2 Kings 18
1Израилы паддзах Осиайы, Елайы фырты, паддзахиуӕджы ӕртыккаг аз Иудейӕн паддзах сси иудейаг паддзах Ахазы фырт Езекиа. 2Паддзах куы сси, уӕд ыл цыди фондз ӕмӕ ссӕдз азы ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта фараст ӕмӕ ссӕдз азы. Йӕ мад уыди Захариайы чызг Ави. 3Езекиа, йӕ фыдӕл Давиды хуызӕн, Дунедарӕгӕн ӕхцон цы у, уыдӕттӕ кодта. 4Аивта кувӕн къуыбыртӕ, ныппырх кодта табуйаг дуртӕ ӕмӕ акалдта Ашерӕйы цӕджындзтӕ, стайын кодта, кӕддӕр Моисей кӕй скодта, уыцы ӕрхуы калм, уымӕн ӕмӕ йын уӕды онг израилӕгтӕ буд сыгътой. Ном дӕр ма йыл сӕвӕрдтой, Нехуштан, зӕгъгӕ. 5Иудейаг паддзӕхтӕй Езекиайы размӕ дӕр ӕмӕ йӕ фӕстӕ дӕр уый хуызӕн йӕ зӕрдӕ никуы ничи дардта Дунедарӕгыл, Израилы Хуыцауыл. 6Тынг Ӕй уарзта ӕмӕ Йыл йӕхи нӕ тигъ кодта. Ӕххӕст Ын кодта Йӕ фӕдзӕхстытӕ, кӕддӕр Моисейӕн кӕй бафӕдзӕхста, уыдон. 7Ӕмӕ Дунедарӕг дӕр аудыдта Езекиайыл, ӕмӕ уый йӕ алы хъуыддаджы дӕр уыд ӕнтыстджын. Ассирийы паддзахӕн нал уисӕн кодта, нал ын кодта лӕггад. 8Филистимӕгты дӕр ныддӕрӕн кодта, фӕсырдта сӕ Газӕйы онг. Гӕныстон сын фестын кодта сӕ бӕстӕ, хъахъхъӕнӕн мӕсгуытӕй райдай ӕмӕ фидар сахарты онг. 9Езекиайы паддзахиуӕджы цыппӕрӕм аз кӕнӕ израилаг паддзах Осиайы, Елайы фырты, паддзахиуӕджы ӕвдӕм аз Ассирийы паддзах Салманесер ӕрбабырста Самаримӕ, сахарыл ӕрхъула кодта 10ӕмӕ йӕ бацахста ӕртӕ азы фӕстӕ, ома Езекиайы паддзахиуӕджы ӕхсӕзӕм аз кӕнӕ Израилы паддзах Осиайы хицауиуӕджы фарӕстӕм аз. 11Израилы адӕмы атардта Ассиримӕ ӕмӕ сӕ уым ӕрцӕрын кодта Халахы зӕххыл, Гозаны зӕххыл Хаворы доны былгӕрӕтты, стӕй Мидийы сахарты. 12Ацы бӕллӕхтӕ сыл уый тыххӕй ӕрцыдысты, ӕмӕ нӕ хъуыстой Дунедарӕгмӕ, сӕ Хуыцаумӕ. Семӕ цы фидыд сарӕзта, уый фехӕлдтой. Дунедарӕджы цагъар Моисей сын кӕддӕр цы ныффӕдзӕхста, уыдон не’ххӕст кодтой. 13Езекиайы паддзахиуӕджы цыппӕрдӕсӕм аз Ассирийы паддзах Санхериб ӕрбабырста Иудейы фидар сахартӕм ӕмӕ сӕ бацахста. 