2 Kings 16
1Йотамы фырт Ахаз Иудейы паддзах сси Ремалийы фырт Фекахы паддзахиуӕджы ӕвддӕсӕм аз. 2Ахаз паддзах куы сси, уӕд ыл цыди ссӕдз азы, ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта ӕхсӕрдӕс азы. Фӕлӕ, хъыгагӕн, йӕ фыдӕл Давиды хуызӕн, Дунедарӕгӕн, йӕ Хуыцауӕн, ӕхцон цы у, уыдӕттӕ нӕ кодта. 3Израилы паддзӕхты фӕндагыл цыди, суанг ма йӕ фырты дӕр арты нывондӕн ӕрхаста, кӕддӕр Дунедарӕг Израилы адӕмы цурӕй цы адӕмты фӕсырдта, уыдоны ӕлгъаг митӕ фӕзмгӕйӕ. 4Кувӕн къуыбыртӕ ӕмӕ бӕрзӕндтыл, стӕй алы къабузджын бӕласы бын ӕргӕвста кусӕрттӕгтӕ ӕмӕ сыгъта буд. 5Ахазы паддзахиуӕджы заман Сирийы паддзах Рецин ӕмӕ Израилы паддзах Феках, Ремалийы фырт, ӕрхъула кодтой Йерусалимыл, фӕлӕ сахар басӕттын сӕ бон нӕ баци. 6Уыцы заман Рецин фӕстӕмӕ Сирийы бархъомыс ӕрӕвӕрдта Елаты сахарыл. Уырдыгӕй фӕсырдта иудейӕгты ӕмӕ дзы фӕстӕмӕ ӕрцӕрыны фадат радта сириӕгтӕн. Ныронг дӕр уым цӕрынц. 7Уыцы заман Ахаз Ассирийы паддзах Тиглат-Пилесермӕ арвыста минӕвӕрттӕ ахӕм курдиатимӕ: «Ӕз — дӕ цагъар ӕмӕ дӕ фырт. Сири ӕмӕ Израилы паддзӕхтӕ мӕм ӕрбабырстой, ӕмӕ дӕ курын, ӕрбацу ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕн сӕ къухӕй». 8Дунедарӕджы Кувӕндоны ӕмӕ паддзахы хӕзнадӕтты ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕринӕй цыдӕриддӕр уыдис, уыдон дӕр Ахаз лӕварӕн арвыста Ассирийы паддзахӕн. 9Ассирийы паддзах сразы ис йӕ курдиатыл. Дамаскмӕ бабырста ӕмӕ йын йӕ цӕрджыты Киры сахармӕ акодта, Рецины та амардта. 10Ахаз ацыди Дамаскмӕ — Ассирийы паддзах Тиглат-Пилесеримӕ сӕмбӕлынмӕ. Ӕмӕ уым нывондхӕссӕн куы федта, уӕд ын сауджын Уриамӕ арвыста йӕ хуызӕг ӕмӕ йӕ хахныв. 11Уыцы хуызӕгмӕ гӕсгӕ, Ахаз Дамаскӕй нӕма ӕрыздӕхт, афтӕ, Уриа скодта нывондхӕссӕн. 12Ахаз ӕрыздӕхти Дамаскӕй ӕмӕ ног нывондхӕссӕн куы федта, уӕд йӕ сӕрмӕ схызти 13ӕмӕ йыл басыгъта иууылсудзинаг нывонд ӕмӕ хойраджы хуын, стӕй йыл сӕн ӕркалдта. Уый фӕстӕ нывондхӕссӕныл бапырх кодта фидыды нывонды тугӕй. 14Дунедарӕджы Кувӕндоны раз уымӕй размӕ цы ӕрхуы нывондхӕссӕн уыд, уый ныр Кувӕндонӕй ног нывондхӕссӕны’хсӕн фӕци, ӕмӕ йӕ Ахаз йӕ бынатӕй феггуырсын кодта ӕмӕ йӕ ног нывондхӕссӕнӕн йӕ цӕгатварс ӕрӕвӕрдта. 15Паддзах Ахаз сауджын Уриайӕн бафӕдзӕхста: «Нырӕй фӕстӕмӕ стыр нывондхӕссӕныл судз райсомы иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ изӕры хойраджы хуынтӕ. Мӕн ӕмӕ дзыллӕйы номӕй дӕр судз иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ хойраджы хуынтӕ, нывондхӕссӕныл-иу ӕркал сӕн, бапырх-иу ыл кӕн кусӕртты тугӕй. Ӕрхуы нывондхӕссӕн цы бауыдзӕн, уый та фӕстӕдӕр сбӕлвырд кӕндзынӕн». 16Сауджын Уриа бакодта, паддзах Ахаз ын куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ. 17Уый фӕстӕ паддзах дӕс суанцъыйӕн айсын кодта сӕ агтӕ ӕмӕ суанцъытӕн афадын кодта сӕ тӕлытӕ, ӕрхуы денджыз дӕр айсын кодта ӕрхуыйӕ конд галты сӕрӕй ӕмӕ йӕ ӕрӕвӕрын кодта дурын астӕрдыл. 18Ноджы ма фехалын кодта, Кувӕндоны кӕрты сабаты ӕгъдау ӕххӕст кӕнынӕн цы агъуыст сарӕзтой, уый, стӕй, паддзахӕн кӕрты ӕдде Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ цы бацӕуӕн уыд, уый дӕр (ӕппӕт уыдӕттӕ арӕзт ӕрцыдысты ассириаг паддзахы сӕраппонд). 19Ахазы иннӕ хабӕрттӕ фыст ӕрцыдысты «Иудейаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы». 20Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты зӕппадзы, йӕ фыдӕл Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Езекиа.
Copyright information for
OssIBT2022