2 Kings 19
1Езекиа уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта, йӕ уӕлӕ сӕхъис скодта ӕмӕ Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ ацыди. 2Йӕ галуаны уагдар Елиаким, нымӕрдар Шевна ӕмӕ хистӕр сауджынты, сӕ уӕлӕ сӕхъистӕ, афтӕмӕй арвыста пехуымпар Исайамӕ, Амоцы фыртмӕ. 3Уыдон ын загътой: «Езекиа афтӕ зӕгъы: абон у фыдбылыз, ӕфхӕрд ӕмӕ худинаджы бон. Арын афон ралӕууыд, фӕлӕ ныййарынӕн хъару нӕй! 4Чи зоны, ӕмӕ Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Ассирийы паддзах нӕм цардӕгас Хуыцауы фауынмӕ кӕй ӕрбарвыста, уыцы сӕйраг дзагдары ныхӕстӕ фехъуса ӕмӕ йӕ Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, уыцы ныхӕсты тыххӕй бафхӕра. Уӕдӕ скув, удӕгасӕй ма чи баззади, уыдоны тыххӕй». 5Паддзах Езекиайы дӕлдӕртӕ Исайамӕ ӕрбацыдысты. 6Исайа сын загъта: «Уӕ хицауӕн зӕгъут: Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Ассирийы паддзахы дӕлдӕртӕ Мӕ цы ныхӕстӕй фаудтой, уыдонӕй ма тӕрс. 7Ӕз дзы ахӕм мон бауадздзынӕн, ӕмӕ, куыддӕр уац фехъуса, афтӕ фӕстӕмӕ аздӕхдзӕни йӕ бӕстӕм, ӕмӕ йӕ Ӕз йӕхи зӕххыл карды амӕттаг бакӕндзынӕн». 8Ассирийы паддзахы дзагдар аздӕхт ӕмӕ йӕм фӕндагыл фӕхабар чындӕуыд, Санхериб Лахишы сахар ныууагъта, зӕгъгӕ. Йӕ паддзахы баййӕфта, Ливнӕйы сахарыл куы ӕрхъула кодта, уӕд. 9Санхерибӕн фехъусын кодтой, Эфиопийы паддзах Тирхака дӕ ныхмӕ рацыди, зӕгъгӕ. Ӕмӕ иудейаг паддзах Езекиамӕ ногӕй арвыста йӕ минӕвӕртты: 10«Иудейы паддзах Езекиайӕн фехъусын кӕнут: „Дӕ зӕрдӕ Кӕуыл дарыс, уыцы Хуыцау дӕ ма асайӕд, Йерусалим Ассирийы паддзахы къухтӕм нӕ бахаудзӕн, зӕгъгӕ дын кӕй зӕгъы, уымӕй. 11Ды куы зоныс, Ассирийы паддзӕхтӕ ӕппӕт бӕстӕтӕн цытӕ бакодтой ӕмӕ сӕ куыд бабын кодтой, уыдӕттӕ. Ау, уӕд ды фервӕздзынӕ? 12Ау, иннӕ адӕмты сӕ хуыцӕуттӕ фервӕзын кодтой? Мӕ фыдӕлтӕ ныццагътой Гозан, Харан ӕмӕ Рецефы цӕрӕг адӕмты, стӕй Едены цӕрджыты, Телассары чи цардис, уыдоны. 13Кӕм сты ныр Хамат ӕмӕ Арпады паддзӕхтӕ? Цы фесты Сефарваим, Хена ӕмӕ Иввайы паддзӕхтӕ?“» 14Езекиа минӕвӕртты къухӕй фыстӕг райста ӕмӕ йӕ бакасти. Уый фӕстӕ Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ бацыд ӕмӕ фыстӕг Дунедарӕджы раз райхӕлдта. 15Езекиа Дунедарӕгмӕ скуывта: «О Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, херувимтыл Ӕнцайӕг! Ды — дунейы ӕппӕт паддзахӕдты иунӕг Хуыцау! Ды сфӕлдыстай арв ӕмӕ зӕхх. 16О Дунедарӕг, Дӕ хъус нӕм ӕрдар ӕмӕ нӕ фехъус! Байгом кӕн Дӕ цӕстытӕ, ӕркӕс нӕм! Цардӕгас Хуыцауы фауынмӕ йӕ минӕвӕртты чи ӕрбарвыста, уыцы Санхерибы ныхӕстӕ фехъус. 17Ӕцӕгдӕр, Дунедарӕг, Ассирийы паддзӕхтӕ ныггӕныстон кодтой ӕппӕт адӕмты ӕмӕ бӕстӕтӕ, 18басыгътой сын сӕ хуыцӕутты. Фӕлӕ уыдон уыдысты хуыцӕуттӕ нӕ, фӕлӕ адӕймаджы къухӕй конд хъӕдтӕ ӕмӕ дуртӕ, ӕмӕ сӕ уымӕн бабын кодтой. 19О Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, фервӕзын нӕ кӕн знагӕй! Уадз ӕмӕ ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕ дӕр базоной, Ды, Дунедарӕг, иунӕг Хуыцау кӕй дӕ, уый». 