14Иудейаг паддзах Езекиа Ассирийы паддзахмӕ, Лахишы сахармӕ, арвыста минӕвӕрттӕ ахӕм уацимӕ: «Азымджын дӕн дӕ разы. Мемӕ мауал хӕц ӕмӕ, цы зӕгъай, уый дын бафиддзынӕн». Ӕмӕ Ассирийы паддзах Езекиайӕ бацагуырдта ӕвзисты ӕртӕсӕдӕ таланты ӕмӕ сыгъзӕрины дӕс ӕмӕ ссӕдз таланты. 15Езекиа йын бафыста, Дунедарӕджы Кувӕндоны ӕмӕ паддзахы галуаны хӕзнадӕтты ӕвзистӕй цыдӕриддӕр уыди, уый. 16Кувӕндоны кулдуар ӕд цӕджындзтӕ цы сыгъзӕринӕй астӕрд уыдысты, уый дӕр Езекиа рафтауын кодта ӕмӕ йӕ радта Ассирийы паддзахӕн. 17Уӕддӕр Ассирийы паддзах Лахишӕй Езекиамӕ стыр ӕфсадимӕ арвыста йӕ барджынты: йе’фсады хицауы, йӕ галуаны уагдары ӕмӕ йӕ хистӕр дзагдары. Уыдон Йерусалиммӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд ӕрлӕууыдысты, Чъырӕйцӕгъдӕджы быдырмӕ фӕндагыл уӕллаг цадӕй донвӕд кӕм рацӕуы, уыцы ран. 18Паддзахмӕ фӕдзурын кодтой, фӕлӕ сӕм йӕ бӕсты рацыдысты йӕ галуаны уагдар Елиаким, Хилкиайы фырт, нымӕрдар Шевна ӕмӕ фидиуӕг Йоах, Асафы фырт. 19Ассирийы паддзахы галуаны уагдар сын загъта: «Уӕ паддзах Езекиайӕн фехъусын кӕнут Ассирийы стыр паддзахы ныхӕстӕ: „Ахӕм ныфс дӕм кӕцӕй ис? 20Афтӕ дӕм кӕсы, ӕмӕ мӕ тохвӕлтӕрд ӕмӕ хъомысджын ӕфсады ныхмӕ дӕ афтид ныхӕсты фӕрцы исты сарӕхсдзынӕ? Кӕмӕй дӕ ис ахӕм ныфс, ӕмӕ мӕ ныхмӕ фӕуай? 21Дӕ зӕрдӕ Мысырыл дарыс, хъӕзы цъӕл зӕнгыл, йӕ къухӕй йыл чи ӕрӕнцой кӕна, уымӕн йӕ къухы чи сныхсдзӕн, ууыл. Ахӕм у фараон, Мысыры паддзах, ныфсджын дзы чидӕриддӕр у, уыдонӕн. 22Намӕ мын афтӕ куы зӕгъай, нӕ Дунедарӕг Хуыцауӕй ныфсджын стӕм, уӕд Уый дӕр Чи у? Ды, Езекиа, Кӕй кувӕн къуыбыртӕ ӕмӕ нывондхӕссӕнтӕ аивтай, Уый? Иудей ӕмӕ Йерусалимы адӕмӕн цӕй тыххӕй бафӕдзӕхстай, ӕрмӕстдӕр Йерусалимы цы нывондхӕссӕн ис, ууыл хӕссут нывӕндтӕ, зӕгъгӕ?“ 23Гъемӕ уӕдӕ ме’лдаримӕ, Ассирийы паддзахимӕ, бафидау, ӕмӕ дын уый ратдзӕни дыууӕ мин бӕхы, кӕд сын барджытӕ ссардзынӕ, уӕд. 24Уый зон, ӕмӕ ме’лдары ӕфсады хицӕуттӕн сӕ лӕмӕгъдӕрыл дӕр нӕ фӕуӕлахиз уыдзынӕ, Мысыры бӕхӕфсад куы ӕрбакӕнай, уӕд дӕр. 25Афтӕ ӕнхъӕл дӕ, ӕмӕ Дунедарӕджы ӕвастӕй ӕрбабырстон уӕ зӕхмӕ, ныддӕрӕн ӕй кӕнынмӕ? Дунедарӕг мын загъта, цӕугӕ уыцы зӕхмӕ ӕмӕ йӕ ныддӕрӕн кӕн, зӕгъгӕ». 