӕххӕст ис Дунедарӕджы ныхас, кӕддӕр Йегуйӕн кӕй загъта, уый: «Дӕ фырттӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг баддзысты Израилы паддзахы бадӕны».

13Иавешы фырт Шаллум паддзах сси иудейаг паддзах Озиайы паддзахиуӕджы ӕртын фарӕстӕм аз, ӕмӕ йӕ паддзахиуӕг Самарийы сахары ӕдӕппӕтӕй ахаста иу мӕй. 14Самаримӕ Тирцайы сахарӕй ӕрбацыди Гадийы фырт Менахем, амардта Иавешы фырт Шаллумы ӕмӕ йын йӕ бынат бацахста.

15Шаллумы иннӕ хабӕрттӕ, уыимӕ, цы сусӕгвӕнд скодта, уый дӕр, фыст ӕрцыдысты «Израилаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы».

16Тифсахы сахар Менахемӕн йӕ кулдуар кӕй нӕ байгом кодта, уый тыххӕй йын уый бакодта тынг ӕгъатыр ми. Тирцайы сахарӕй йӕм йе’фсад ӕрбакодта ӕмӕ йын ныццагъта йӕ адӕмы, стӕй йӕ алфамбылайы цӕрджыты дӕр. Суанг сывӕрджын устытыл дӕр нӕ бацауӕрста, сӕ гуыбынтӕ сын акъӕртт кодта.

17Гадийы фырт Менахем Израилы паддзах сси иудейаг паддзах Азариайы паддзахиуӕджы ӕртын фарӕстӕм аз, Самарийы сахары. Йӕ паддзахиуӕг ахаста дӕс азы. 18Менахем, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодта, цӕргӕ-цӕрӕнбонты фӕсте нӕ зади Наваты фырт Йоровамӕй. Уый хуызӕн тӕригъӕдты амӕттаг кодта Израилы адӕмы.

19Израилы зӕхмӕ ӕрбабырста Ассирийы паддзах Пул
Пул — ам цӕуы паддзах Тиглат-Пилесеры кой.
, ӕмӕ йын Менахем радта ӕвзисты мин таланты, кӕд мӕ фарс рахӕцид ӕмӕ мӕ паддзахдзинад ӕрфидар уаид, зӕгъгӕ.
20Уыцы ӕвзист ын Менахем ӕрӕмбырд кодта Израилы хъӕздгуытӕй, алкӕмӕй дӕр — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз шекелы. Ӕмӕ уӕд Ассирийы паддзах фӕстӕмӕ аздӕхти йӕ бӕстӕмӕ.

21Менахемы иннӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр фыст ӕрцыдысты «Израилаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы». 22Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты зӕппадзы. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Пекахиа.

23Иудейы паддзах Азариайы паддзахиуӕджы фӕндзайӕм аз Самарийы сахары Израилӕн паддзах сси Менахемы фырт Пекахиа. Йӕ паддзахиуӕг ахаста дыууӕ азы, 24ӕмӕ, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодта, фӕсте нӕ зади Наваты фырт Йоровамӕй, Израилы адӕмы тӕригъӕдты чи бафтыдта, уымӕй. 25Йӕ фӕсдзӕуин, Ремалийы фырт Феках, йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд скодта ӕмӕ йӕ Самарийы сахары, паддзахы галуаны, амардта. Йемӕ уыдысты Аргов ӕмӕ Арйе, стӕй дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз галаададжы. Феках амардта Пекахиайы ӕмӕ йӕ бӕсты паддзах сси.

26Пекахиайы иннӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр фыст ӕрцыдысты «Израилаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы». 27Иудейы паддзах Азариайы паддзахиуӕджы фӕндзай дыккӕгӕм аз Самарийы сахары Израилӕн паддзах сси Ремалийы фырт Феках. Йӕ паддзахиуӕг ахаста ссӕдз азы. 28Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттыл бафтыд, Наваты фырт Йоровамӕй фӕсте нӕ зади. Уый хуызӕн Израилы адӕмы тӕригъӕдты амӕттаг кодта.

29Израилы паддзах Фекахы заман Израилмӕ ӕрбабырста Тиглат-Пилесер, Ассирийы паддзах. Бацахста сахартӕ Ийон, Авел-Бет-Мааха, Йаноах, Кедеш ӕмӕ Хацор; Галаад ӕмӕ Галилейы зӕххытӕ, стӕй Неффалимы хӕдзарвӕндаджы зӕхх иууылдӕр. Сӕ цӕрджытӕ хаст ӕрцыдысты Ассиримӕ.

30Елайы фырт Осиа сусӕгвӕнд скодта Ремалийы фырт Фекахы ныхмӕ ӕмӕ йӕ амардта. Иудейаг паддзах Йотамы, Озиайы фырты, паддзахиуӕджы ссӕдзӕм аз йӕ бӕсты сси Израилы паддзах.

31Фекахы иннӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр фыст ӕрцыдысты «Израилаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы».

32Израилы паддзах Фекахы, Ремалийы фырты, паддзахиуӕджы дыккӕгӕм аз Иудейӕн паддзах сси Озиайы фырт Йотам. 33Паддзах куы сси, уӕд ыл цыди фондз ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта ӕхсӕрдӕс азы. Йӕ мад Йеруша уыди Цадокы чызг.

34Йотам, Йӕ фыд Озиайы хуызӕн, Дунедарӕгӕн ӕхцон цы у, уыдӕттӕ кодта. 35Ӕрмӕст кувӕн къуыбыртӕ нӕ аивта, ӕмӕ адӕм йӕ заманы дӕр кодтой кусӕрттӕ ӕмӕ сыгътой буд уыцы къуыппытыл.

Дунедарӕджы Кувӕндоны цӕгатварс Йотам ног кулдуар сарӕзта.
36Йӕ иннӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр фыст ӕрцыдысты «Иудейаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы». 37Йӕ заманы Дунедарӕг Иудейы ныхмӕ самидин кодта Сирийы паддзах Рецины ӕмӕ Ремалийы фырт Фекахы.

38Йотам куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты зӕппадзы, йӕ фыдӕл Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Ахаз.
Copyright information for OssIBT2022