20Амоцы фырт Исайа арвыста Езекиамӕ, цӕмӕй йын фехъусын кӕной: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау: ды мӕм ӕххуысагур скуывтай, Ассирийы паддзах Санхерибӕй хъастгӕнгӕйӕ, ӕмӕ дӕ Ӕз фехъуыстон». 21Мӕнӕ цы зӕгъы Дунедарӕг уый тыххӕй: «Ӕлгъ дыл кӕны, худы дыл Сионы чызг. Йӕ сӕр банкъусы Йерусалимы чызг, дӕ фӕдыл кӕсгӕйӕ. 22Кӕй фауыс ды, фидистӕ кӕмӕн кӕныс? Кӕуыл хъӕр кӕныс, кӕмӕ кӕсыс сӕрбӕрзондӕй? Израилы Уаз Хуыцаумӕ! 23Дӕ минӕвӕртты дзыхӕй Дунедарӕджы фауыс. Ды зӕгъыс: „Ӕфсӕнуӕрдӕттӕ мӕм бирӕ ис, ӕз уыдонимӕ схызтӕн хӕхты бӕрзӕндтӕм, Ливаны рӕгътӕм. Ныццагътон ын йӕ бӕрзонд кедртӕ, йӕ хуыздӕр кипаристӕ. Йӕ бӕрзонддӕр хохмӕ йын схызтӕн, йӕ хуыздӕр хъӕдтӕм ын бацыдтӕн. 24Ӕцӕгӕлон бӕстӕты-иу ӕз скъахтон цъайтӕ, сӕ донӕй-иу сын банызтон. Мысыры дӕттӕ байсыстысты мӕ къӕхты бын“. 25Ау, дӕ хъустыл никуы ӕрцыд, Ӕз уыдӕттӕ раджы кӕй снысан кодтон, уый? Рагзаманы цы сфӕнд кодтон, уый ныр сӕххӕст кодтон: фидаргонд сахартӕ дурты кӕритӕ фестадысты. 26Сӕ цӕрджытӕм хъару нал ис, стыр тас сыл бахӕцыд, фӕхудинаг сты. Уыдон систы быдыры кӕрдӕгау, уыгӕрдӕны цъӕх талатау, уӕлхӕдзарыл цы пыхс фӕзыны, уыйау, — куыддӕр схӕцынц, афтӕ бахус вӕййынц. 27Ӕз дын зонын дӕ алы къахдзӕф дӕр — де’рбадт, дӕ рацыд ӕмӕ де’рбацыд, зонын ӕй, Мӕ ныхмӕ кӕй сыстадтӕ, уый. 28Мӕ ныхмӕ кӕй рацыдтӕ, стӕй Мӕм де’нӕнымӕц ӕфсӕдты уынӕр кӕй сыхъуыст, уый тыххӕй дын Ӕз дӕ фындзыл бакӕндзынӕн цӕг, дӕ дзыхы та — уидоны къӕбӕлтӕ ӕмӕ, кӕуылты ӕрбацыдтӕ, ууылты дӕ фӕстӕмӕ аздахдзынӕн. 29Дӕуӕн та, Езекиа, дӕттын нысан: ацы аз хӕрут, хауӕггаг нӕмыгӕй цы хор ӕрзад, уый, иннӕ аз — йӕхигъӕдӕй цы хор ӕрзайа, уый, ӕртыккаг аз та-иу байтаут ӕмӕ бафснайут уӕ хортӕ, ныссадзут сӕнӕфсиртӕ ӕмӕ сын хӕрут сӕ дыргътӕ. 30Иудӕйы байзӕддӕгтӕй чи фервӕза, уыдон арф уидӕгтӕ ауадздзысты ӕмӕ тыллӕг ратдзысты. 31Уыцы байзӕддӕгтӕ рацӕудзысты Йерусалимӕй, Сионы хохӕй. Уыцы хъуыддаг ӕрцӕудзӕн, Уӕларвӕфсады Бардарӕг уыл ӕнувыд кӕй у, уый фӕрцы. 32Уымӕ гӕсгӕ дын Дунедарӕг Ассирийы паддзахы тыххӕй афтӕ зӕгъы: уый ацы сахармӕ нӕ бацӕудзӕн, иу фат дӕр ыл не суадздзӕн, нӕ йӕм ӕрбаввахс уыдзӕн уартимӕ, йӕ ныхмӕ хӕцынмӕ сыджытбыру нӕ самайдзӕн. 33Ардӕм кӕуылты ӕрбацыд, ууылты аздӕхдзӕни фӕстӕмӕ. Нӕ йын бантысдзӕн ацы сахармӕ ӕрбабырсын, — зӕгъы Дунедарӕг. 34— Ӕз бахъахъхъӕндзынӕн ацы сахар, фервӕзын ӕй кӕндзынӕн Мӕхи ӕмӕ Мӕ цагъар Давиды сӕраппонд». 35Тӕккӕ уыцы ӕхсӕв фӕзынди Дунедарӕджы зӕд ӕмӕ ассириӕгты рӕсӕнуаты ныццагъта сӕдӕ ӕстай фондз мин хӕстоны. Сбон ис, ӕмӕ мӕнӕ алырдыгӕй — мӕрдтӕ. 36Ӕмӕ уӕд Ассирийы паддзах Санхериб фӕстӕмӕ аздӕхт ӕмӕ баззади Ниневийы. 37Иуахӕмы йӕ хуыцау Нисрохы кувӕндоны куы куывта, уӕд ӕй йӕ фырттӕ Адрамелех ӕмӕ Сарецер кардӕй амардтой ӕмӕ Арараты бӕстӕм алыгъдысты. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Есар-Хаддон.
Copyright information for
OssIBT2022