26Хилкиайы фырт Елиаким, Шевна ӕмӕ Йоах бахатыдысты Ассирийы паддзахы дзагдармӕ: «Мах зонӕм арамейӕгты’взаг, ӕмӕ уыцы’взагыл дзур Дӕ цагъартимӕ, дзуттаг ӕвзагыл нӕ, фӕлӕ, цӕмӕй нӕм сахары сисӕй адӕм ма хъусой». 27Паддзахы дзагдар загъта: «Афтӕ ӕнхъӕл дӕ, ӕмӕ мӕ ме’лдар ӕрмӕст де’лдармӕ ӕмӕ дӕумӕ рарвыста? Уалӕ сисыл чи бады, уыцы адӕммӕ дӕр мӕ рарвыста, уымӕн ӕмӕ рӕхджы иумӕ хӕрдзыстут уӕ фаджыс ӕмӕ нуаздзыстут уӕ доныхуыпп». 28Стӕй паддзахы дзагдар дзуттагау хъӕрӕй загъта: «Ӕрбайхъусут Ассирийы цытджын паддзахы ныхасмӕ! 29Афтӕ зӕгъы паддзах: Езекиа уӕ ма фӕрӕдийын кӕнӕд! Сымах фервӕзын кӕныны хъомыс ӕм нӕй. 30Дунедарӕгӕй дӕр уын зӕрдӕ ма ӕвӕрӕд, ма дзурӕд, фервӕзын нӕ кӕндзӕн ӕмӕ ацы сахар Ассирийы паддзахы къухтӕм лӕвӕрд не’рцӕудзӕн, зӕгъгӕ. 31Ма хъусут Езекиамӕ, уымӕн ӕмӕ Ассирийы паддзах зӕгъы, мемӕ бафидаут ӕмӕ уӕхи раттут мӕ къухмӕ, ӕмӕ уӕ алчидӕр хӕра йӕ сӕнӕфсир ӕмӕ йӕ легъуитӕй, нуаза йӕ цъайы донӕй, 32цалынмӕ уӕм ӕрбацӕуон ӕмӕ уӕ акӕнон уӕ зӕххы халдих зӕхмӕ, дзул ӕмӕ сӕн, дыргътӕ ӕмӕ сӕндӕттӕ, оливӕ бӕлӕстӕ ӕмӕ мыд кӕм ис, уыцы зӕхмӕ. Ӕмӕ уӕд сӕрӕгасӕй баззайдзыстут, нӕ амӕлдзыстут. Ма хъусут Езекиамӕ: Дунедарӕг уӕ фервӕзын кӕндзӕн, зӕгъгӕ уын кӕй зӕгъы, уымӕй уӕ сайгӕ кӕны. 33Адӕмты хуыцӕуттӕй кӕд кӕмӕн бантыст йӕ адӕмы Ассирийы паддзахы азарӕй бахизын? 34Кӕм сты Хамат ӕмӕ Арпады хуыцӕуттӕ? Цы фесты Сефарваимы, Хен ӕмӕ Иввӕйы хуыцӕуттӕ? Самарийы мӕ къухӕй бахызтой, мыййаг? 35Ацы бӕстӕты ӕппӕт хуыцӕуттӕй кӕмӕн бантыст йӕ бӕстӕ мӕ фыдӕхӕй фервӕзын кӕнын? Уыдонау Дунедарӕг дӕр куыд хъуамӕ бахиза мӕ азарӕй Йерусалимы сахар?» 36Адӕм ӕм иууылдӕр хъуыстой ӕдзӕмӕй, иу ныхас дӕр не схауди сӕ дзыхӕй, уымӕн ӕмӕ сын паддзах Езекиа бафӕдзӕхста, мацы-иу ӕм сдзурут, зӕгъгӕ. 37Паддзах Езекиамӕ бызгъуыртӕ дарӕсы ӕрбаздӕхтысты Хилкиайы фырт Елиаким — паддзахы галуаны уагдар, Шевна — нымӕрдар, Асафы фырт Йоах — фидиуӕг ӕмӕ йын Ассирийы паддзахы хистӕр дзагдары ныхӕстӕ рафӕзмыдтой.
Copyright information for
OssIBT2022